29 ноябры информацион агентад «Спутник-Хуссар Ирыстон»-ы пресс-центры нæ республикæйы Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты сæрдар Хъотайты Марияйæн уыдис радон брифинг къуырийы æрцæугæ цауты фæдыл.

Брифингы райдианы уый журналистты зæрдыл æрлæууын кодта нæ республикæйы кусæгон балцы кæй сты Уæрæсейы Федерацийы Нымайæн палатæйы минæвæрттæ, кæцытæ Цхинвалмæ æрцыдысты, 2019 азы Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн Уæрæсе цы æхцайы фæрæзтæ рахицæн кодта, уыдонæй нысанмæздæхтæй куыд пайда цæуы, уый бабæрæг кæныны тыххæй. «Уæрæсейы Федерацийы Нымайæн палатæйы минæвæрттæ Хуссар Ирыстоны сæ коллегæтимæ иумæ ноябры мæйы фæстаг дыууæ къуырийы уагътой сгарæн мадзæлттæ. Уæрæсейаг специалисттæ бæрæг кодтой проектон-сметæйон, хыгъдон, финансон документацитæ, æмæ ма иумиагæй Хуссар Ирыстон цы финансон æххуыс райсы, уыдон куыд хардз цæуынц, уый. Нымайæн палатæйы куысты фæстиуджыты тыххæй, æвæццæгæн, информаци райсдзыстæм декабры æмбисы», – банысан кодта Хъотайты чызг.

Ацы къуыри ма кусæгон балцы нæ республикæмæ фæуазæг ис Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл, Уæрæсейы Федерацийы министры хæдивæг Игорь Кошин, кæцы фембæлдис нæ бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатолиимæ. «Президент Бибылты Анатолиимæ фембæлды рæстæджы Игорь Кошин банысан кодта, Хуссар Ирыстоны арæзтцæуæг объекттæн проектон-сметæйон документаци фыццаг хатт арæзт кæй æрцыдис раст æмæ рæстæгыл, æмæ уый та æвæрццагæй бандæвта арæзтады темптыл. Республикæйы сæргълæууæгимæ фембæлды рæстæджы нысан æрцыд, ног Гуырæн хæдзар ифтонг кæй æрцыд бæрзондтехнологион ифтонггæрзтæй æмæ Цæгат Кавказы дыккаг ахæм кæй нæй. Арæзтады министрады сæргълæууæгмæ бахатыдысты, цæмæй лæмбынæг хъусдард аздаха æрбалæугæ азы программæ проект кæнынмæ. Уымæй дарддæр ма æввахсдæр азты план цæуы куыстмыздтæ Хуссар Ирыстоны фæфылдæр кæнын. Ахæм социалон бонустæ, уæрæсейаг коллегæты ныхæстæм гæсгæ, гæнæнуæвæн систы Бибылты Анатоли æмæ Владимир Путины конструктивон фембæлдтыты руаджы», – загъта Информаци æмæ мыхуыры  паддзахадон комитеты сæрдар.

Уый ма брифингы рæгъмæ рахаста, ацы аз ноябры мæйы 35 азы кæй сæххæст Транскамы фæндаджы байгомыл. «Ручъы тъунел нымад цыдис иууыл даргъдæрыл Советон Цæдисы рæстæджы. Фæлæ зымæгон бонты у тæссаг, уымæн æмæ дзы æрцæуы тынг бирæ зæйтæ. Уымæ гæсгæ фæндагмæ æдзух сæ хъус дарынц Уæлвæткон уавæрты фæдыл министрады кусджытæ. Ирвæзынгæнæн куыстытæ кæцы службæ æххæст кæны, уыдон сты æдæппæт 30 адæймаджы. Уыдон æрвылаз дæр рацæуынц аттестаци сæ квалификаци фæбæрзонддæр кæныны фæдыл», – банысан кодта Хъотайты Мария.

Ацы къуыри ма нæ республикæйы РХИ-йы Культурæйы министрады цур Адæмон сфæлдыстады республикон центры хъæппæрисæй рæзгæ фæлтæры монон-хæрзæгъдауон хъомылады программæйы фæлгæтты уагъд æрцыд 3-æм республикон фестиваль-конкурс «Æгас дуне – театр». Уымæн йæ сæйраг нысан у, цæмæй хæдархайгæ театралон аивад рæза æмæ дзы курдиатджын сывæллæтты рабæрæг кæной. «Культурон царды ацы фестиваль ауадзыны хъуыддаг уыдис ахсджиаг, уымæн æмæ уыдис рæзгæ фæлтæры курдиæттæ ра-бæрæг кæныны нысанæн. Фестиваль «Æгас дуне – театр»-ы хайад райстой районты æмæ хъæуты хæдархайгæ театралон кружоктæ. Ам скъоладзау фæсивæд дыууæ боны дæргъы сценæйыл æвдыстой сæ арæхстдзинад. Аргъ та сын кодтой компетентон жюри æмæ сбæрæг сты, цы номинацитæ дзы уыдис, уыдон уæлахиздзаутæ. Хæдархайгæ театралон коллективтæ иууылдæр хорзæхджын æрцыдысты Кады грамотæтæ, дипломтæ æмæ зæрдылдарæн призтæй», – банысан кодта Хъотайты Мария.

