Ныртæккæ нæ республикæйы территорийыл ис æхсæз куыстуаты, суаруадзæн куыст чи кæны: «Бæгъиат», «Аландон», «Санай», «Дзимыр», «Осетинская», «Едыс». Уыдон се ‘ппæт дæр пайда сты адæймаджы организмæн сæ диссаджы хосгæнæн æууæлты тыххæй.

«Бæгъиат»-ы суаруадзæн завод у паддзахадон куыстуат, иннæ суæртты уадзынц амалиуæггæнджытæ. Ацы суаруадзæн куыстуæттæ конд æрцыдысты инвестициты фæрцы æмæ инвестортæ куыд зæгъынц, афтæмæй сæ нысан у Уæрæсейы базарадмæ экспортæй æрвитын.

Уыдонæй сæ иу – «Аландон»-ы базæйыл 2020 азы конд æрцæудзæн хосгæнæндон, Згъуыбиры дон кæуылты цæуы, уымæ хæстæг.

  Амалиуæггæнæг Босыкты Владимир куыд зæгъы, афтæмæй уый Згъуыбиры донæй цалдæр азы размæ ахаста Пятигорскы курортологийы зонад-иртасæн институтмæ. Уыдон лæмбынæг сахуыр кодтой доны пайдайы  æууæлтæ æмæ æрцыдысты ахæм хатдзæгмæ: «Аландон» «Ессентуки», «Кисловодск» æмæ æндæр æнгæс дæттæй бирæ хатты хуыздæр у. Ацы дон цæуы Кавказы хохы рагъæй, Урстуалтæй æрхизы Згъуыбирмæ. Æндæр дон æм нæ хæццæ кæны. Специалисттæ куыд амонынц, афтæмæй ахъаз у артроз, диабет æмæ цармы низтæн. «Уымæ гæсгæ æз сфæнд кодтон ацы суадоны бындурыл хосгæнæндон саразын. Куыд зонæм, афтæмæй Советон дуджы дæр ацы донмæ хæстæг хъавыдысты егъау завод кæнынмæ, кæцы хъуамæ уыдаид Гуырдзыстоны къухдариуæгады бын. Фæлæ рацарæзты рæстæджы уымæ йæ хъус ничиуал æрдардта», – зæгъы Босыкты Владимир.

Амалиуæггæнæг куыд зæгъы, афтæмæй бæстыхай ныридæгæн цæттæ у. Куыстытæ фæуыдзысты азы кæронмæ æмæ хосгæнæндон йæ дуæрттæ байгом кæндзæн, кусдзæн сæрдæй-зымæгæй. Йæ лæггæдты æмвæзад уыдзæн цыппарстъалыйон уазæгдоны æмвæзадыл. Хосгæнæндон ифтонг уыдзæн, улæфæн зонæйы цы хиирхæфсæнтæ вæййы, æппæт уыдæттæй. Санатори арæзт кæм æрцыд, уый, амалиуæггæнæджы ныхæстæм гæсгæ, у денджызы æмвæзадæй 1551 м бæрзонддæр. Ам, Згъуыбиры, цы дыууæ суаруадзæны ис, уыдонæй сæ иуыл амалиуæггæнæг сарæзта завод æмæ ныр цалдæр аз «Аландон»-ы продукци 1,5 литруат пластикон мигæнæнты уæй цæуы куыд бынæттон магазинты, афтæ Цæгат-Ирыстон æмæ Уæрæсейы цалдæр горæты дæр.

Босыкты Владимир куыд зæгъы, афтæмæй йæ Згъуыбиры доны хосгæнæн æууæлтæ тынгдæр бауырныдтой, цалдæр адæймаджы йæм куы бахатыдысты, цæмæй сын бынатæй ласа суадоны дон, уæд. Уыдон Згъуыбиры донæйхос кодтой артрозæй низæфхæрд бынæттыл æмæ сын схос кодта ацы диссаджы суадон.

Хосгæнæндоны проект реализаци цæуы амалиуæггæнæгæн йæхи фæрæзтæ æмæ инвестициты фæрцы. Ам чи улæфа, уыдон хæрзиуæгæн арæзт æрцæудзæн алыгъуызон хиирхæфсæн æмæ спортивон бынæттæ. Амалиуæггæнæг хъавы улæфджыты хæрзиуæгæн ам фермерон хæдзарад  бакæнын дæр, цæмæй санаторийы улæфджытæ хæрой экологион æгъдауæй сыгъдæг продукттæ.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.