Æмбисондæн афтæ фæзæгъынц: хорз ма ракæн æмæ фыд ма ссарай… Хуыцауæй кæд истæмæй арфæгонд нæ фестæм, уæд, сæйраджыдæр, сыхагæй. Ацы ныхæстæ арæх зæгъынц хуссарирыстойнæгтæ. Дзырд цæуыл цæуы, уый, æвæццæгæн, газеткæсæг бамбæрста… Нæ тугмондаг сыхæгтæй «бузныг» никуы фехъуыстам, кæд сæ кæддæр нæ фыдæлтæ алыгъуызон хæстыты скуынæгæй хызтой, уæддæр. Иу геноцидæй иннæ геноциды ’хсæн нын никуы радтой нæ риссаг хъæдгæмттæ байгас кæныны фадат. Иу тугкалдæй нæ бафсæстысты, æгъгъæд сæм нæ фæкаст, афтæмæй-иу ныл радон хатт рауагътой ног туджы зæй. Ссæдзæм азы геноцид нæ адæмæй никæмæй у рох, абон дæр ма-иу сæ æрæмысыдысты нæ хистæр кары адæм. Уый сын батад Советон Хицауады фæрцы. Фæлæ, уæддæр æмæ уæддæр сæ кæнон кодтой. Хъæддаг тугдзыхтау нын алыварсонæй дæр хæцыдысты нæ хурхытыл, ирон лæджы зæрдæ цæмæй фæрыстаид, уыцы фыдракæндтæ арæзтой. Арæзтой нын культурон геноцид. Байстой нын не ’взаг, дæлдзиныг кодтой аивады æмæ афтæмæй хынджылæг кодтой ирон национ хæзнатæй. Гуырдзиаг разамынад абон дæр бирæ историон факттæ æмбæхсы сæхи пайдайæн æмæ афтæмæй сæ фæсивæды, æмткæй сæ адæмы хъомыл кæны æнæраст æмæ мæнг позицитыл бындуриуæггæнгæйæ. Мах гуырдзиаг адæмы кæддæриддæр нæхицæн æфсымæртæ хуыдтам. Уыдон та ныл хинæй цыдысты æмæ æнхъæлмæ кастысты, нæ фæсонты та нын кард кæд ныссадздзысты. Фæзынд сын ахæм фадат, раст сæ уæды онг сæ æргом хæстæй чи урæдта, нæ уыцы иумæйаг бæстæ. Уæдæй райдыдта бирæазон геноцид… Кæд сæ фæндыд Хуссар Ирыстон æртхутæг фестын кæнын, уæд сын афтæ нæ рауад. Раст у, кæй фесæфтам æнæмсæр хæсты нæ хъæбулты, адæм та зындзинæдтæн фæразон кæй уыдысты, фæлæ абон Хуссар Ирыстон у хæдбар паддзахад ирон æхсар æмæ лæджыхъæды фæрцы, сæйраджыдæр та — æфсымæрон Уæрæсейы Федерацийы фæрцы.

Уыцы азты цы бавзæрстам, цы фыдмитæн уыдыстæм æвдисæн, уыдон нын иууылдæр риссаг æмæ дудаг сты, фæлæ дзы уæддæр Зары, афтæхуыйнæг «царды фæндаг»-ыл цы трагеди æрцыд, уый абон дæр у диссаг. Зары трагедийæ æвирхъаудæр æмæ уæззаудæр нæй. Уымæн æмæ иу боны мидæг уал адæймаджы фесафын мах хуызæн чысылнымæц адæмæн æгæрон трагеди у. Гуырдзиаг фашисттæ, худинаг цы у, уый ’мбаргæ дæр нæ кæнынц, æндæра уæд уыдон цы сарæзтой, уый у лæгæн стыр худинаггаг. Ирон лæг йæ сæрмæ уый никуы бахæсдзæнис æмæ къутæрты бынæй, сусæгæй сылгоймæгтæ æмæ сывæллон бæлццæттæм æхсæнгарз сиса.

Зары трагеди æрцыдис 1992 азы 20 майы. Уæд гуырдзиаг лæгсырдтæ сæ тæппуд сæртæ бааууон кодтой къутæрты æмæ æнхъæлмæ кастысты, мæлæты тасæй чи лыгъд кæнæ йæ хæдзармæ чи тагъд кодта, уыцы зæрæдтæм, æнахъом сабитæм æмæ ныццагътой æгъатырæй 36 ницыгæнæг адæймаджы, ныууагътой сæ сæ туджы мæцгæ æмæ сæ тæппуд сæртæн ссардтой æмбæхсæнтæ. Уæдæй рацыд 24 азы, фæлæ абон дæр ирон адæмæй судзгæ рыстæй риссы уыцы рыст.

