НЫХАС КОДТОЙ ТЕЛЕФОНЫ

УФ-йы Президент Владимир Путин æмæ Израилы премьер-министр Биньямин Нетаньяху ныхас кодтой телефоны. Уыдон æруынаффæ кодтой радон фембæлд ауадзыны тыххæй æмæ æфсæддон хаххы фæдыл уæрæсейаг-израилаг æмархайд баххæст кæныны тыххæй. Израилаг премьер-министр Владимир Путинæн фехъусын кодта Ливаны арæныл операцийы тыххæй, цыран Израилы æфсад декабры райдайæнæй фæстæмæ агурынц æмæ куынæг кæнынц ливайнаг змæлд «Хезболла»-йы трансарæнгæрон тунелтæ. Уæрæсейаг лидер Нетаньяхуйы зæрдыл æрлæууын кодта ацы районы стабилондзинад сифтонг кæныны ахсджиагдзинад.

ПРОВОКАЦИЙЫ НЫСАН УЫД ХЪЫРЫМЫ ХИД

25 ноябры Сау денджызы уæрæсейаг арæнхъахъхъæнджытæ кæй баурæдтой, украинæйаг уыцы æфсæддон наутæ фехæлдтой Керчы донкъубалыл цæуыны домæнтæ, кæцытæ архайныц  фæстаг 20 азы дæргъы, – фехъусын кодта брифинджы рæстæджы УФ-йы Æдасдзинады федералон службæйы арæнгæрон хъахъхъæныны служæбæйы департаменты къухдариуггæнæджы фыццаг хæдивæг Алексей Вольский. Йæ ныхæстæм гæсгæ, украинæйаг денджызонтæ райдианы нæ фæнд кодтой Керчы донкъубалыл ахизын, æмæ заявкæ дæр нæ балæвæрдтой. Керчы донкъубалыл æрвылбон дæр ахизы 80-150 науы. Вольский радзырдта, зæгъгæ, уыцы бонты райстæуыд информаци провокацон акци цæттæ кæныны тыххæй, уыцы нымæцы Хъырымы хидмæ ахасты дæр.

НОГÆЙ ТА ПРОТЕСТОН АКЦИТÆ

«Бур жилетты» радон протестон акци сфæлхатт кодта иу къуырийы размæйы антирекорд, уæд афтæ зынд цыма Парижы мидæггагон хæст райдыдта: баррикадæтæ, фæздæг, жандармтæ, пырхгонд Триумфалон аркæ. 8-æм декабры  дзыллон протесты рæстæджы æрмæст Парижы урæд æрцыдысты 1700 адæймаджы. Уыцы иурæстæджы змæстытæ цыдысты Тулузы, Марселы æмæ Нантсейы. Бордойы та бынтон сарæх сты давыны цаутæ. Изæрырдæм протестгæнджытæ райдыдтой магазинты витринтæ пырх кæнын æмæ товар давын. Æдæппæтæй фæстаг протсетон акцийы хайад райстой 125 мин адæймагæй фылдæр.

ТРАМП ФРАНЦЫ ПРОТЕСТТЫ ТЫХХÆЙ

АИШ-ы президент Дональд Трамп банысан кодта, зæгъгæ, Францы «бур жилетты» протестты аххосаг у климаты фæдыл парижаг сразыдзинад. Адæм нæ фæнд кæнынц æхцатæ фидын æртыккаг дунейы бæстæтæн. Æмæ уый тыххæй уыдон рахызтысты уынгтæм ахæм лозунгтимæ, зæгъгæ, «Мах хъæуы Трамп», – загъта америкæйаг президент. Уый размæ Трампы администраци фехъусын кодта парижаг сразыдзинадæй рахизыны тыххæй, зæгъгæ, уый зиан æрхаста сæудæджерады рæзтæн.

ЙÆХИ МА ХÆЦЦÆ КÆНÆТ ФРАНЦЫ МИДÆГГАГОН ХЪУЫДДÆГТЫ

Францы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Жан-Ив Ле Дриан фехъусын кодта, зæгъгæ, Вашингтоны нæ хъæуы Францы мидæггагон хъуыддæгты йæхи хæццæ кæнын. «Мах нæхи нæ хæццæ кæнæм АИШ-ы мидæггагон хъуыддæгты æмæ нæ фæнды, цæмæй АИШ дæр ма хæццæ кæной сæхи нæ хъуыддæгты», – банысан кодта уый. Министр ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, уый æмæ Францы президент сидынц Трампмæ, цæмæй «французаг адæмы ныууадзой сæхи адыл».

