ДЗЮДО

Радон æнтыст та бафтыд хуссарирыстойнаг дзюдоисткæ Æлборты Аланæйы къухты. Уый бронзæ майдан рамбылдта 21 азы онг кæуыл цæуы, уыцы спортсменты ‘хсæн Европæйы Кубокы. Ерыстæ уагъд цыдысты португалиаг горæт Коимбрайы. Аланæ архайдта иууыл уæззаудæр уæзы категорийы (+78 кг). Æртыккаг бынат бацахсыны тыххæй тохы 18-аздзыд ирон дзюдоисткæ фæуæлахиз Италийы минæварыл.

Æлборты Аланæйы тренетæ сты Гæбæраты Автандил æмæ Тъуриты Тенгиз.

 

УÆГЪДИБАР ХЪÆБЫСХÆСТ

УÆГЪДИБАР ХЪÆБЫСХÆСТ

Хуссарирыстойнаг богал Зассеты Арсæмæг æрæздæхт Цхинвалмæ. Уый Германы хайад райста 21 азы онг кæуыл цæуы, уыцы спортсменты ‘хсæн Европæйы чемпионаты уæгъдибар хъæбысхæстæй. Арсæмæг иууыл уæззаудæр уæзы категорийы (125 кг) архайгæйæ бацахста 3-аг бынат. Зассейы фыртыл Цхинвалы театралон фæзуаты фембæлдысты йе ’мгæрттæ, йе ’ввахс адæм æмæ йæ тренер Коцты Тамерлан. Тренер куыд фехъусын кодта, афтæмæй ныр 15 азæй фылдæр нæ республикæйы ацы кары спортсменты ‘хсæн Европæйы чемпионаты хайад ничиуал райста.

«Кæй зæгъын æй хъæуы, ахæм æмвæзадыл ерысты 3-аг бынат бацахсай, уый стыр æнтыст у. Фæлæ уыцы рæстæджы æнхъæлмæ кастыстæм сыгъзæрин майданмæ. Фæлæ æрдæгфиналон тохы æруагъта рæдыдтытæ. Ныр кусдзыстæм уыдон сраст кæныныл», – банысан кодта Коцты Тамерлан.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ йæ иннæ хъомылгæнинæгтæ Дзæгъиаты Сослан æмæ Бестауты Андрей ацы аз августы æмбисы хайад кæй райсдзысты 21 азы онг кæуыл цæуы, уыцы спортсменты ‘хсæн дунейы чемпионаты.

 

 

ФУТБОЛ

Дзæуджыхъæуы футболон командæ «Алани» йæ официалон сайты куыд хъусын кæны, афтæмæй фæнд кæны чехаг командæ «Млада-Болеслав»-ы хъахъхъæнæг Тадтаты Алексейы балхæнын. Алексей ацы клубы хъазы 2019 азæй фæстæмæ. Ивгъуыд сезоны 22-аздзыд футболист Чехийы чемпионаты акодта 14 хъазты æмæ бакъуырдта дыууæ пуртийы. 2021 азы февралы мæйы Алексей куыд фехъусын кодта, афтæмæй йæ фæнды фæстæмæ Уæрæсемæ æрæздæхын.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.