Мыхуыры рацыд æмæ йæ кæсджытæм фæхæццæ сабиты уарзон журнал «Ногдзау»-ы ацы азы æртыккаг номыр. Куыд æрвылхатт, афтæ та ацы номыры дæр ис бирæ цымыдисон æмæ ахсджиаг æрмæджытæ.

Сæххæст 90 азы Ирыстоны адæмон фыссæг, поэт, прозаик, литературон критик æмæ тæлмацгæнæг Хуыгаты Сергейы райгуырдыл. Юбиляры тыххæй «Ногдзау» йæ фыццаг фарсыл  кæсджыты зонгæ кæны Хуыгайы фырты цард æмæ сфæлдыстадимæ цыбыртæй. Журналы ма мыхуыр æрцыд йе ‘мдзæвгæ дæр.

Нæ адæммæ бирæ бæрæгбонтæ ис, уыдонæй сæ иу у «Донмæцæуæн бон» æмæ йемæ кæсджыты зонгæ кæны ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл. Скульптор Гадаты Лазары, райгуырдыл сæххæст 85 азы. «Ногдзау» йæ фæрстыл дзуры скульпторы дæсныйады тыххæй, стæй ма дзы фенæн ис йæ куыстытæн дæр.

Журнал хорз кæны, нæ чысыл хурты уацмыстæ йæ фæрстыл кæй мыхуыр кæны, уымæй. Ацы номыры дæр дзы кæсджытæ базонгæ уыдзысты Цхинвалы аивæдты лицейы 7-æм къласы ахуыргæнинаг Гуыбиаты Сосланы аргъау «Сæгъы сæр»-имæ. Йæ хъæуы тыххæй дзуры Цхинвалы 1-æм скъолайы 3-æм «б» къласы ахуыргæнинаг Санахъоты Миланæ йæ уац «Мæ уарзон хъæу- Цъорбис»-ы. Дарддæр дзы се ‘мдзæвгæтæ мыхуыр æрцыдысты Дзæуджыхъæуы гимназ «Диалог»-ы 7-æм къласы ахуырдзау Касаты Алинæйы æмдзæвгæтæ «Мæ мад» æмæ «Ныййарæг зæхх», стæй ма Дзæуджыхъæуы лицейы 7-æм къласы ахуырдзау Мæрзойты Камилæйы æмдзæвгæ «Дигорæ». Æвзонг кæсджытæ æхсызгонæй бакæсдзысты Джимиты Кларæйы аргъау «Гидайы тыххæй».

Журналы редакци ивгъуыд аз расидт цалдæр конкурсы æмæ уæлахиздзауты къамтæ фендзысты йæ кæсджытæ. Редакци хорз кæны, æрыгон кæсджыты кæй зонгæ кæны æндæр адæмты сфæлдыстадимæ дæр. Ацы номыры дæр та сабитæ бакæсдзысты уырыссаг æвзагмæ тæлмацæй италиаг адæмон аргъау «Веселый сапожник».

Журналы коллективæй рох не сты Нарты кадджытæ дæр æмæ сын йæ фæрстыл радты бынат. Ныр дæр та дзы мыхуыр æрцыд «Дауджыты лæвæрттæ Сосланæн». Ирон мыггæгты равзæрды тыххæй ис бирæ таурæгътæ æмæ семæ цымыдисæй базонгæ вæййынц кæсджытæ, «Ногдзау» сын йæ фæрстыл цы æрмæджытæ радæтты, уыдонимæ. Ацы номыры дæр та дзырдæуы Хъесаты мыггаджы тыххæй.

«Ногдзау»-ы ма цымыдисон æрмæджытæ бакæсæн ис ахæм сæргæндты бын, куыд «Базон-базонтæ», «Ахуыр кæнæм мадæлон æвзаг», «Ирыстоны зайæгойтæ æмæ цæрæгойтæ», «Æмбисæндтæ», «Дзырдæппарæнтæй хъазт», «Филворд», «Базон-базон», «Нæ хурты хуртæн», стæй сканворд, дзырдбыд æмæ æндæр ахæмтæ.

«Ногдзау» сфæлгонц кæныныл бакуыстой нывгæнджытæ Дзиуаты Земфирæ, Абайты Аркади, Гаппуаты Наталья æмæ Айларты Владимир.

                                                      ХУЫБИАТЫ Никъала

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.