Фыстæджытæ, фыстæджытæ… Бирæ бинонтæм æндæр ницыуал баззад сæ хъæбатыр хæстонты номыл. Рæстæг æгъатыр у. Уæлдай æгъатырдæр та уыцы фыстæджытæм у, фронтæй кæй истой. Азтæ сыл сæ фæд ныууагътой, сбур сæ кодтой, сфæлурс сын кодтой сæ дамгъæты хуыз. Зынтæй ма сæ ис бакæсæн. Уæвгæ Гатыгкоты Владиславмæ (Адик) йæ фыд Георгийæ цы фыстæджытæ баззад, уыдон хорз уавæры сты нырма, уымæн æмæ сæ цæстыгагуыйау хъахъхъæны, уæлдайдæр дыууæ фыстæджы. Уыдон уæлдай зынаргъдæр сты Адикæн.

Зындгонд куыд у, афтæмæй ивгъуыд æнусы дыууиссæдзæм азты райдайæны цы диссаджы тугкалæн хæст уыдис, уымæй Ирыстоны дыууæ хайæ иу дæр æвыдæй нæ баззад. Цæгат Ирыстоны цæрджытæй уыцы тызмæг 1941-1945 азты алы цыппæрæм дæр уыд фронты. 45 мин адæймаджы сæ цард радтой Рай-гуырæн бæстæйы сæрибардзинады тыххæй. Къаддæр бæллæх не ’рхаста Хуссар Ирыстонæн дæр Стыр Фыдыбæстæйон хæст. Туг-уарæн хæстмæ цы 25 мин адæймаджы бæрц арвыста, уыдонæн се ’мбис нал сæмбæлдысты сæ къонатыл, Уæлахизы сæраппонд æрхастой сæ сæртæ. 15 мин бинонтæй, 15 мин хæдзарæй фæкъахыр кодта хæст Хуссар Иры.

Уыцы равзаргæ фæсивæдæй иу уыдис Уæллаг Хуыцъейы цæрæг Гатыгкоты Георги. Йæ фыд Уасил кæд æнахуыргонд зæхкусæг уыдис, уæддæр æмбæрста: рухсмæ фæндагæй хуыздæр фæндаг нæй. Æмбæрста, уыцы фæндагыл цæуæн кæй ис æрмæстдæр ахуыры руаджы. Георги хъæууон скъола каст куы фæци, уæд бинонты уынаффæ хуымæтæджы æмзæрдæ нæ уыд: арвитын æй хъæуы дарддæр ахуыр кæнынмæ. Æмæ йæ арвыстой Дзæуджыхъæумæ. Уый уыдис 1933 азы. Йæ фыццаг фыстæджы Георги цингæнгæ хъусын кодта фæззæджы, 24 октябры, Хæххон-металлургон техникумы ахуыр кæнын кæй райдыдта, уый тыххæй. Цин куыд кодта Георги, мæт дæр афтæ, уымæн æмæ ахуырдзаутæй алчи стипенди нæ иста. Бинонтæ йын гæнæн æмæ амалæй æрвыстой продукттæ æмæ æхца, кæд сæхæдæг дæр бухъцард нæ кодтой, уæддæр. Йæ хотæ зыдтой, се ’фсымæр уазалæн фæразон кæй нæу, уый æмæ йын æрвыстой хъарм дарæс. Техникумы разамынд зыдта ахуырдзауты уавæр æмæ сын æрвыл-бон лæвар 400 граммы дзул лæвæрдта.

— Георги йæ ахуыры азты куыд цард, уый тыххæй фехъуыстон мæ фыд æмæ мæ мадæй, — зæгъы Хуссар Ирыстоны Журналистты цæдисы сæрдар Харебаты Батрадз. — Уыдон дæр ацы техникумы ахуыр кодтой. Мæ фыд Къоста хæларæй цард Георгиимæ, уымæн æфсæнттæ дæр бирæ уыдис. Иу азы гуырдтæ, иу хъæуы цардысты, иумæ хъомыл кодтой. Ахуыр дæр — иумæ. Ноджы ма — æрвадæлтæ дæр. Дыууæйæ дæр активон студенттæ уыдысты, сæ дыууæ дæр теоретикон ахуыртæй практикæ фылдæр уарзтой. Практикæйы æнцондæр уыд. Уым сын хæринаг дæр лæвар уыдис, æхца дæр ма сын фыстой мæй иу туман. Георгийæн ма премийы хуызы мидæггаг уæлæдарæс дæр радтой, схорзæхджын æй кодтой грамотæйæ æмæ ри-уылдаргæ нысанæй. Уæд, Сырх штольняйы кусгæйæ, бацыд партийы рæнхъытæм дæр.

Георгийы тынг фæндыд Хуссар Ирыстонмæ. Уым, Къуайсайы хъавыдысты ног æрзæт-къахæн байгом кæнынмæ, ныридæгæн дзы йæ сиахс кусын райдыдта æмæ иста стыр мызд — 180 сомы. Уæд уыдон, æцæгæйдæр, стыр æхцатæ уыдысты. Æууæндыд йæ фидæныл Георги, зындис æм хъæлдзæг, æнæмæт æмæ амондджынæй. Фæлæ йæм уалынмæ æрсидтысты æфсады рæнхъытæм. Тынг æй нæ фæндыдис бæргæ, фæлæ цы гæнæн уыд, Райгуырæн бæстæйы раз æфсæддон хæс фидын хъуыд.