Уый ма æрдзырдта нæ республикæйы Экономикон рæзты министрад Хицауады рабадты кæй сфидар кодта удгоймагмæ ракæнгæйæ фæцæрыны иууыл къаддæр хæрдзтæ ацы азы æртыккаг кварталæн. «Экономикон рæзты министр Бекъойты Геннади куыд банысан кодта, афтæмæй азы æртыккаг кварталы, удгоймагмæ ракæнгæйæ, фæцæрыны иууыл къаддæр хæрдзтæ уыдысты 10 740 сомы, уыцы нымæцы цæрджыты социалон-демографион къордтæ дæр. Бекъойты Геннадийы ныхæстæм гæсгæ ацы азы дыккаг кварталимæ абаргæйæ, фæцæрыны иууыл къаддæр хæрдзтæ фæкъаддæр сты 468 сомы, куыстхъом цæрджытæн – 642 сомы, пенсиисджытæн – 326 сомы. Уый та баст у хæлцадон товарты астæуккаг æргътæ кæй фæкъаддæр сты, уыимæ», – зæгъы Хъотайты чызг.

Æрвылкъуырион афæлгæсты ма Информаци æмæ мыхуыры комитеты сæрдар цыбыртæй æрдзырдта ног куыстуат «Ирон сæн»-ы æнтыстытыл. Йæ къухдариуæггæнджытæ куыд ныфс æвæрынц, афтæмæй æввахс рæстæджы фиддонтæ фидын райдайдзысты паддзахадон бюджетмæ. Ныридæгæн куыстуат йæ къахыл слæууыд, бамбæрзта йæ хæрдзтæ. Хуссарирыстойнаг сæны райдыдтой ласын Уæрæсемæ æмæ йæ æхсызгонæй фæрсынц. Ныридæгæн уымæн балхæнæн ис Уæрæсейы регионтæн сæ фылдæры. Йæ къухдариуæггæнджытæ куыд дзурынц, афтæмæй сæ сæны æхсызгонæй уымæн агурынц æмæ кæй у натуралон. Ацы аз уыдон расидтысты тыллæг æмбырд кæныны бæрæгбон, æлхæдтой сæнæфсир бынæттон цæрджытæй æмæ афтæмæй бакуыстой 70 тоннæйы сæнæфсир. Æрмæст ацы мæй уыдон рауагътой 135 мин авджы сæн. Уæрæсейаг базарæй дарддæр ма 1200 авджы сæн арвыстой Абхазмæ дæр. Кондад дарддæр райтынг кæныны нысанæн Цхинвалы районы Присы хъæуы ныккалдтой ног сæндон. Уымæй дарддæр ма бынæттон фермертæй дæр æлхæндзысты сæнæфсир. Куыстуат уадзы ахæм сæнтæ, куыд «Арвы дуар», «Цхинвальская долина», «Старый Цхинвал», «Аланский резерв». Уый у вазыгджын проект, фæлæ ныртæккæ фидарæй зæгъæн ис, нæхи экономикæ фи-дар къахдзæфтæ аразын кæй райдыдта.

Хъотайты Мария ма дарддæр æрдзырдта спорты къабазы тыххæй дæр. Куыд загъта, афтæмæй ам дæр ис серьезон æнтыстытæ. Аивадон гимнастикæйæ Кокойты Дианæ хорз æнтыст равдыста Цæгат Ирыстоны аивадон гимнастикæйæ турниры æмæ бахауд Цæгат Ирыстоны æмбырдгонд командæмæ. Ныртæккæ Дианæ йæ тренер Цхуырбаты Земæимæ кусынц ног вазыгджын программæйыл, цæмæй бахауа Уæрæсейы фыццаг бынат бацахсыны фæдыл ерыстæм.

«Уымæй дарддæр ма нæ каратисттæ Лолоты Артур æмæ Дудайты Доннæ каратэйæ дунеон чемпионаты систы уæлахиздзаутæ. Уый уыдис Хуссар Ирыстоны историйы фыццаг ахæм цау, спорты ацы хуызæй ахæм бæрзæндтæм куы схызтысты нæ спортсментæ», – райгондæй банысан кодта Хъотайты Мария.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.