Æрвылаз дæр июлы 23-æм боны Хуссар Ирыстоны дзыллон информацийы кусджытæ банысан кæнынц сæ профессионалон бæрæгбон. Уыцы бон æрæмысæм, ирон мыхуырæн стыр лæггæдтæ чи фæкодта æмæ абон нæ фарсмæ чи нал ис, уыдоны нæмттæ. Абон уын ракæндзыстæм уыдонæй сæ иуы кой.

101 азы размæ гуырдзиаг меньшевиктæ Хуссар Ирыстонмæ куы æрбабырстой æмæ ирæттæн геноцид куы сарæзтой, уæд адæ-мæн сæ фылдæр ныууагътой сæ цæрæн бынæттæ æмæ кæмæн куыд гæнæн уыдис, афтæ агуырдта æдас бынат хæхты, цæгаты. Ахæм хъысмæт баййæфта, Цхинвалы цæрæг Куымæридтаты бинонты дæр. Сæхи бааууон кодтой Дзауы районы Теделеты хъæуы сæ хæстæджытæм. Уым раст цыппурсы æхсæв райгуырдис мæ уацы хъайтар – Куымæридтаты Алыксандр. Цыдысты бонтæ. Зынвадæттæ æвзаргæйæ ныййарджытæ хъомыл кодтой сæ хъæбулы – фидæны курдиатджын журналист æмæ хорз адæймаджы. Фæлæ мæнгард знæгтæн сæ фæндтæ сæ хъуыры фæбадтысты, Ирыстоны дæр фæуæлахиз Советон хицауад. Адæм сæ риуты дзаг сулæфыдысты. Лигъ-дæттæй сæрæгасæй чи аирвæзт, уыдон здæхтысты сæ цæрæн бынæттæм. Æрыздæхтысты Куымæридтаты бинонтæ дæр. Алыксандр горæт Цхинвалы ирон скъолайы фæстæ каст фæцис педагогон ахуыргæнæндон. Фæлæ æвзонг лæппуйæн йæ бæллиц уыдис журналист суæвын æмæ йæ уый тыххæй бахъуыдис стыр фæндагыл рацæуын. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты агъоммæ, Хуссар Ирыстоны физкультуронтæ хъуамæ хайад райстаиккой Тбилисы парады. Ацы темæйыл Алыксандр ныффыста уац æмæ йæ бахаста редакцимæ. Уым ын  зынгæ фыссæг Гафез загъта, зæгъгæ, хорз фыст у æмæ нæм арæхдæр  фысс. Уый дæр райдыдта арæхдæр фыссын æмæ йын сæ мыхуыр кодтой. Афтæ рæзтис сомбоны журналист. Уыцы рæстæджы Алыксандр нымад цыд областы хуыздæр футболисттæй сæ иуыл. Сæ командæ æрвылаз дæр хайад иста республикон ерысты æмæ-иу бацахстой призон бынæттæ. Куымæридтайы фырт иурæстæджы уыдис футболæй хуссарирыстойнаг командæйы тренер дæр.

Фæлæ уæддæр Алыксандр хъуыды кодта йæ сæйраг бæллиц сæххæст кæныныл. Нырма куыста корректорæй фæскомцæдисы обкомы газет «Ленинон»-ы, уый фæстæ та – газет «Коммунист»-ы литературон кусæгæй. Ацы бынаты чысыл рæстæг акусыны фæстæ уæлдай тынгдæр фæбæрæг йæ курдиат æмæ нысан æрцыд хъæууон хæдзарады хайады сæргълæууæгæй.