Æфсады йæ уайтагъд арвыстой кæстæр политсконды курсытæм. Курсыты фæстæ йæ къухы бафтыд йæ дæсныйадыл чысыл рæстæг акусын. Арвыстой йæ Новосибирскы облæстмæ, Гурьевы районы Санаиры цинчы æрзæткъахæнмæ. Фæлæ уыцы чысыл рæстæгмæ дæр фесгуыхт. Хуызджын металлургийы адæ-мон къамисар æй схорзæхджын кодта иттæг хорз кусæджы риуылдаргæ нысанæй. Ноджы ма йæ курортмæ дæр арвыстой йæ фæллад уадзынмæ — уыцы рæстæджы ахæм хабар хæрз стæм уыд.

Хæсты размæ Гатыгкоты Георги бинонты хъуыддаг бакодта. Дунейы фарн ын балæвар кодта бындар. Йæ фыдау дзы сæрæн лæг рауад Владиславæй. Ахæм номæй йæм ничи дзуры æрмæст, иууылдæр æй Адик хонынц. Бирæ азты дæргъы фæкуыста хъæууон хæдзарады æмæ арæзтады системæйы. Арæхстджынæй равдыста алы ран дæр йæхи, сæрæнæй. Ахуыргæндтæ куыд раиртæстой, афтæмæй алчидæр йæ царды дæргъы базонгæ вæййы аст мин адæймагимæ. Фæлæ Адикæн, мæнмæ гæсгæ, фæфылдæр сты, уымæн æмæ хæларзæрдæ адæймаг у, адæмимæ лымæнæй цæры, уарзонæй. Ныр дæр та йæ зонгæтыл бафтыд нæ иумæйаг хæлар Джиоты Славикы фæрцы. Уайтагъддæр бамбæрстон йæ ныхæстæм гæсгæ, йæ цæхх, йæ къæбæр иунæгæй кæй нæ хæры, адæмимæ йæ кæй дих кæны, уый.

— Георги æмæ мæ фыд хæстмæ афицертæй ацыдысты, — дзырдта мын Харебаты Батрадз. — Афтæ зæгъæн ис, æмæ мæ фыды хæстамонд фæци, службæ кодта Ираны, уыдис Тегераны конференцийæн фадæттæ аразæг къорды. Георгийы цардвæндаг та трагикон уыдис. Æрвыст æрцыд Финнаг фронтмæ, фæлæ бынатмæ дæр нæма бахæццæ, афтæ йæ фæндагыл цæугæйæ бахъуыд тохы бацæуын.

Фронтмæ цæугæйæ, Георги фæндагæй рарвыста цалдæр фыстæджы, фæлæ дзы æр-мæст дыууæ схæццæ Хуыцъемæ. Дыууæ дæр йæ хо Еуайы сæрыхицау Тыбылты Цицойы номыл.

Хъыгагæн, мингай, милуангай хæстонтау фронтæй нал сыздæхт Гатыгкоты Георги. Хæсты фæстæ йæ бинонтæ бæргæ архайдтой сæ хæстон афицерæй бæлвырд хабар базоныныл, фæлæ æрмæст 1976 азы 11 июны райстой цыбыр дзуапп ССР Цæдисы Хъахъ-хъæнынады министрады кадрты Сæйраг управленийæ. Фыст дзы уыдис, зæгъгæ, Гатыгкоты Уасилы фырт Георги — 1124-æм æхсæг полчъы ротæйы политикон разамонæг 1942 азы 7 мартъийы амард йæ цæфтæй. Кæм ныгæд æрцыд, уый тыххæй дзуаппы ницы фыст ис. Бинонтæ сæ агурын ууыл нæ ныу-уагътой. Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты паддзахадон уынаффæгæнæг, Фыды-бæстæйы Стыр хæстимæ баст æппæт мадзæлттæ аразæг штабы разамонæг Зассеты Жаннæйы æххуысæй æртæ азы размæ сæ къухы бафтыд бæлвырддæр зонæнтæ Хъахъхъæнынады министрады Центрон архивæй. Куыд фыст дзы ис, афтæмæй 334-æм æхсæг дивизийы 1124-æм æхсæг полчъы ротæйы политикон разамонæг Гатыгкоты Г. В. амард йæ цæфтæй 8.03.1942 азы, ныгæд æрцыд Ленинграды (ныртæккæ Новгороды) облæсты, Валдайы районы, хъæу Лутовенкойы уæлмæрды.

Æрæджы та Интернеты фæрцы самал кодтой Лутовенкойы хъæуы цы æфсымæрон ингæн æмæ мемориалон комплекс ис, уый къам. Ныр Гатыгкоты Адик бæлвырдæй зоны, йæ фыд Георги кæм ныгæд æрцыд, уый æмæ йæхи цæттæ кæны уырдæм ацæуынмæ. Хъуамæ Хуссар Ирыстонæй аласа армыдзаг сыджыт æмæ йæ байзæра, йæ хъæбатыр фыд æнустæм цы æфсымæрон ингæны хуыссы, ууыл, ирон æгъдаумæ гæсгæ йын рухс зæгъа.

Хæрзаудæн кæнæд Адикыл æмæ уый кæстæртыл дæр, фронтæй сыздæхынмæ чи бæллыд, фæлæ йæ фæндтæ кæмæн фæсыкк сты, уый — æнустæм 33-аздзыд Гатыгкоты Георги.

Ам ма зæгъын æмбæлы уый, æмæ Георгийы хистæр æфсымæр Алыксандр хæцыд Хъырымы, фæмард 1943 азы Керчы. Кæм ныгæд æрцыд, уый нырма бæрæг нæу. Фæлæ ууыл дæр куыст цæуы.

Багаты Аврам

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.