Уыцы æнамонд уалдзыгон бон Дзауы районы Хъорсеуы хъæуы цæрæг Тедеты Домбайы хæдзарыл дæр акодта саубон. Уыцы бон сау халæтты хъæр райхъуыст сæ хæдзары сæрмæ…

Кæд Домбайæн йæ фæсонæрхæджы дæр никуы уыдис æмæ йæ уæздан æмæ куыстуарзаг цардæмбал Коцты Валя знаджы нæмыгæй æрбайсæфдзæн, уæддæр уыцы бонты йæ зæрдæ йæ бынаты нæ уыд, йæхи къултыл хоста æмæ цавæрдæр саудалынг хаста уæнгтæм… Тедеты Домбай бæргæ урæдта йæ цардæмбалы, фæлæ сылгоймагæн уыцы бон йæ бартæ йæхи кæй нæ уыдысты, бæрнджын кæй уыдис йæ куыст, сæйраджыдæр та, Ирыстоны адæмы раз, уымæ гæсгæ йæ нæ фæндыд фехалын Гиппократы ардбахæрд. Æмæ афтæмæй атагъд кодта йæ куыстмæ горæт Цхинвалмæ…

— 19-æм майы Валя йæ куыстмæ куы сфæнд кодта, уæд æй æз нæ уагътон. Кусгæ та кодта уыцы рæстæджы Цхинвалы тагъд æххуысы станцы. Мах уæдмæ хъомыл кодтам дыууæ чызджы æмæ уыдысты хæрзчысылтæ. Куыд æй хъуыды кæнут, афтæмæй уыцы рæстæджы Хуссар Ирыстоны уыдис тынг æндыгъд уавæр, æппынæдзух дзы нæрыдысты æхстытæ, уыдис дзы хæст.

Нырма йæ хæдзарæй нæ уагътон куыстмæ, стæй куы нал лæууыд, уæд Хъорсеуæй рараст стæм Дзауы районмæ. Хорз ма йæ хъуыды кæнын, уæд уыцы бон уарыд къæвда, афтæмæй хуылыдзæй æрхæццæ стæм райцентрмæ«. Æз мæхæдæг та Цæгат Ирыстонмæ цыдтæн мæ хъуыддæгты фæдыл. Бирæ фæлæууыдыстæм районы, фæлæ горæтмæ цæуæг машинæтæ нæ уыд. Уæд ын æз ногæй зæгъын, зæгъгæ, горæтмæ цæугæ дæр ницы кæны, цъиуызмæлæг дæр нæй æмæ ’рлæуу. Æнæуыйдæр ныххуылыдз дæ æмæ фæрынчын уыдзынæ. Æмæ та мын уæд ногæй, уайдзæфтæгæнæгау афтæ зæгъы: «Махæн, тагъд æххуысæн, йæ куыст уый у, цæмæй ахæм хæстон рæстæджы уæм нæ куысты уæлхъус æмæ адæмæн æххуыс кæнæм. Мæнæн ныр мæ рад æрцыд æмæ хъуамæ æнæмæнгæй ацæуон мæ куыстмæ куыдфæндыйæ дæр». Æз мæ бон куы базыдтон, фæстæмæ йæ кæй нал аздахдзынæн, уæд цæхгæр ницыуал загътон. Банхъæлмæ кастыстæм, цалынмæ кæцæйдæр мæ фыдбылызæн иу машинæ нæ фæзынд æмæ йыл Валя сбадт, уæдмæ. Йемæ ма горæтмæ сбадтис ме ’фсымæры цардæмбал Бесаты Аринæ дæр. Мæнæн мæ зæрдæ тынг æхсайдта, зæгъгæ, куыд ныххæццæ уыдзæн уыцы дард æмæ æвзæр фæндагыл. Стæй уыцы æхстыты куыд уыдзæн куысты. Фæлæ уæдмæ æз дæр мæ фæндаджы кой бакодтон æмæ ацыдтæн Цæгат Ирыстонмæ. Коцон йе ’фсымæримæ Алагирмæ куы ’рхæццæ стæм дыккаг бон, 20 майы, уæд уым иу таксисты (Чилæхсатæй уыдис уый) баурæдтон æмæ йæ афарстон уавæрæй, зæгъгæ, цы хабæрттæ ис Цхинвалы. Уый мын æвиппайды афтæ, зæгъгæ, цæй хабар, Зары, дам, ныццагътой адæмы! Уæд базыдтон ме ’намонд. Уайтагъд нæ фæндагыл рацыдыстæм æмæ Дзаумæ куы ’рхæццæ стæм, уæд кæсæм: адæм ратæх-батæх кæнынц, стыхстысты æмæ сæ цæссыгтæ калынц. Хъуыддаг ахъæр ис æмæ фæдисы тымбыл кодтой адæм райцентры. Горæтæй æрбадæдтой, чи фæмард, уыдоны хыгъд æмæ йæ зыдтой, Дзауæй дзы чи ис, уый дæр.