Хæсты азты уыдис куынæггæнæг батальоны Цхинвалы, стæй та – Зикъарайы æфцæджы хъахъхъæнджыты рæнхъыты. Уым сыл 15 адæймагæй 1942 азы 16 октябры зæй рацыд æмæ дзы дыууæйæ фæмард сты. Уырдыгæй куы æрыздæхт, уæд Алыксандр иу аз бакуыста партийы обкомы инст-рукторæй. Уый фæстæ 4 азы та уыд облæххæсткомы физкультурæ æмæ спорты комитеты сæрдар. Ацы бынаты кусгæйæ, уымæн бантыст бирæ курдиатджын спортсментæ схъомыл кæнын. Фæлæ та хъысмæты фæндонмæ гæсгæ 1947 азæй ногæй райдыдта йæ журналистон архайд. Нырма куыста газет «Коммунист»-ы, уый фæстæ та цыппар азы дæргъы уыд газет «Заря Востока»-йы сæрмагонд уацхæссæг Хуссар Ирыстоны. Лæмбынæг æмæ оперативон æгъдауæй æвдыста областон цард, уæндонæй фыста цухдзинæдты тыххæй. Йæ мидисджын уацты тыххæй бирæ хæттыты райста Кады грамотæтæ æмæ арфæйы фыстæ-джытæ.

1953-1956 азты ахуыр кодта СЦКП ЦК Уæлдæр партион скъолайы журналистикæйы хайады. Партион скъола æнтыстджынæй каст фæуыны фæстæ æрыздæхт Ирыстонмæ æмæ уадзын райдыдта газет «Советская Осетия». Уырыссаг æв-загмæ тæлмац кодта газет «Советон Ирыстон»-ы. 1958 азы та ссис ирон газеты редактор. Ацы бынаты кусгæйæ, уый бирæ æвзонг журналисттæ схъомыл кодта. Газеты редакторæй кусын куы райдыдта, уæд йæ тираж уыд 4 мины, фæстæдæр та йæ тираж схызт 13 минмæ. Йæ къухдариуæгадæй газеты редакцийæн æнгом бастдзинад уыд æхсæ-надон уацхæсджытимæ, арæх-иу сын уыд фембæлдтытæ. Газеты уацхæсджыты командировкæты æрвыста куыд областы ра-йонтæм, хъæутæм, афтæ Советон Гуырдзыстоны ирæттæ компактонæй кæмыты цардысты, уырдæм газет рафыссыны куыст сорганизаци кæныны тыххæй.

Мæ дзæнæты бадинаг цардæмбал Хуриты Гиви-иу арæх æрæмысыд иу хабары тыххæй: «Уæд æз нырма ахуыр кодтон Цъинагары астæуккаг скъолайы. Иу ахæмы та нæ скъолайæ акодтой колхозæн æххуыс кæнынмæ, сæнæфсир тонынмæ. Аходæн афон уыдис, афтæ мæм йæхимæ фæсидт нæ къласгæс Хацырты Аким æмæ мын афтæ зæгъы, зæгъгæ, Цхинвалæй уазджытæ æрцыдысты æмæ дæ сæ иу зæрдиагæй агуры. Æз фæтыхстæн, зæгъын, Цхинвалæй куы никæйы зонын, уæд мæ чи агуры. Уайтагъд къанауы донæй мæхиуыл скалдтон, мæ хуымæтæджы дарæс барæстытæ кодтон æмæ афтæмæй катайгæнгæ балæууыдтæн чъребайаг уазджыты раз. Уыдон мыл афтæ тынг бацин кодтой, раст цыма сæ рагон зонгæ уыдтæн. «Абон дæ уац рацыд газеты, мæнæ дын æй мемæ æрхастон, хорз арæхсыс æмæ нæм арæхдæр фысс», – загъта мын уазджытæй сæ иу æмæ мæм радта газет «Советон Ирыстон». Фæстæдæр куыд базыдтон, афтæмæй уый уыдис газет «Советон Ирыстон»-ы редактор Куымæридтаты Алыксандр».

