Нæ республикæйы, Знауыры районы уæвæг хосгæнæндон «Ныфс» йæ дуæрттæ байгом кодта улæфджытæн иу къуырийы размæ. Уырдæм афæндараст сты 20 адæймаджы. Сæ фылдæр ардæм æрвыст æрцыдысты Æнæниздзинад æмæ социалон рæзты министрады хаххыл. Профцæдисы æрдыгæй къаддæр сты, фæлæ уыдон бæрæг фæфылдæр уыдзысты дыккаг потокмæ.

Нæ республикæйы, Знауыры районы уæвæг хосгæнæндон «Ныфс» йæ дуæрттæ байгом кодта улæфджытæн иу къуырийы размæ. Уырдæм афæндараст сты 20 адæймаджы. Сæ фылдæр ардæм æрвыст æрцыдысты Æнæниздзинад æмæ социалон рæзты министрады хаххыл. Профцæдисы æрдыгæй къаддæр сты, фæлæ уыдон бæрæг фæфылдæр уыдзысты дыккаг потокмæ. Хосгæнæндоны сæргълæууæг Чилæхсаты Владимир куыд зæгъы, афтæмæй ацы аз хосгæнæндонмæ бацæуыны фæткмæ хаст æрцыд ивындзинæдтæ. Алы адæймагмæ  дæр хъуамæ уа ПЦР-ы фæстиуæджы тыххæй бæлвырдгæнæн гæххæтт. Æнæмæнг у социалон дистанци хъахъхъæнын æмæ маскæтæ дарын. «Ныфс»-ы директор куыд зæгъы, афтæмæй сæм цы 20 адæймаджы æрбацыд, уыдоны ‘хсæн иу разынд ПЦР-йы бæлвырдгæнæн кæмæ нæ уыд, фæлæ уый фæс-тæмæ æрвыст æрцыд æмæ ныр æрбаздæхт æххæст медицинон пакетимæ.

Хос кæныны уавæртæ дзы арæзт кæд къорд азты размæ æрцыд, уæддæр æм электрохахх уагъд кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ, куыд хосгæнæндоны кусджытæ, афтæ улæфджытæ дæр зындзинæдтæ æвзæрстой. Ацы фарст рагæй æвæрд цыдис æмбæлон органты раз, фæлæ йæм скъуыддзаг нæ цыд. Ивгъуыд аз Бибылты Анатоли бахæс кодта æмбæлон органтæн, цæмæй æрæвналой хосгæнæндонмæ электрохахх уа-дзынмæ. Уымæ гæсгæ паддзахадон унитарон куыстуат «Энергоресурс» фарон æрæвнæлдта ацы куыстытæ æххæст кæнынмæ. Уæд хосгæнæндонмæ электрохаххæн ауагътой йе ‘мбисы бæрц. Зымæджы бонты уыцы куыстытæ æрурæдтой æмæ та сæ ацы аз уалдзæджы адарддæр кодтой. «Энергоресурс» ныфс æвæрдта, æппæт куыстытæ дæр æххæст кæй æрцæудзысты радон курортон сезоны райдианмæ. Фæлæ чысыл фæкъуылымпы сты паддзахадон унитарон куыстуат «Арæзтадон æрмæджыты завод»-ы аххосæй. Уый энергетикты ифтонг кæны æфсæн-бетонон цæджындзтæй. «Энергоресурс»-ы кусджытæн ма æххуыс кæнынц Знауыры районы адми-нистрацийы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарадон управлени.

«Æнæ электроэнергийæ дæр æрвыл сезоны цæрджытæй йе ‘нæниздзинад фæ-хуыздæр кæнын кæй фæнды, уыдон æрбацæуынц махмæ, Цæгат Ирыстонæй дæр нæм æрцæуынц. Уымæн æмæ зонынц хосгæнæндоны хиæдтæ. Электроэнерги дзы кæй нæй, уый сыл æндавы мобилон бастдзинад æмæ сæм интернет кæй нæ уыд, æппынæдзух, æрмæстдæр уымæй. Æндæр «Ныфс»-æн йæ генератор никуы баулæфын кæнæм, æхсæв рухс никуы ахуыссы. Электроны рухс кæй нæм ацы бонты кæй фæзындзæн, уый нын бирæбæрцæй фæрог кæндзæнис нæ уавæр. «Мегафон Хуссар Ирыстон»-ы къухдариуæгад куыд зæгъы, афтæмæй нæм уадид æрбауадздзысты интернет», – зæгъы хосгæнæндон «Ныфс»-ы сæргълæууæг.

Уый ма куыд радзырдта, афтæмæй ацы бынатмæ хоскæнынмæ цыдысты йæ фыдæлтæ дæр. Фæлæ уæд ацы бынаты уыд æрмæстдæр иу мæнгагъуыст. Рацарæзты рæстæджы йæм йæ хъус ничиуал  æрдард-та æмæ æдзæллаг уагмæ æрхауд, нал дæр æм фæндаг уыд. Амалиуæггæнæг йæ саразын фæнд скодта 90-æм азты. Владимир уæд Мæскуыйы цард, фæлæ хæсты рæстæджы æрцыд æмæ-иу Знауыры районы лæппутимæ постыты лæууыд. Йе ‘нæниздзинад фæцудыдта уазæлтты. Уæд æрымысыд, Нагутнийы доны хосгæнæн миниуджыты тыххæй-иу цы дзырдтой хистæр фæлтæр, уыдон. Йе ‘мбæлттимæ ацы донæй ваннæтæ райста. Дон ын феххуыс æмæ сфæнд кодта ам хосгæ-нæндон саразын, йæ ном та йын схуыдта «Ныфс». Уæдæй  нырмæ ардæм цы адæм фæцыд, уыдон фæстæмæ аздæхынц райгондæй. Райгонд вæййынц, фыцца-джыдæр, Чилæхсаты лæппуйæн йæхицæй. Уый хорз рæхсы адæмы зæрдæтæм фæндаг агурынмæ. Йæ фæлмæн ахаст, йæ рæвдаугæ ныхасæй улæфджытæ райгонд вæййынц. Чилæхсаты Владимиры размæ дæр хосгæнæндон саразынмæ бирæтæ хъавыдысты, фæлæ уый никæй къухы бафтыд. Уымæн æмæ дзы хъуыд дзæвгар фыдæбон. Владимир та куыстæй нæ тæрсы, алы сезонмæ дæр хосгæнæндоны бацæттæ кæны улæфджыты райсынмæ. Фæндаг сцалцæг кæнынмæ та йæм фæкæсы  районы къухдариуæгад.

УАЗÆГТЫ Марфа

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.