Æз нæхиуæтты федтон æмæ сæ фæрсын, Валя кæм ис, зæгъгæ, уымæй. Æмæ мын уæд афтæ зæгъынц: «Тæрсгæ ма кæн, фæцæф ис, фæлæ йын ницы уыдзæнис. Рынчындонмæ йæ аластой æмæ йын истытæ кæндзысты дохтыртæ». Æз, уыдæттæ хъусгæйæ, сфæнд кодтон горæтмæ, фæлæ машинæ дæр нал ардтон мæ фыртыхстæй. Уæдмæ ме ’фсымæр, нæхиуæттæ иууылдæр ацыдысты йæ ласынмæ æмæ æз та атагъд кодтон Хъорсеумæ, мæхицæн ныфсытæ ’вæргæйæ. Фæлæ цалдæр сахатмæ мæ ныфсытæ фескъуыдысты… Зианы моргæй раластой Валяйæн йæ хиуæттæ, уыдон æй æрбæстон кодтой æмæ йæ стæй æрбаластой Дзаумæ. Махæн уый уыдис тынг стыр трагеди, нæ рисыл нын фæрыстысты æгас район дæр æмæ йæ афтæмæй бавæрдтам«, — хъыгзæрдæйæ дзырдта Тедеты Домбай.

Уый ма нын куыд радзырдта, афтæмæй йæ цардæмбалы мæрдон буар уыд тынг цæфтæ. Æвæццæгæн, цалдæр нæмыгæй æхст баййæфта, æндæра йæ цæсгом ахæм гæмттæ нæ уыдаид. Йæ иу цæст дæр йæ бынаты нал уыд.

Куыд хъуамæ ферох уой ацы бинонтæй ахæм фыдмиаджы нывтæ. 20 азы нæ, фæлæ цæрæнбонтæм уыдонæн сæ трагеди никуы ахицæн уыдзæн сæ цæстытæй, сæ зæрдæтæй. Абон Тедеты Домбай йæ ныййарджыты æххуысæй схъомыл кодта, мады рæвдыд чи нæ базыдта, уыцы дыууæ хорз чызджы — Вандæ æмæ Лейлæйы. Сæ дыууæ дæр райстой уæлдæр ахуырад æмæ ныр сæхæдæг дæр сты ныййарджытæ. Уыдон, кæд сæ мады бынтон хорз нæ хъуыды кæнынц, уæлдайдæр та — Лейлæ, уæддæр хорз зонынц, сæ ныййарæг мады марджытæ гуырдзиаг фашисттæ кæй уыдысты. Уыдон сæ фыд æмæ хиуæттимæ ацы бон кæддæриддæр ссæуынц сæ мады уæлмæрдмæ æмæ йын цæссыгкалгæ ссарынц йæ рухс ном.