Æвæллайгæ куыст кодта Алыксандр. Фыста уацтæ йæхæдæг дæр, фыста актуалон темæтыл, йæ фæлтæрддзинад амыдта кæстæр фæлтæрæн.  Ахæм бæрнон бынаты кусгæйæ бирæ зындзинæдтыл сæм-бæлд. Фæлæ уæддæр Алыксандр уæлдай тынгдæр бахъуыды кодта, 1963 азы цы рæ-дыд къахдзæф арæзт æрцыд, уый тыххæй. Уæд баиу æрцыдысты дыууæ редакцийы  «Советон Ирыстон» æмæ «Сабчъота Осети». Стыр рæдыд хъуыддаг уыд дыууæ æвзаджы баиу кæнын. Алыксандр-иу куыд дзырдта, уымæ гæсгæ кусджытæ кæрæдзи нал æмбæрстой. Гуырдзиæгтæ сæхи уæлдæр æвæрдтой æмæ ахæм уавæры цахæм сфæлдыстадон куыстыл дзурæн уыд. Фæлæ цыппар азы фæстæ газеттæ хицæн æрцыдысты. Ирон газет йæ традицион куыст адарддæр кодта, йæ мидис кодта хуыздæрæй-хуыздæр. Уыцы азты газет «Рæстдзинад»-ы уæды редактор Хъаныхъуаты Валодя æмæ Алыксандры хъæппæрисæй сног сты дыууæ газеты коллективты сфæлдыстадон фембæлдтытæ, кæцыты рæстæджы-иу уынаффæ кодтой алыгъуызон ахсджиаг фарстытыл. Ахæм фембæлдтытæ стыр ахъаз уыдысты ирон мыхуыры куыст фæхуыздæр, фæмидисджын-дæр кæнынæн.

Куымæридтаты Алыксандр 15 азы дæргъы æнтыстджынæй разамынд кодта Хуссар Ирыстоны Журналистты цæдисæн. Ацы цæдис æмбæлон æххуыс кодта æрмæст областон нæ, фæлæ районон газетты редакцитæн дæр. Сæудæджерад, колхозтæ æмæ совхозты раззагон кусджыты фæл-тæрддзинады тыххæй рауагъта дыууæ чиныджы. Алыксандр уыд Советон Цæдисы журналистты цæдисы фыццаг æмæ дыккаг съездты хайадисæг. Дыууæ хатты уыд Кремлы галуаны парти æмæ хицауады разамонджыты химæрайсты. Газеты кусгæйæ хорзæхджын æрцыд иу орден æмæ аст майданæй. 1971 азы йын лæвæрд æрцыд Гуырдзыстоны ССР сгуыхт журналисты ном.

Редакцийы куысты фæстæ та фынддæс азы дæргъы  кад æмæ радæй фæкуыста Облæххæсткомы архивон управленийы хистæрæй. Ам дæр куыст афтæ хорз рацарæзта æмæ æнæхъæн Советон Гуырдзыстоны архивистты ‘хсæн йæ ном уыд зындгонд. Йæ разамындæй нæ областы архивон уагдæттæ æхсæз хатты райстой республикон архивон управленийы дыууæ Сырх тырысайы. 1987 азы областы паддзахадон архив йæ куысты бæрæггæнæнтæм гæсгæ Советон Цæдисы областон архивты ‘хсæн бацахста æртыккаг бынат. Алыксандр йæхæдæг та ссис æртæ  грамотæйы хицау. Йæ хъæппæрисæй рауагъд æрцыдысты архивон историон документтæй арæзт æртæ чиныджы.

Бирæ сты Алыксандры лæггæдтæ йæ радтæг адæмы, ирон мыхуыры раз. Активон хайад иста æхсæнадон царды дæр. Авд хатты æвзæрст æрцыд Хуссар Ирыстоны областон Советы депутатæй, партийы Хуссар Ирыстоны обкомы уæнгæй. Пенсийы куы ацыд, уæддæр иу ран нæ бадт. Бакуыста-иу, Дзауы йын цы зæххы фадыг уыд, уый. Тынг хæларæй цард Хуриты Гивимæ. Цалынмæ Алыксандр йе ‘нусон бæстæм нæ ацыд, уæдмæ-иу ахæм бон нæ уыд æмæ уый махмæ телефоны ма фæдзырдтаид. Гиви-иу хæдзары куынæ уыд, уæд та-иу мемæ фæныхас кодта. Æрæмысыд-иу редакцийы куысты азты цаутæ, кусджыты. Мæргъиты Алексийау мæ уый дæр йæ чызг хуыдта. Æмæ куы фæзиан, уæд хасты хуызæн фестæм, афтæ тынг  ыл  сахуыр стæм. Иууылдæр æй бахъуыды кодтам раст æмæ хæларзæрдæ адæймагæй. Алыксандр йæ фæстæ ныууагъта хорз кад æмæ  йæ ном рох никуы уыдзæн, чи йæ зыдта, уыдонæй.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.