Мыхуыры рацыд æмæ йæ кæсджытæм фæхæццæ сабиты уарзон журнал «Ногдзау»-ы фæндзæм номыр. Куыд æрвылхатт, афтæ ныр дæр журнал хъæздыг у алыгъуызон æрмæджытæй æмæ сæ сабитæ бакæсдзысты зæрдиагæй. Сæххæст 110 азы фыссæг Гаглойты Федыры (Гафез) райгуырдыл æмæ уый фæдыл «Ногдзау» йæ фыццаг фарсыл фыссы юбиляры цард æмæ сфæлдыстады тыххæй, мыхуыр дзы æрцыд йе ‘мдзæвгæ «Хур дæр нал у хуры хуызæн ирддзаст» дæр. Дарддæр журналы мыхуыргонд ис æрмæг «Минæвæрттæ» æмæ дзы дзырдæуы ирон æгъдауы тыххæй.Раздæр азты-иу сæ фæззыгон куыстытæ куы фесты, уæд алы бинонтæ дæр бæрæг кодтой сагæйтты æхсæв æмæ куырдтой, цæмæй сæ кусæнгæрзтæ уой фылдæр æмæ сæ архайой æнæнизæй. Уый фæдыл дзырдæуы уац «Сагæйтты æхсæв»-ы.

Журнал кæддæриддæр бынат радты йæ кæсджытæн æмæ сын ныммыхуыр кæны се ‘мдзæвгæтæ. Ацы номыры дæр кæсджытæ базонгæ уыдзысты гимназ «Диалог»-ы ахуыргæнинæгтæ Бекъойты Аделинæ æмæ Касаты Алинæйы æмдзæвгæтæ «Ныййарæг мад» æмæ «Мæ ахуыргæнæг»-имæ. Дзæуджыхъæуы 43-æм скъолайы 8-æм къласы ахуыргæнинаг Уанеты Сосланæн мыхуыргонд æрцыд йæ уац «Мæ Ирыстон». Кæстæр фæлтæрæй ма ацы номыры мыхуыр æрцыд Беслæны 7-æм скъолайы 5 «А» къласы ахуыргæнинаг Арзуманян Иринæйы аргъау «Зондджын аргъау». Дарддæр сабитæ сæхи аирхæфсдзысты, «Ногдзау»-ы арабаг, уырыссаг æмæ ирон æвзæгтыл цы базон-базонтæ ис, уыдоныл. Рубрикæ «Æмбисæндтæ»-йы та мыхуыр сты ирон, сомихаг, абхазаг æмæ æндæр адæмты æмбисæндтæ. «Ахуыр кæнæм мадæлон æвзаг» – ахæм рубрикæйы бын та кæсджытæ базонгæ уыдзысты 11 дзырдимæ иронау, дыгуронау æмæ уырыссагау. Кæстæртæ æхсызгонæн бакæсдзысты Хъæцмæзты Иналы радзырд «Гæдыйы лæппынтæ». Ноджы ма дзы мыхуыргонд æрцыд арабаг адæмон аргъау «Кошка и мышь».

Редакцийы коллектив хорз кæны, йæ кæсджыты кæй зонгæ кæны Нарты кадджыты персонажтимæ æмæ та дзы ныр дæр бакæсдзысты ирон мифологийы куырдты бардуаг Куырдалæгоны тыххæй. Сабитæ базонгæ уыдзысты Джимиты Кларæйы «Хæлиудзых паддзах»-ы райдианимæ. Журналкæсджытæ ма базонгæ уыдзысты Добаты мыггаджы равзæрдимæ. Мыхуыр ма дзы сты æмæ кæсджытæ базонгæ уыдзысты «Ногдзау»-ы конкурсты уæлахиздзаутимæ, стæй хъæбысхæст, сканворд, филворд, дзырдбыд æмæ æн-дæр æрмæджытимæ.

«Ногдзау» аивадон æгъдауæй сфæлгонц кæныныл хорз бакуыстой нывгæнджытæ Абайты Аркади, Айларты Владимир, Хъодзаты Аидæ æмæ Гаппуаты Наталья.

                                                           ХУЫБИАТЫ Никъала

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.