Сывæллоны куыд бацæттæ кæнын хъæуы сывæллæтты цæхæрадонмæ?

Алы ныййарæг дæр фæархайы, цæмæй фыццаг къласмæ йæ сывæллоны бацæттæ кæна. Радтынц сæ цæттæгæнæн къласмæ, стæй сын сæхæдæг дæр фæамонынц кæсын, фыссын, нымайын æмæ, сæйраджыдæр та, скъолайы хи дарын куыд хъæуы, уыдæттæ.

Уæдæ куыд хъæуы бацæттæ кæнын сывæллоны та сывæллæтты цæхæрадонмæ? Фыццаджыдæр, кæй зæгъын æй хъæуы, физикон æгъдауæй саби хъуамæ æдæрсгæйæ цæуа, йæхæдæг дон нуазын, уидыгыл хæцынхъом уа. Ныййарджытæ сæ хъуамæ сахуыр кæной салфеткæйæ сæ былтæ асæрфын дæр, афтæ ма сæ хъуамæ сахуыр кæной хæринаг раст æууилын, хъæбæр хæринаг æууилын ын зын куыд нæ уа, афтæ.

Сывæллæтты цæхæрадоны сабитæн дæттынц æппæт сæйраг продукттæ дæр – дзидза, кæсаг, æхсыр, крупæтæ, дыргътæ, халсæрттæ, адджын гуылтæ. Хæдзары сабийы дзидзайыл куынæ сахуыр кæной, кæсаг цы у, уый куынæ зона, халсæрттæй конд хæринаг куынæ уарза, уæд ын зын уыдзæн сывæллæтты цæхæрадоны хæринагыл сахуыр уæвын. Ам ныхас цæуы ууыл, æмæ кæй ис ахæм ныййарджытæ, сабийæн дзидза, æйчытæ, кæсаг дæттын райдайыныл чи нæ тагъд кæны. Афтæмæй сабийæн уыцы продукттыл сахуыр кæнын зындæр уыдзæн. Саби хъуамæ хæрын ахуыр уа алыгъуызон крупæтæй конд кастæ, халсæрттæ. Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ сывæллæтты цæхæрадоны бирæтæ сæхи иуварс фæласынц халсæрттæй конд хæринагæй, ахуыр сыл кæй нæ вæййынц, уый тыххæй. Хæдзарæй сывæллæтты цæхæрадонмæ продукттæ хæринаг хæссын нæ хъæуы. Иуæй-иу ныййарджытæ сæ сывæллæттæн фæхæссынц равдауæндонмæ къафеттæ, чупа-чупстæ, адджинæгтæ. Сывæллон адджинаг куы бахæра, уæд ма уый фæстæ хæринаг куыд хъуамæ бахæра? Ис ахæм ныййарджытæ дæр, æмæ изæры, сывæллонмæ æрбацæугæйæ, канд йæхи сывæллонæн нæ, фæлæ иннæтæн дæр исты адджинæгтæ чи æрбахæссы. Афтæмæй та сывæллонмæ ныййарджытæ фылдæр хатт æрбацæуынц уыдонæн сæ тезгъо кæныны рæстæг. Æмæ уæд уый дæр чъизи къухæй бавналы адджинæгтæм. Æппæт уыдæттæм гæсгæ нæ хъæуы рæвдауæндонмæ адджинæгтæ кæнæ дыргътæ хæссын.

Сывæллонæн хæдзары нæ хъæуы дæттын, чипстæ æмæ газ кæм уа, ахæм адджын дæттæ, фæлæ хуымæтæджы хæдзарон хæринаг. Уыимæ ныййарджытæ хъуамæ зоной, сæ сывæллонæн сын рæвдауæндоны цы хæрын кæнынц, уый. Уый базонын зын нæу, меню ауыгъд вæййы рæвдауæндонмæ бацæуæны. Стæм хатт, зæгъæм, къуырийы дæргъы иу-дыууæ хатты æхсæвæрæн сывæллонæн радтын æмбæлы фых калбас, кæнæ сосискæтæ. Фæлæ уымæй арæхдæр нæ. Изæрæй сывæллонæн бахæрын кæнын æмбæлы къæдор, хъайла, йогурт, дзидза кæнæ кæсагæй конд хæринаг, халсæрттæ æмæ дыргътимæ. Рæвдауæндоны хæринаг улæфт бонты хæдзары дæр хъуамæ хæрой. Сывæллонæн нæ бæззы сурвых кæнæ фæздæгмæ чи сцæттæ вæййы, кæнæ æрдæгцæттæйæ уæййаг чи вæййы, ахæм хæринаг. Уый бæсты сын фылдæр дæттын хъæуы ногтынд дыргътæ æмæ халсæрттæ. Сывæллон иу дыргъыл ахуыр куы уа, уый дæр æвзæр у, хъуамæ хæра алыгъуызон дыргътæ, афтæ – халсæрттæ дæр. Сывæллонæн адджын дæттæ, чипстæ æлхæнын у тынг æвзæр. Зианæй уæлдай уыдон ницы сты, æмæ сæ сывæллон цас фæстæдæр базона, уый бæрц йе ‘нæниздзинадæн у хуыздæр.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.