«МАХ НÆ ФÆНД КÆНÆМ АИШ-Ы НАЛАТДЗИНАД БЫХСЫН»

Ираны столицæ Тегераны уагъд æрцыд терроризмы ныхмæ тох кæныны фæдыл дунеон конференци. Уæрæсейаг делегацийы сæргъ лæууыд УФ-йы Паддзахадон Думæйы Сæрдар Вячеслав Володин. Конференци ныр уагъд цæуы дыккаг хатт æмæ дзы хайад райстой Афганистан, Китай, Иран, Пакистан, Уæрæсе æмæ Турк. Конференцийы иууыл фылдæр æфхæрдтой Иугонд Штатты, зæгъгæ, ныхæстæй америкæйгæтæ тох кæнынц терроризмы ныхмæ, фæлæ дзы æцæгæй та пайда кæнынц æндæр бæстæты политикæйыл бандавынмæ. Растдæр уымæ гæсгæ ацы бæстæтæ аскъуыддзаг кодтой сæ тыхтæ æрбаиу кæнын  сæ регионы терроризмы ныхмæ тох фæтыхджындæр кæныны тыххæй. «АИШ закъонон хицауадты ницæмæ даргæйæ æмæ сæ «антиэкстремистон стандартты» идеятæ фидар кæнгæйæ, халынц паддзахадон институттæ, цырын кæнынц экстремистон архайдтытæ æмæ сидынц «хуызджын революцитæм». Терроризм ноджы тыхджындæр кæны, æнæхъæн регионтæн зиан кæнгæйæ», – загъта Володин.

ÆВЗÆРСТЫТЫ ФÆСТИУДЖЫТÆ

Сомихстоны уагъд æцыдысты æнæрадон парламентон æвзæрстытæ. Бæстæйы  парламентмæ бахауыныл тох кодтой фараст парти æмæ дыууæ блокы. Уыдонæй иуы сæргълæууæг у Сомихстоны премьер-министры хæстæ æххæстгæнæг Никол Пашинян. Фæстаг бæрæггæнæнтæм гæсгæ, номхуындæй, йæ блок æмбырд кæны хъæлæсты фылдæр хай – 70% фылдæр. Парламентмæ бацæуыны тыххæй æнæмæнгхъæуæг у æвзарджыты хъæлæсты 5%, блоктæн та – 7%. Сомихстоны Парламент конд уыдзæн 105 депутатæй. Стабилон фылдæр хай саразынæн æнæмæнгхъæуæг у парламенты 54 бынат бацахсын.

НЕ СРАЗЫ МАРДЖЫТЫ РАДТЫНЫЛ

Саудоваг Аравийы фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад фехъусын кодта, зæгъгæ, уыдон нæ ратдзысты оппозицион журналист Джамаль Хашкаджийы марджыты æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, Эр-Рияд нæ фæнд кæны исты бамбæхсын. 5 декабры туркаг тæрхондон радта ордер Саудоваг Аравийы иумиаг развæдсгæрсты службæйы сæргълæууæджы хæдивæг инæлар Ахмед Асири æмæ принцы экс-уынаффæгæнæг Сауда аль-Кахтанийы бауромыны тыххæй, кæцытæм зæрдæ фехсайдта Хашкаджийы амарыны.

НЕ ‘РЦЫД САММИТМÆ

Катары эмир Тамим бен Хамад Аль Тани не ‘рцыд Эр-Риядмæ Персаг донбакæлæны арабаг бæстæты æмгуыстады советы саммитмæ. Уырдæм арвыста фæсарæйнаг хъуыддæгты фæдыл паддзахадон министры, фæлæ уый сæйраджыдæр æххæст кæны минварады функцитæ. Уый размæ Саудаг Аравийы король арвыста хонæн гæххæтт Катары эмирмæ регионалон организацийы 39-æм æрвылазон саммиты хайад райсыны тыххæй, дипломатон ахастыты фехæлдмæ нæ ксæгæйæ. Фæлæ йын Катары эмир не сдзупп кодта. Ивгъуыд аз Саудаг Арави, Иугонд Арабаг Эмираттæ æмæ Египет фехæлдтой дипломатон ахастытæ Катаримæ, терроризмы фарсхæцынæй йæ фæаххосджын кæнгæйæ. Дзуаппæн Катар фехъусын кодта, зæгъгæ, ацы архайдтытæ сты Катары æнтыстытæм кæй хæлæг кæнынц, уый нысан. Саммиты размæ Бахрейны фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Халед бен Ахмед Аль Халифа банысан кодта, зæгъгæ, Персаг донбакæлæны кризис нырма дард у йе ‘рбæстон кæнынæй. Персидаг донбакæлæны арабаг паддзахадты æмгуыстады советы цы бæстæтæ сты, уыдоны нæ фæнды, цæмæй Катары алыварс кризис æппæрццагæй бандава организацийы куыстыл, – фехъусын кодта конференцийы Саудоваг Аравийы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Адиль аль-Джубейр. Уый бафидар кодта, зæгъгæ, регионы бæстæты ‘хсæн цахæмфæнды конфликттæ дæр скъуыддзаг цæуынц регионалон организацийы.

ФÆМАРД СИРИЙАГ ÆФСÆДДОН СЛУЖБÆГÆНÆГ

Алеппойы боевиктæ кæй æхстой, уый фæстиуæгæн фæмард Сирийы гарзджын тыхты æфсæддон службæгæнæг. Сирийы знагиуæг фæрсты фидауынгæнæг уæрæсейаг центры къухдариуæггæнæг Сергей Соломатин куыд фехъусын кодта, уымæ гæсгæ боевиктæ æхстой Хама æмæ Латакийы цæрæн пункттæ.

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.