Тедеты Домбай ма махæн радзырдта, зæгъгæ, йæ цардæмбал куы фæзиан ис, уый фæстæ сын æххуысы хуызы горæт Цхинвалы, уырыссаг БАМ кæй хонынц, уым радтой иухатæнон фатер. Цалдæр хатт-иу ын æй байстой æмæ та-иу æй фæстæмæ рамбылдта. Фæлæ афтæ рауад, æмæ хæдзар бæстонæй байстой æмæ дзы абон цæрынц æндæр бинонтæ. Тедеты Домбай йæхæдæг ныртæккæ цæры вагоны æмæ йын Жакултайы хъæуы цы пырхытæ хæдзар ис, уырдæм бауагъта йе ’фсымæры, æд бинонтæ. Кæд дзы цæрынæн тынг мæгуырау уавæртæ ис, уæддæр сыл æндæр бон нæй æмæ дзы цæрынц. Хæдзар зæххæнкъуысты рæстæджы сызмæлыд æмæ аскъуыдтæ ис, фæлæ ноджы тынгдæр бахъыгдард ис 2008 азы, хæсты рæстæджы, хæдтæхджытæ цы бомбæтæ æркалдтой, уыдонæй. Чизоны, исты амæлттæ кæниккой хæдзар бацалцæг кæнынæн, фæлæ Тедеты бинонтæ хъомыл кæнынц рынчын сывæллоны, йæ хос кæнынæн та бахъæуы бирæ æхцайы фæрæзтæ. Чизоны сæм исты амонд æрхауа æмæ сын баххуыс кæной, саразой сын ног хæдзар хицауады æххуысæй. Фæлæ худинаг уæд, ахæм трагеди кæуыл æрцыдис, уыдоны хæдзармæ чи баххæссыд æмæ йæ чи байсын кодта, уыдонæн. Ацы хæдзар Тедеты Домбайæн уый куы фестадаид, æмæ йæ цардæмбал куынæ фæзиан уыдаид, уæд абон Домбай афтæ æрхæндæгæй æмæ цæссыгкалгæйæ нæ дзырдтаид махæн йæ царды уæззау бон — Зары трагедийыл.

 


 

Зары трагедийы удæгасæй чи аирвæзтысты, уыдонæй иу, Бесаты Аринæ та нын æрымысыд æмæ радзырдта, уыцы бон цы æгъдауæй рацыд ацы æлгъыст фæндагыл æмæ цы тас бавзæрста, æппæт уыдæттæ. Тугамæхст мард буæртты ’хсæн уымæн уыдис йæ амонд æмæ абон дæр у сæрæгас, кæд знаджы нæмгуыты схъистæ нырма дæр йæ буары сты, уæддæр.

— Уыцы сау бон æз дæр бахъуыды кодтон цæрæнбонтæм. Раст цыма знон уыдис, афтæ уайынц мæ цæстыты раз адæмы тыхстдзинад, стæй туджы лæсæнтæ æмæ мæ ныййарæг мады сонтфарст, зæгъгæ, æз удæгасæй баззадтæн. Знаджы нæмгуытæ йæ афтæ фæриссын кодтой, æмæ йæ бон фезмæлын дæр нал ссис, кæд æххуыс агуырдта, уæддæр… Æз мæхæдæг ахæм уавæры уыдтæн, афтæ фæтарстæн æмæ цы ’рцыдис, уый кæронмæ уæд æмбаргæ дæр нæ бакодтон.

Хуссар Ирыстоны змæстыты рæстæджы æз уыдтæн мæ цæгаты. Цардыстæм Цхинвалы, ЦАРЗ-ы районы. Мæ сывæллоныл уæд цыдис 2 азмæ æввахс. Тынг æхсын куы райдыдтой, уæд мæ фыд йæхицæн бынат нал ардта, маст кодта, зæгъгæ, куыд уыдзынæн æд сывæллон горæты æмæ мын загъта, цæмæй ацыдаиккам Дзаумæ. Дзауы та цæры мæ мады хо. Уæд вокзалæй æрвыстой сывæллæтты, адæмы æмæ мах дæр уырдыгæй ацыдыстæм Дзаумæ. Дыууæ боны фестæм Дзауы æмæ мæ документтæ куы ’рцагуырдтон, уæд рабæрæг ис, Цхинвалы мын кæй баззадысты, уый. Уæд ногæй сфæнд кодтон рацæуын Цхинвалмæ мæ документтæм, кæд мæ нæ уагътой, уæддæр. Уыцы рæстæджы Дзауæй горæтмæ æрцæуын афтæ æнцон нæ уыд. Бирæ фæлæууыдыстæм мæ файнуст, дзæнæттаг Коцтыты Валяимæ æмæ нæ кæддæр-кæддæр иу машинæ авæрдта. Зары фæндаг уыдис æвзæр, машинæ дзы бирæ рæтты хизгæ дæр нæ кодта, афтæмæй фæудхар кодтам æмæ æрхæццæ стæм горæтмæ. Горæты мах фæхицæн стæм. Æз хæдзармæ рацыдтæн, уый та куыстмæ атагъд кодта. Дыккаг бон фæстæмæ Дзаумæ цæуын æмæ мын мæ мад афтæ, æз, дам дæ ахизын кæндзынæн (Уырысмæ цæуинаг уыдтæн æмæ мæ хизын кодта). Мæ фыды та нæ фæндыд, цæмæй мæ мад мемæ рацыдаид. Рацыдыстæм мæ мадимæ хæдзарæй æмæ ссыдыстæм, Исахъ æмæ Хъайтарты уынгтæ кæм иу кæнынц, уыцы ранмæ.

