Куыд иннæ номыртæ, афтæ та сабиты уарзон журнал «Ногдзау»-ы дыккаг номыр дæр хъæздыг у алыхуызон цымыдисон æрмæджытæй æмæ сæ æхсызгонæн бакæсдзысты нæ чысыл хуртæ. Сæххæст 110 азы советон ирон театры зындгонд актер, диссаджы хъæлæсы хицау, зарæггæнæг Баллаты Владимиры райгуырдыл. 60 азы дæргъы уæхскуæзæй фæкуыста ирон драмон театры. Йæ сæххæстгонд зарджытæ систы уарзон адæмæн æмæ сæм абоны бон дæр фæхъусынц зæрдиагæй. Журналы ис Владимиры къам дæр. Рубрикæ «Журналы уазæг»-ы редакцийы фарстатæн дзуапп дæтты журнал «Ногдзау»-ы конкурсты уæлахиздзау Бæдтиаты Мæдинæ.

Нæ адæммæ бирæ бæрæгбонтæ ис æмæ уыдонæй сæ иу – къутугæнæнимæ журнал йæ кæсджыты зонгæ кæны рубрикæ «Бæрæгбæттæ»-йы. Рубрикæ «Æгъдæуттæ»-йы та мыхуыр æрцыд ахæм уац «Цæхх-фынджы сæр». Куыд æрвылхатт, афтæ та ацы номыры дæр журнал йæ фæрстыл мыхуыр кæны æвзонг авторты уацмыстæ, уыцы нымæцы Дзæуджыхъæуы 44-æм скъолайы ахуырдзау Хуыджиты Георгийы æртæ æмдзæвгæйы «Мæ хо Дзерассæ», «Саниба» æмæ «Уалдзæг». «Таурæгъ», зæгъгæ, ахæм рубрикæйы бын æвзонг кæсджытæ базонгæ уыдзысты Æрыдоны 1-æм астæуккаг скъолайы ахуырдзау Уазиты Анжеликæйы æрмæг «Зæрдылдарæн цау» æмæ рубрикæ «Аргъау»-ы та йæ уацмыс «Бирæгъ æмæ фыййау» ныммыхуыр кодта Дзæуджыхъæуы 11-æм астæуккаг скъолайы 8-æм къласы ахуыргæнинаг Дзеранты Эрик. Редакцийы коллектив нæ ферох кодта, зарын чи уарзы, уыцы кæстæрты дæр æмæ рубрикæ «Зарæг»-ы самондзысты Гæджынон-Хабæты Риммæйы ныхæстыл фыст зарæг «Адджын фын», музыкæ та йын ныффыста Евгений Воложанин. Мыхуыр сты зарæджы ныхæстæ æд нотæтæ.

«Хистæрты сфæлдыстад сабитæн»-ы бакæсдзысты Уалыты-Гæззаты Илонæйы æмдзæвгæ.

Бирæ сты, Ирæн йæ кад æмæ зондæй уырдыг чи лæууыд, ахæмтæ. Уыдон нымæцмæ хауы Магкаты Зураб дæр. «Иры намыс»-ы рубрикæйы бын «Ногдзау»-ы кæсджытæ базонгæ уыдзысты Магкайы фырты цард æмæ сфæлдыстадимæ цыбыртæй. Рубрикæ «Æфсымæрон адæмты сфæлдыстад»-ы журнал йæ кæсджыты зонгæ кæны Азербайджаны Республикæйы Сумгаиты горæты №1 скъолайæ Алиев Азады уацимæ «Азербайджан». Редакци хорз кæны, раздæр азты йæ фæрстыл цы æрмæджытæ æрцыд мыхуыр, уыдонимæ абоны кæсджыты кæй зонгæ кæны, уымæй. Ныр дæр йæ архивæй радæтта 1982 азы Джызæлы 2-æм астæуккаг скъолайы ахуыргæнинаг Хъыргъаты Анджелæйы æмдзæвгæ «Мæ хъæу» æмæ г. Орджоникидзейы 21-æм скъолайы ахуыргæнинаг Булацаты Аллæйы æрмæг «Пыхцыл». Рубрикæ «Радзырд»-ы кæсджытæ базонгæ уыдзысты Суададжы астæуккаг скъолайы 4-æм къласы ахуырдзау Букулаев Эрикы «Мæхи уызын»-имæ.

Хорз у, редакци кæстæртæн фадат кæй дæтты сæ хъæуты равзæрды историйы тыххæй æрмæджытæ цæттæ кæнынæн. Ацы номыры дæр та рубрикæ «Ирон хъæутæ»-йы йæ райгуырæн Заманхъулы равзæрд æмæ йæ номдзыд адæймæгты тыххæй фыссы ацы хъæуы скъолайы 8-æм къласы ахуырдзау Æгайты Азæмæт. Сæлбиты мыггаджы тыххæй та кæсджыты зонгæ кæны Елхоты дыккаг скъолайы 7-æм къласы ахуырдзау Сæлбиты Георги. «Ногдзау»-ы ма мыхуыр æрцыдысты  цымыдисон æмæ хъæуæг æрмæджытæ ахæм рубрикæты бын, куыд «Ирыстоны зайæгойтæ æмæ цæрæгойтæ», Базон-базонтæ, «Ахуыр кæнæм ирон æвзаг», «Æмбисæндтæ», стæй сканворд, дзырдбыд æмæ æндæртæ.

«Ногдзау» аивадон æгъдауæй сфæлгонц кæныныл хорз бакуыстой нывгæнджытæ Айларты Владимир, Абайты Аркади æмæ Мамсыраты Хасан.

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.