Ацы бонты 12 ноябры нæ горæтмæ фæуазæг сты Цæгат Ирыстоны журнал «Ногдзау»-ы сæйраг редактор Томайты Сергей æмæ уадзæг редактор Сæлбиты Дианæ. Уыдон фыццаг фембæлдысты гимнази «Альбион»-ы райдиан кълæсты ахуыргæнинæгтимæ. Уадзæг редактор Сæлбиты Дианæ сабитæн лæмбынæг æрдзырдта журналы мидис æмæ йæ алы фарсы æрмæджыты тыххæй. Уый сывæллæттæм лæвæрдта алыгъуызон фарстатæ, куыд зæгъæм, Ирыстоны кувæндæтты бынæтты тыххæй,  генеалогион бæласы, дзырдта сын базон-базонтæ æмæ сæм хатыд, цæмæй зайæгойты æмæ цæрæгойты нæмттæ тæлмац кодтаиккой ирон æвзагæй уырыссаг æвзагмæ. Сывæллæттæ тынг цымыдисæй хъуыстой журналы уадзæг редактормæ æмæ йын лæмбынæг дзуаппытæ лæвæрдтой йæ фарстатæн. Уый фæстæ ахуыргæнинæгтæм бахатыд, ирон литературæйы бындурæвææрæг Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæтæй цалдæр радзырдтаиккой æнæкæсгæйæ. Ахуырдзаутæн се ‘ппæтæн дæр лæвæрд æрцыд журнал «Ногдзау»-ы фæстаг номыр æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæ.

Уадзæг редактор Сæлбиты Дианæ ахуыргæнджытæм бахатыд, цæмæй сæ хъомылгæнинæгтæй иронау æмдзæвгæтæ, радзырдтæ, аргъæуттæ чи фыссынц, уыдон се ‘рмæджытæ æрвитой журнал «Ногдзау»-ы редакцимæ ахæм электронон адресыл: nogdzau@mail.ru, тел. 70-09- 29.

Журналæн ис тынг хъæздыг истори. Мыхуыр цæуы 1937 азæй фæстæмæ  дыууæ мæйы иу хатт. Райдианы журналы фылдæр мыхуыр цыдысты ирон фысджыты уацмыстæ. Журнал «Ногдзау»-ы мидис æххæстæй ивд æрцыд. Ныр йæ фæрстыл фенæн ис бирæ ног рубрикæтæ куыд уырыссаг, афтæ нæ мадæлон ирон æвзагыл дæр. Афтæмæй, зæгъгæ, сывæллæттæ хуыздæр бамбардзысты мыхуыргонд æрмæджыты мидис. Æмдзæвгæтæ, аргъæуттæ, ирон авторты радзырдтæ, зарджытæ, базон-базонтæ, æмбисæндтæ, ирон бæрæгбæттæ æмæ æгъдæуттæ сты нывджын иллюстрацитæй ахуырст. Журнал у тынг хуымæтæг, цымыдисон æмæ æмбаргæ æвзагыл фыст. Ивд æрцыд журналы гæххæтты гъæд дæр. Иудзырдæй, редакцийы коллектив æппæт дæр сарæзтой, цæмæй  журнал цымыдисон уа куыд хистæр кары сывæллæттæн, афтæ хистæр кары адæймæгтæн дæр,  ахъаз кæна рæзгæ фæлтæры хъусдард мадæлон  æвзагмæ аздахынæн.

Журнал «Ногдзау»-ы сæйраг редактор Томайты Сергей куыд банысан кодта, афтæмæй ахæм презентацитæ уагъд цæудзысты горæт Цхинвалы иннæ скъолаты дæр.  «Æрæджы нын фембæлд уыд РХИ-йы Президент Бибылты Анатолиимæ, кæцы нын ныфс бавæрдта нæ фарсмæ кæй æрбалæудзæн журнал рафыссыны хъуыддаджы. Мах нæ фæнды æвзонг паддзахады бюджетæй фæрæзтæ исын, фæлæ нын уый хыгъд стыр æххуыс фæуаит журнал куы рафысиккой, уый. Уымæй дæр йæ аргъ у бынтон аслам  258 сомы æрдæг азæн», – загъта Томайты Сергей.

Сæлбиты Дианæ куыд банысан кодта, афтæмæй Хуссар Ирыстонмæ æрцыд фыццаг хатт. «Мах тынг фæнды, цæмæй журналы Цæгат Ирыстоны скъолатæ куыд архайынц, ома дзы мыхуыр кæнынц сæ уацмыстæ, афтæ дзы мыхуыр кæной хуссарирыстойнаг сывæллæттæ дæр. Мах абон журналы ног концепцийыл бакуыстам уый тыххæй, цæмæй скъолатæн фылдæр фадат уа сæхи сфæлдыстад мыхуыр кæнынæн. Сывæллон   йæхи кардзыд авторы сфæлдыстадимæ куы зонгæ кæна, уæд æй уый тынгдæр сразæнгард кæндзæн фыссынмæ. Мах тынг фæнды, цæмæй Хуссар Ирыстоны сывæллæттæ дæр зонгæ кæной нæ журналимæ æмæ дзы мыхуыр кæной сæ уацмыстæ. Журналы куысты сæ хайад исын кæй фæнды, уый ирдæй зынд сывæллæтты цæсгæмттыл абоны мадзалы дæр.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр æмæ абон журнал «Ногдзау» кæй у сывæллæтты иунæг журнал ирон æвзагыл æгас Ирыстоны.

Кокайты Заринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.