Иу дæс сахатмæ æввахс фæлæууыдыстæм æмæ стæй иу стыр машинæ кæцæйдæр фæзындис. Йæ шофыр — Куымæридтатæй. Уый нæм дзуры, зæгъгæ мæм ис бынат, фæлæ фæтагъд кæнут. Уалынмæ кæсын, æмæ та Валя дæр уым, баиу та стæм, хынджылæг дæр ма кодтам, зæгъгæ та иумæ бахаудтам. Мæ мады хæстæг сылгоймаг дæр немæ уыдис æмæ ма Дзауæй ноджы чидæр, фæлæ йæ нал хъуыды кæнын. Мах ма Валяимæ дзулфыцæн комбинатмæ балыгъдыстæм, зæгъгæ, дам, фæндаг даргъ у æмæ тæвд дзул немæ ахæссæм. Дзултæ рахастам æмæ схызтыстæм мах дæр машинæйы гуыффæмæ. Машинæ байдзаг ис æмæ анкъуыстыстæм. Цасдæр куы рацыдыстæм, уæд æнæнхъæлæджы фæцыдис æхстытæ. Уый размæ нæ шофыр афæдзæхста, зæгъгæ, ныртæккæ фæхæрд кæндзыстæм, æвзæр схизæн у æмæ фидар хæцут. Машинæйы хъæр, хъæлæбайæ ницыуал хъуыст, фæлæ æвиппайды æхстытæ фæкъуырма кодтой уыцы хъæлæба. Сылгоймæгтæ мæтгæнгæйæ афтæ бакодтой, зæгъгæ ма нæ гъеныр æхстытæ хъæуы. Афтæ фенхъæлдтам, нæхиуæттæ æхсынц. Уый та куыд рабæрæг, афтæмæй шофыры фехстой æмæ машинæ æрлæууыдис йæ цыдæй. Уæдмæ мæ мад, Джиоты Зенфирæ дзуры, зæгъгæ, мæ бынатмæ рахиз æмæ мæ бынаты æрлæуу (мæнæн фæндагыл мæ зæрдæ хæццæгæнаг у æмæ мыл уый тыххæй тыхстис). Машинæ æмбæрзт уыд брезентæй æмæ дзы ранæй-рæтты уыдис чысыл тымбыл рудзынггæндтæ. Мæнæн мæ иу фарс мæ мад уыдис, иннæ фарс та — Валя, афтæмæй нæхицæн ныхасгæнгæйæ нæ фæндаг кодтам. Уалынмæ фæцыдис дæргъвæтин æмæ иугæндзон æхстытæ. Адæм схъомпал сты æмæ дзы чидæртæ ныхъхъæр кодтой: «Фæдис, фесæфтыстæм!». Æз ницыуал бамбæрстон, афтæмæй ахицæн дæн. Адæмы бын фæдæн. Мæхимæ куы ’рцыдтæн, уæд банкъардтон рыстытæ, мæ бæрзæй уыд цæф. Сыстадтæн, æмæ куыд къуырма адæймаг, афтæ мæ цæст ахастон æмæ дзы федтон иу лæппуйы, абон дæр æй нæ зонын, чи у. Нымдзаст æм дæн, кæсын æм: йæ къухтæ цæфтæ, сæ тугтæ кæлынц, афтæмæй хаудæй лæууыд. Æз дзы мæ цæст фырдиссагæн нал истон æмæ мæм уæд дзуры, зæгъгæ мæм ма кæс, фæлæ сыст æмæ ахиз тагъд. Æз брезенты хуынкъæй акастæн æмæ федтон гуырдзиæгты. Чысылтæ æмбæрстон гуырдзиагау æмæ сын сæ ныхас афтæ бамбæрстон, зæгъгæ, дам, тагъддæр фæкæнут, æндæра ныртæккæ куы ссæуой, уæд мах дæр нал баззайдзыстæм удæгас. Уыдон лæууыдысты тымбылæй æмæ сыл уыдис хуымæтæг дарæс, формæ нæ, фæлæ. Машинæ хъуамæ гранатæй спырх кодтаиккой æмæ сын уыйонг не ’рбатылд, дæлвæндаг ахаудта æмæ уæд ныггуыпп кодта.

