Дзауы районы администрацийы раз цы хæстæ лæууы, уыдон радыгай æххæст цæуынц, фæлæ къаддæр нæ кæнынц, ногæй фæзынынц æндæр цардуагон проблемæтæ. Уый у царды процесс æмæ йын æндæр гæнæн дæр нæй. Азы алы афоны дæр вæййы, администраци цæуыл батыхса, ахæм ахсджиаг аразинæгтæ.

Ныртæккæ Дзауы районы администраци цæуыл кусы æмæ ма сын аразинаг цы ис, уыдæтты тыххæй нын цыбыртæй радзырдта администрацийы сæргълæууæг Джиоты Андрей. Фыццаг рады нын уый радзырдта районы цæрæг æвæрæз сылгоймаджы уавæры тыххæй. Сылгоймагæн æрæджы басыгъд йæ хæдзар æмæ йын нæй, кæм цæра, уый æмæ уал рæстæгмæ цæры Дзауы поселочы рынчындоны бæстыхайы. «Ацы сылгоймагæн йæ хæдзар куы басыгъд, уæд ын районы цæрджытæй кæмæн йæ бон куыд уыдис, афтæ баххуыс кодтой æнæмæнгхъæуæг дзаумæттæй æмæ хæлцадон продукттæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, хæдзар басыгъд чысыл маст нæу. Æндæрæбон та мæм æрбацыдис йæ фарсты тыххæй. Ныртæккæ цæры рынчындоны æмæ йын хъуамæ ацы бонты вагон æрласæм Къуайсайæ. Вагæттæ уыдысты скъолайæн æмæ сты хорз уавæры. Йæхицæн Цхинвалы Сталины уынджы ис дыууæхатæнон фатер, фæлæ уый дæр у цалцæгкæнинаг. Куыд рабæрæг, афтæмæй хицауад бавнæлдта уыцы хæдзар аразынмæ æмæ æнæхæдзар ма хъуамæ баззайа.Сылгоймаг ацæргæ кæй у, уый тыххæй йæм хъæуы æмбæлон хъусдард здахын бинонты рдыгæй, кæсинаг у, фæлæ, хъыгагæн, абон йæ фарсмæ ничи ис æмæ уый та у худинаджы хъуыддаг. Рынчындоны ма рæстæгмæ цæры Хуымысæртаг дæр, кæцыйы йæ чызг йæ хæдзарæй ратардта æмæ йын нал ис цæрæнуат. Рынчындоны та уый бар нæй æмæ дзы ахæм категорийы адæймæгтæ цæрой. Фæлæ æндæр гæнæн нæй æмæ уал рæстæгмæ йæ уавæры бацыдыстæм. Хслебы хъæуы администрацийæн бахæс кодтон, цæмæй ацы лæджы проблемæ цыбыр рæстæгмæ скъуыд-дзаг æрцæуа, уымæн æмæ фыццаг хатт не ‘рцыд æрвыст йæ хæдзарæй», – зæгъы Джиоты Андрей.

Ахæм цардуагон фарстытæ вæййынц зын аскъуыддзаггæнæн, уымæн æмæ алкæцы бынæттон цæрæджы тыххæй дæр бæрндзинад хæссы районы администраци æмæ куыдфæндыйæ дæр хъуамæ баххуыс кæна æвæрæз адæймæгтæн, бацæуа сæ уавæры.

Джиоты Андрей ма радзырдта, æрæджы Цъоны хъæуы ногæй арæзт кæй æрцыдис хид, кæцы стыр ахъаз фæцис хъæуы цæрджытæн. «Цъоны хъæуы бахизæны цы зæронд нарæг хид уыдис, уымæ бавнæлдтам цалцæг кæнынмæ. Уый уыд рагон, советон дуджы арæзт æмæ æрцыдис æдзæллаг уавæрмæ.

