Æрæджы нæ горæты байгом ис нейрокоррекцион центр «Прогноз». Ацы центр æххуыс кæны аутизмæй рынчытæн, æвзæр чи дзуры, эмоционалон, депрессиовон низтæ, сывæллæтты церебралон æндзыгниз, йæ ахуырфæразондзинад ныллæг кæмæн у, ахæм сывæллæттæн. Кæд нырма æрæджы байгом, уæдддæр дзы вæййы бирæ сывæллæттæ æмæ дзы ныридæгæн бирæтæн баххуыс кодтой. Æнæдызæрдыгæй, ахæм центрæн ис егъау нысаниуæг. Ахæм центртæ æнæхъæн Кавказы, æгæрыстæмæй Уæрæсейы дæр, сты цалдæр. Кæд ныры онг уæлдæрранымайгæ низтæй рынчын сывæллæттæ хос кæнынмæ цыдысты Уæрæсемæ, уæд уыдонæн ныр æнцондæр уыдзæн низты ныхмæ тох кæнын.

Центры хистæр, дохтыр невролог Дыгъуызты Иринæ нын куыд радзырдта, афтæмæй пайда кæнынц алыгъуызон методтæй, сæйраджыдæр: Томатисы метод, микрополяризаци æмæ БАК-æй (биоакустикон коррекци). Ис сæм чысыл моторикæйæн специалон хъазæнтæ, форбрейены хъусæн æмæ афтæ дарддæр.

«Центр саразыны хъуыды мæм фæзынд дыууæ азы размæ. Мæ хъуыдыйы кæрон дæр нæ уыд ахæм центр бакæнын. Фæлæ мæхи сывæллонæн æртæ азæй йæ бон нæ уыд дзурын, алцы не ‘мбæрста, цы йын дзурынц, уымæй. Ацы фарсты фæдыл райдыдтон кæсын лите-ратурæ æмæ уæд базыдтон ацы методты тыххæй. Алы цыппар мæйы иу хатт æз мæ сывæллонимæ цыдтæн Уæрæсемæ æмæ ацы методты фæрцы мæ сывæллон райдыдта ныхас кæнын æмæ æмбарын. Зын мын уыд æрвылхатт Уæрæсемæ цæуын, æмæ уæд райдыдтон хъуыды кæнын  ахæм центр  бакæныныл. Центр бакæнынмæ мæ фылдæр баразæнгард кодтой, Уæрæсемæ ардыгæй мемæ цы ныййарджытæ цыдысты сæ сы-вæллæтимæ, уыдон. Дзырдтой мын, зæгъгæ, куыд хорз уаид, ахæм центр куы бакæнис нæ горæты», – загъта Дыгъуызты Иринæ.

Иу азы дæргъы архайдта финансон фарст аскъуыддзаг кæныныл. Бантыстис ын карантины агъоммæ Мæскуымæ ацæ-уын, Томатисы методы фæдыл ахуыр кæнынмæ, уырдæм аз иу хатт Францæй æрцæуынц специалисттæ. Уый фæстæ та Санкт-Петербургмæ БАК æмæ микрополяризацийы методтыл сахуыр кæнынмæ. Уым балхæдта ацы аппараттæ. Фæлæ йын фæзынд æндæр ныхдур –  фæндаг æхгæд æрцыд æмæ йын фадат нæ уыд центры куыст æрбæстон кæнынæн. Ахуыр ма кодта сывæллæтты неврологийы фæдыл дæр.

Центры æххуыс кæнынц æрмæст сывæллæттæн нæ, фæлæ хистæр кары адæймæгтæн. Ахæм низтæн куыд: нуæртты æмæ депрессивон низтæ, инсульты æмæ инфаркты фæстæ адæймагæн ныхас кæнын куы фæзын вæййы, энурез æмæ æндæртæн.

«Сывæллæтты фыццаг къордæй кæцыдæртæн фестæм хос кæныны фыццаг курс. Иумæйагæй ныййарджыты 95 проценты сты райгонд. Фæстиуджытæ вæййы куыд хос кæныны рæстæджы, афтæ йæ фæстæ дæр», – загъта Дыгъуызты чызг.

Центры кусы логопед, нæ сын фаг кæны коррекцион ахуыргæнæг-дефектолог. Агуырнц ма сывæллæтты психолог дæр.

Дыгъуызты Иринæ куыд банысан кодта, афтæмæй ацы професситæ нæ республикæйы, æгæрыстæмæй, Уæрæсейы дæр не сты актуалон. Ацы фадыджы архайын кæй фæнды, ахæм адæм цъус сты. Хорз уаид куы разынид ахæм адæймаг æмæ йæ хицауад ахуыр кæнынмæ куы арвитид, кæнæ та Уæрæсейæ куы æрхониккой ахæм специалисттæ æмæ нæхи бынæттон специалистæй искæй куы сахуыр кæниккой.

«Нæ плæнтты ис коррекцион ахуыргæнæг ссарын, балхæнын сæры магъз æмæ нуæрттæ-хæцъæфтæ стимуляцийæн тренажертæ. План ма кæнæм цæттæгæнæн класс бакæнын ахæм сывæллæттæн. Бирæ хъуыдытæ мæм ис æмæ архайдзынæн сæ сæххæст кæныныл», – загъта Дыгъуызты чызг.

Процедурæтæн сæ уадзыны рæстæг у алыгъуызон. Хос кæныны курс баст у методыл. Иринæ йæхæдæг уадзы консультацитæ, изæры фондз сахатæй суанг  астфараст сахатмæ.

Томатисы аппаратæй пайда кæнынц Францы скъолаты, къуыри иу хатт сывæллæттыл бакæнынц хъусæн æмæ уый ахъаз кæны ахуырфæразондзинад хуыздæр кæнынæн. Ацы аппарат сарæзта францаг лордохтыр Альфред Томатис

Центрæн ис сайт социалон хызæг Instagram-ы-tomatis_tskhinval. Консультаци-мæ  ныффысæн ис ахæм номыртыл:  8 929 806 16 69  кæнæ  8 929 805 00 18.

Ныхдуртæм нæ кæсгæйæ, Иринæ уæддæр йæ бæллиц сæххæст кодта. Ахæм центр ахъаз фæуыдзæн æрмæст сывæллæттæн нæ, фæлæ ныййарджытæн дæр. Иринæ, нæ зæрдæ дын зæгъы ноджы фылдæр æнтыстытæ.

Цыбырты Анжелæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.