Машинæйы ма разынд ноджыдæр иу лæппу, уый цæф нæ уыд. Æмæ мын афтæ: «Аххуыс дын кæнон æмæ машинæйæ рахизай», — тугкалгæйæ мæ куы федта, уæд мын батæригъæд кодта. Æз мæрдты сæрты хызтæн æмæ фыртасæй æппындæр ницы хатыдтæн. Фехъуыстон ма фæстейæ мæ мады хъæр. Уый мæ афарста, зæгъгæ, удæгас ма дæ, æмæ стæй йæ цардæй ахицæн ис. Уымæн йæ риу уыдис хуынчъытæ æмæ йын фервæзæн нал уыдис.

Йæ къухтæ цæф кæмæн уыдысты, уыцы лæппу мыл фæхъæр кодта ногæй, зæгъгæ, ахиз тагъддæр. Мæрдты сæрты хизгæйæ дзы бирæты уынæргъын райхъуыст, æвæццæгæн-иу сыл куы фæлæууыдтæн, уæд-иу сæ цæфтæ фæрыстысты, фæлæ мæнæн дæр æндæр гæнæн нæ уыдис. Лæппу мæ рахизын кодта машинæйæ æмæ ма абон хъуыды кæнын, цалдæрæй ма дзы удæгасæй кæй баззадыстæм. Федтон дзы иу бинонты, ус æмæ лæджы сæ дыууæ сывæллонимæ. Иу та нæ къуайсайаг уыдис. Мах иумæ уырдыгæй рараст стæм къахæй æмæ иу хæдзармæ хæстæг куы ’рбацыдыстæм, уæд нæ фæстейæ раййæфта машинæ. Уый та уыд, йæ къухтæ цæф кæмæн уыдысты, уыцы лæппу. Бадтис «Нива» машинæйыл æмæ мах та афтæ фенхъæлдтам, фæстейæ нæ ногæй гуырдзиæгтæ расурынц æмæ дæлбыл атахтыстæм.

Абон дæр ма мæ хъустыл уайы, гуыффæйæ куы рахызтæн æмæ Зары хъæуы ’рдæм куы рацæйцыдыстæм, уæд нæм рог машинæйæ, æнхъæл дæн, «Виллис» уыд, иу къаннæг лæппу фæстейæ хъæр кодта: «Мæ ма ныууадзут!..».

Мах дæлбылæй скодтой, фæдисы чи ’рбацыдысты, уыцы æххуысгæнджытæ æмæ нæ тугкалгæйæ æрхæццæ кодтой горæты рынчындонмæ. Цалынмæ мын мæ мады бавæрдтой, уæдмæ мын æй хъæр дæр нæ кодтой, мæхæдæг дæр уæззау кæй уыдтæн, уый тыххæй. Мæ цонджы æмæ мæ астæуы ис нырма дæр гранаты схъистæ. Мæ цонг иу афæдзы бæрц исгæ дæр нæ кодтон, афтæмæй фыдæбойнаг фæдæн, — йæ цæссыг сæрфгæ дзырдта Бесаты Аринæ.

Куыд рабæрæг ис, афтæмæй Бесаты чызгæн пенси нысангонд не ’рцыд, кæд æм æмбæлы, уæддæр. Уæлдæр ма йæ куыд банысан кодтам, афтæмæй Аринæ хъомыл кæны рынчын сывæллоны æмæ йæ тынг арæх бахъæуы республикæйæн æдтæмæ ацæуыны сæр рынчындæттæм. Афæдз æй дыууæ хатты фæхъæуы ацæуын Мæскуымæ. Йæхæдæг куыд загъта, афтæмæй иу цалдæр хатты Республикæйы Хицауадæй райста финансон æххуыс. Æхцайы фæрæзтæй ма йын баххуыс кодта Дзауы районы администрацийы сæргълæууæг Чилæхсаты Владимир дæр, афтæ ма Дзауы скъола-интернаты ахуыргæнджытæ дæр. Се ’ппæтæн дæр арфæ кæны æмæ сын газеты руаджы зæгъы бузныджы ныхæстæ Бесаты Аринæ.

Цхуырбаты Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.