Йæ цалцæг кæныны аккаг нал уыд, стæй ног хид саразын дæр æхцайы фæрæзтæй бирæ фылдæр нал лæууыд æмæ аскъуыддзаг кодтам ног хид саразын. Йæ арæзтадмæ йын æрæвнæлдтой районы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады кусджытæ октябры райдианы æмæ йæ ныр фесты. Уый хаст уыдис развæлгъау районы арæзтадон программæмæ. Фæнд ма кæнæм Синагуры хъæуы дæр ног хид саразын. Хъуамæ йыл фæтых уæм дыууæ къуырийы æмгъуыдмæ.  Ам хид саразын æнæмæнг хъæуы, уымæн æмæ дзы цæрджытæ, куыд фистæгæй цæуджытæ, афтæ машинæтæ дæр æвзарынц зындзинæдтæ. Æвæрд дзы æрцыдис дыууæ бетонæй арæзт плитæйы, кæцытыл хизынц фистæгæй цæуджытæ, фæлæ машинæтæ та цæуынц доныл. Кусджытæ сæ куыстмæ бавналынц, сметæ сын арæзт куы æрцæуы, уый фæстæ. Сæ куыст æххæст кæнынц цæсгомджынæй æмæ сæ дæн райгонд. Уымæй дарддæр ма нæм районы цæрджытæ бахатынц арæзтадон техникæйæ феххуыс кæнынмæ. Уыцы домæнтæ вæййынц алыгъуызæттæ æмæ нæ бон куыд вæййы, уымæ гæсгæ сын сæ къух саразæм. Ахæм бон нæ вæййы æмæ техникæ ма кæдæм арвитæм. Зæгъæм, доны хæтæлтæ сты тынг рагон, ивд не ‘рцыдысты иумиагæй æмæ дзы арæх æрцæуы аваритæ, ахæм уавæры сты канализацитæ дæр», – банысан кодта районы администрацийы сæргълæууæг.

Бæрæг куыд у, афтæмæй сæрды Дзауы районы дæр райдыдтой аразын кабелон интернет «Юг-телеком». Уый уыдис районы цæрджыты домæн æмæ уал арæзт æрцыдис поселочы. «Ныртæккæ мах баныхас кодтам «Юг-телеком»-ы генералон директор Коцты Григориимæ, цæмæй районы иннæ хъæутæм дæр уагъд æрцæуа интернет. Ацы компанийы планмæ гæсгæ фидæнмæ та интернет фæнд кæнынц  Хуыцъе, Сачъре, Гуфта æмæ Къуайсамæ бауадзын. Ныртæккæ цæрджытæй куырдиæттæ чи бахаста «Юг-телеком»-мæ, уыдонæн сæ хæдзæрттæм баиу кæнынц интернет. Цæмæй адæмы горæтмæ цæуын ма хъæуа, уый тыххæй сæм бахатыдтæн, цæмæй бынаты ист цæуой цæрджыты куырдиæттæ. Æнцондæр уыдзæнис цæрджытæн, цæмæй-иу æрбадзурой  сæрмагонд мобилон номыртæм æмæ-иу афтæмæй бахæссой сæ куырдиæттæ».

Дзауы администрацийы сæргълæууæг ма нын куыд загъта, афтæмæй район цæттæ у зымæгон хъармгæнæн рæстæгмæ. Скъолатæй суг кæмæ æмбæлдис, уыдонæн æрластой æмæ сæ бафснайдтой. Уыдонмæ хауынц Хъемулта æмæ Синагуры хъæуы астæуккаг скъолатæ. Районы кæцыдæр уагдæттæ та хъармгонд цæуынц æрдзон газæй, уыдоны нымæцы администрацийы бæстыхай, рынчындон, ногарæзт æр-тæуæладзыгон хæдзар.

Хетæгкаты Къостайы номыл Дзауы астæуккаг скъолайы спортивон залы арæзтад куыд цæуы, уымæ дæр æппынæдзух йæ хъус дары администрацийы сæргълæууæг. Уым ныридæгæн цæуынц мидæггагон куыстытæ. «Æрæджы фæцис агъуысты бын, бирæ йыл бахъуыдысты æмæ ныр æрæвнæлдтой мидæггагон цалцæггæнæн куыстытæм. Хъуа-мæ йæ  байсæрдой æдтейæ фарс. Уыдон æй хъуамæ фæуой ноябры æмбисмæ, науæд куы фæуазал уа, уæд сын проблемæтæ фæзындзæнис. Цы ног æртæуæладзыгон хæдзар сарæзтам, уый дæр хъуамæ лæвæрд æрцæуа декабры кæрон. Районы цæрæнуатон къамис сахуыр кодтой 70 куырдиаты. Æнæуый дзы куырдиæттæ хаст ис 90-æм азтæй дæр. Къамис йæ куыст дарддæр кæны куырдиæтты фæдыл. Куырдиæтты хицæуттæй ис ахæмтæ, кæцытæ ныртæккæ нæ цæрынц районы, науæд та сын ис хæ-дзæрттæ. Къамисы уæнгтæ цæуынц хæ-дзæрттæм æмæ сын бынаты уынынц сæ уа-вæртæ. Мæнмæ гæсгæ, декабры кæрæттæм къамис сбæрæг кæндзæнис, фыццаг рады фатертæ кæмæ æмбæлы, уыцы бинонты. Æмæ дзы ахæмтæ та бирæ ис.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.