Зæххыл, æвæццæгæн нæ уыд æмæ нæдæр уыдзæнис ахæм æвзонг æмкъæйттæ, кæцытæ нæ фенхъæлмæ кæсынц кæстæры фæзындмæ. Кæстæр куы фæзыны уæд та æрмæст, ныййарджытæ нæ бацин кæнынц, фæлæ æхсызгон вæййы сæ хиуæттæн, кæй æхсæн цæрынц, уыдонæн дæр. Ноджы стырдæр цины æнкарæнтæ та фенкъарынц кæстæртæ дыууæ кæннод фылдæр куы вæййынц, уæд.

Ахæм цины æнкъарæнтæ цалдæр азы размæ бавзæрстой Цхинвалы районы Дменисы хæуы цæрджытæ Гæззаты Алан æмæ йæ цардæмбал Бестауты Мадинæ. Уыдон иу рæстæджы баисты бирæсывæллонджын мад æмæ фыд. Фæзынд сын æртæ фаззон лæппуйы. Схуыдтой сæ Æхсæртæг, Аслан æмæ Дауыт.

Алан æмæ Мадинæйæн кæд сæ азтæ уæд хызт уыдысты цыппор азæй, уæддæр сæм нæма уыдис кæстæртæ хъомыл кæныны фæлтæрддзинад æмæ æнæтыхсгæ нæ уыдысты. Цæг у хиуæттæ, зонгæтæ, стæй сыхæгтæ дæр уыдысты сæ фарсмæ, чи сын цæмæй æххуыс кодта, чи та – цæмæй. О, фæлæ цæмæй æртæ æнахъоммæ цæуа фаг хъусдард, уый тыххæй сын нæ уыд æмбæлон уавæртæ. Уæд Алан цард æмæ куыста Цæгат Ирыстоны Елхоты хъæуы. Сæ мæгуырау царды уавæрты тыххæй фехъуыста зынгæ ирон хъæбысхæцæг Фадзаты Арсен. Цалдæр хатт уый фембæлд æмкъæйттимæ. Иу фембæлды рæстæджы сын Арсен бахæс кодта, цæмæй сæ хъус дарой æмæ ссарой уæййаг хæдзар. Куы ссардтой ахæм хæдзар, уæд та сæ цинæн кæрон дæр нал уыд. Кæд алцæмæй æххæст нæ уыд, уæддæр сæ зæрдæтæ барухс сты йæ бынатæй, цы зæххы фадыг ис йæ фарсмæ уымæй, æмæ фехъусын кодтой Фадзайы фыртæн. Сæхæдæг куыд радзырдтой афтæмæй Арсенæн раст цымæ йæхи æввахс адæй-мæгтæн æлхæдта хæдзар, уыйау райгондæй баззад ный-йарджытæй. Бацæттæ кодтой хъæуæг документтæ æмæ æвзонг бинонтæ баисты хæдзары хицау, банкъардтой ноджыдæр иу хорздзинад.

Æхсæртæг, Аслан æмæ Дауат байрæзтысты, фесты æмбарынхъом, цæуынц скъоламæ æмæ кæд райгуырдысты Дменисы хъæуæй дард, уæддæр сæ бæллиц вæййы Дменисмæ æрцæуын.

Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.