Ныртæккæ ахæм рæстæг у, æмæ цæттæ хъуамæ уæм царды алы фæзындмæ дæр. Уæлдайдæр, ныртæккæ æнæхъæн дунейы тасы цы вирус æппары, уый рæстæджы. Ахæм рæстæджы стыр уæз цæуы æнæниздзинад хъахъхъæнынады уагдæттæ æмæ сæ кусджытыл. Куыд цæттæ сты ацы æгъатыр низыл фæуæлахизмæ, уый тыххæй бацымыдис кодтам нæ республикæйы районты рынчындæттæ æмæ æндæр хосгæнæн уагдæтты уавæрмæ.

Ленингоры районы Администрацийы сæргълæууæг Мамытаты Витали нын куыд фехъусын кодта, уымæ гæсгæ ныртæккæ рынчындоны карантины сты æртæ рынчыны. Уыдонæн ма сæ карантины рæстæгæй ис къуыри, æмæ æнæниз куы уой, уæд сæ хæдзæрттæм арвитдзысты. Фараст адæймаджы та дзы ис хæдзары изоляцийы. Уыдонмæ цæуынц дохтыртæ, сæ хъус сæм дарынц æппынæдзух.

«Дунескæнæг нæ бахизæд уыцы хабæрттæй, фæлæ куыд хорздзинадмæ, афтæ цæттæ хъуамæ уæм алы æндæр хъуыддагмæ дæр. Дунейы алы къуымты цы низ тезгъо кæны, уый не ‘взары нæдæр – бæстæ, нæдæр – адæмы. Уымæ гæсгæ районы рынчындоны бахъуаджы рæстæгмæ цæттæ сты цыппар изоляцигонд боксы», – дзуры районы сæргълæууæг.

Иумиагæй сисгæйæ, районы бæстыхæйтты цæуынц дезинфекцигæнæн куыстытæ – сæ хъус дарынц социалон æмæ æндæр нысаниуæджы объектты æппынæдзух дуæртты ра-хæцæнтæ æмæ адæм арæхдæр цæмæ æвналынц, уыдон цæмæй рæстæггай дезинфекци цæуой. Адæм сты сабыр, нæ фæдис кæнынц, æмбарынц уавæры серьезондзинад æмæ йæ æххæст дæр кæнынц.

Республикæйы ныгуылæн хай – Знауыры районы рынчындоны цæттæдзинад, карантинмæ хауæг рынчынтæ дзы ис æви нæ, уый тыххæй нын информаци радта йæ сæйраг дохтыр Гæбæраты Эммæ:

«Бахъуаджы рæстæгмæ нын цæттæ ис 15 бынаты. Дыууæ та нын ис изоляцигонд бокстæ, хицæн палатæтæ, хицæн бацæуæнтæ æмæ санузелтимæ. Уымæй дарддæр ма рынчындоны ис, æдзух кæмæй пайда цæуы, ахæм 20 бынаты. Бахъуаджы рæстæджы уыдон дæр сæрибар æрцæудзысты рог рынчынтæй», – дзуры дохтыр.

Ныртæккæ рынчындоны карантины дыууæ къуырийы уыдзæн иу рынчын. Хæдзарон изоляцийы сты йæ бинойнаг æмæ йе ‘ртæ сывæллоны. Уымæй дарддæр ма районы хæдзарон изоляцийы сты дыууæ студенты. Уыдон æрцыдысты Уæрæсейы территорийæ æмæ сты дохтырты æдзухон хъусдарды бын.

Дзауы районон рынчындоны нæй дызæрдыггаг рынчынтæ. Уый тыххæй та нын фехъусын кодта йæ сæйраг дохтыр Гасситы Константин.

Дзауы территорийыл дæр ис ахæм студенттæ, кæцытæ ныртæккæ сты хæдзарон изоляцийы. Уыдон дæр райсом æмæ изæр барынц сæ тæвд æмæ хъусын кæнынц рынчындонмæ сæ уавæры фæдыл.

Хъуагдзинад æййафынц индивидуалон хъахъхъæныны фæрæзтæй. Фæлæ ацы тæссаг низæй хи бахизыны тыххæй бацæттæ кодтой палатæтæ ацы рынчындоны дæр. Цæттæ ма кæнынц резервон инфекцион чысыл хайад дæр.

Горæт Къуайсайы уавæры тыххæй та нæм хъусын кæны Хуыгаты Ульянæ. Уый дæр банысан кодта, зæгъгæ, уыцы территорийыл ис дыууæ студенты хæдзарон изоляцийы. Уыдонмæ дæр дарынц сæ хъус фадыгон дохтыртæ. Рынчындоны къухдариуæгад дæр бацæттæ кодтой сæ бæрныуæвæг объект бахъуаджы рæстæгмæ. Æнæуый æппынæдзух уым дæр уагъд цæуы дезинфекцион мадзæлттæ, адæм сæхæдæг дæр сты цырддзаст æмæ æххæст кæнынц санитарон æмæ гигиенон нормæтæ.

Уæдæ нæ хъæуы цырд лæууын, нæхи æмæ не ‘ввахс адæмы бахизын, æппæт санитарон нормæтæ хъахъхъæнын æмæ æмбаргæ ахаст æвдисын нæ алфæмблай уавæрмæ.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.