Мыхуыры рацыд æмæ йæ кæсджытæм фæхæццæ сабиты уарзон журнал  «Ногдзау»-ы ацы азы цыппæрæм номыр. Æрвылхаттау та  дзы ныр дæр нæ кæстæртæ базонгæ уыдзысты бирæ цымыдисон æмæ ахсджиаг æрмæджытимæ. Сæххæст 100 азы зынгæ ирон поэт Калоты Хазбийы райгуырдыл. Уый хъæбатырæй фæмард Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хæрз æвзонгæй, фæлæ ирон литературæйы ныууагъта зынгæ фæд. «Ногдзау» йæ кæсджыты зонгæ кæны йæ цыбыр биографиимæ, бакæсдзысты ма дзы йе ‘мдзæвгæ-æмбисонд «Гуымыдза сæгъ».

Рубрикæ «Æгъдæуттæ»-йы мыхуыр æрцыд «Аходæггаг æмæ базыг кæстæрмæ цæмæн дæттынц» æмæ йæ базондзысты, куы йæ бакæсой, уæд. «Æмбисæндтæ», зæгъгæ, ахæм рубри-кæйы бын та  «Ногдзау» йе ‘взонг кæсджыты базонгæ кæндзæн ирон, дыгурон æмæ уырыссаг æмбисæндтимæ.

Ацы номыры та журналы уазæг у «Ногдзау»-ы конкурс «Ирон æвзаг! Мæ зынджы хай, мæ арт»-ы уæлахиздзау Дудайты Каринæ æмæ дзуаппытæ кæны редакцийы фарстатæн. Ирон адæммæ бирæ бæрæгбонтæ ис, уыдонæй сæ иу у Атынæг æмæ журнал мыхуыр кæны ацы бæрæгбоны тыххæй. «Ногдзау» алы номыры дæр фæндаг дæтты, поэзийы комулæфтæй хайджын чи у, уыцы кæстæртæн. Ацы номыры рубрикæ «Æмдзæвгæтæ»-йы журналкæсджытæ базонгæ уыдзысты Нартыхъæуы астæуккаг скъолайы 7-æм къласы ахуыр-дзау Зæйттаты Данæ æмæ Дзæуджыхъæуы 50-æм астæуккаг скъолайы 6-æм къласы ахуырдзау Къораты Аминæйы æмдзæвгæтимæ. Рубрикæ «Аргъау»-ы бын та Рæмоновæйы астæуккаг скъолайы ахуырдзау Хосроты Русланæн мыхуыр æрцыд йæ уацмыс «Хæрæг æмæ бирæгъ». Рубрикæ «Радзырд»-ы йæ уацмыс «Æмбæлттæ» мыхуыр кæны Ногхъæуы скъолайы 6-æм къласы ахуырдзау Хынцæгты Аланæ.

Сæххæст 65 азы поэт, прозаик, тæлмацгæнæг, этнограф, литературон критик æмæ публицист Хохойты Энверы райгуырдыл. Фыссæджы тыххæй  сабитæ базонгæ уыдзысты йæ цардафыст æмæ йæ иу  æмдзæвгæимæ, ис дзы йæ къам дæр. «Ногдзау»-ы редакци рæстæгæй-рæстæгмæ йæ фæрстыл радты, раздæры мыхуыргонд æрмæджытæй рубрикæ «Ногдзау»-ы архивæй: «Ацы номыры кæсджытæ базонгæ уыдзысты 1980 азы Быдыры Дæргъæвсы скъолайы ахуырдзау Цырыхаты Бертæ æмæ Нартыхъæуы скъолайы ахуырдзау Къарджиаты Толикы æмдзæвгæтæ «Дидинæг» æмæ «Хурзæрин»-имæ.

«Æфсымæрон адæмты сфæлдыстад», зæгъгæ, ахæм рубрикæйы бын журналкæсджытæн йæ  уацмыс мыхуыр кæны Дагъыстаны республикæйы Талгийы хъæуы №24 иумиагахуырадон скъолайы 9-æм къласы ахуырдзау Багандова Хадижат æмæ хуыйны «Семейная сказка». Рубрикæ «Ирон хъæутæ»-йы йæ райгуырæн Æхсæуы хъæуы тыххæй фыссы Мæцутийы скъолайы ахуырдзау Сакъиты Миленæ, ис дзы йæ къам дæр.

Хетæгкаты Къоста йе ‘нæмæлгæ чиныг «Ирон фæндыр» мыхуырмæ куы цæттæ кодта, уæд ын Джиоты Пора стыр æххуыс бакодта. Уый ныффыста бæлвырд рецензи, алы æмдзæвгæ дæр йæ политикон ахастдзинадмæ гæсгæ лæмбынæг æвзаргæйæ. Рубрикæ «Иры намыс»-ы «Ногдзау» фыссы Порайы цардвæндаджы тыххæй, ис дзы йæ къам дæр. Рубрикæ «Ирон мыггæгтæ»-йы бын та йæ мыггаджы историйы тыххæй фыссы Дзæуджыхъæуы 24-æм астæуккаг скъолайы 9-æм къласы ахуыргæнинаг Мæрзойты Миланæ. Журналы ма цымыдисон æмæ ахсджиаг æрмæджытæ мыхуыр æрцыдысты ахæм рубрикæты бын: «Зарæг», «Ирыстоны зайæгойтæ æмæ цæрæгойтæ», «Хуры тын», «Хъæзтытæ», «Базон-базонтæ», стæй – сканворд æмæ дзырдбыд.

«Ногдзау» аивадон æгъдауæй сфæлгонц кæныныл хорз бакуыстой нывгæнджытæ Айларты Владимир, Мамсыраты Хасан æмæ Абайты Аркади.

                  ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.