Ирыстон æмæ ирон адæм цы ахсджиаг æмæ кадджындæр бæрæгбонтæ нысан кæнынц, уыдонæй иу у ирон æвзаджы бæрæгбон. Ацы бæрæгбон банысан кæныны цытæн знон ирон æвзаг æмæ литературæйы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайы цырты размæ æрбацыдысты паддзахады разамынады минæвæрттæ, ахуыргæндтæ, студенттæ, ирон æвзагæн табугæнджытæ. Уыдон Къостайы цырты раз сæвæрдтой дидинджытæ.

Ирон дæн æз, æз дзурдзынæн иронау!

Зынаргъ мын у мæ мадæлон æвзаг!

Мæйдар æхсæв нын рухс уыдзæнис бонау:

Ирон æвзаг ирон фарнæй у дзаг.

 

Ахæм æмдзæвгæйæ мадзал байгом кодта университеты студент Тедеты Игорь æмæ банысан кодта, зæгъгæ, цалынмæ не ‘взагыл дзурæм, алыварсонæй йæ парахат кæнæм, иртасæм æй, уæдмæ махæн – ирон адæмæн уыдзæнис бæрæгбон. Уый фæстæ ныхасы бар лæвæрд æрцыд Хуссар Ирыстоны Президенты администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Джиоты Къостайæн. Уый арфæ ракодта ирон æвзаджы райрæзтыл чи кусы, æппæт уыдонæн. «Абон ардæм кæй æрбацыдыстæм, мадæлон æвзаджы бон Хетæгкаты Къостайы цырты раз кæй нысан кæнæм, уымæй сарæзтам хорз хъуыддаг. Махæн нæ хæс у, цæмæй кусæм нæ мадæлон æвзаджы райрæзтыл, афтæ ма йыл цæмæй цайдагъ кæнæм, уарзын æй кæнæм нæ кæстæртæн».

Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ирон литературæйы историйы кафедрæйы сæргълæууæг, профессор Плиты Гацыр мадзалмæ æрбацæуджытæн раарфæ кæныны фæстæ, банысан кодта: «Абон ардæм кæй æрбацыдыстæм æмæ ирон æвзаджы бæрæгбон кæй нысан кæнæм, уый хорз хъуыддаг у.  Уымæн æмæ нæ адæмы раз цы ахсджиагдæр фарстытæ ис, уыдонæй иу у нæ мадæлон æвзаг. Не ‘взаг у тынг рагон æмæ стыр бынат бацахста дунейы æндæр адæмты æвзæгты ‘хсæн. Афтæ куы нæ уыдаид, уæд æм сæ хъус не ‘рдардтаиккой Андрей Шегрен, Всеволод Миллер æмæ æндæр стыр ахуыр-гæндтæ», – загъта Плиты Гацыр. Уыимæ ма банысан кодта, зæгъгæ, скъолаты ирон æвзаг ахуыр кæныны хъуыддагмæ цæуы æмбæлон хъусдард, фæлæ уавæр фæхуыздæр кæнын хъæуы хæдзæртты. Алкæцы мад æмæ фыд дæр сæ кæстæртæм иронау куы дзурой, ирон аргъæуттæ æмæ сын радзырдтæ куы кæсой, авдæнмæ сын ирон зарджытæ куы кæной, уæд, зæгъгæ уымæй бирæ фæхуыздæр уаид нæ æвзаджы уавæр дæр.

Йæ раныхасы Ирыстоны Фысджыты цæдисы æмсæрдар, профессор Хъазиты Мелитон та банысан кодта, зæгъгæ, дунейы цы бирæ æвзæгтæ ис, уыдоны ‘хсæн стыр бынат ахсы ирон æвзаг. Уымæн æмæ йæ уыцы кадмæ æркодтой нæ тыхджын æмæ кадджын фыдæлтæ æмæ абон мах дæр хæсджын стæм, цæмæй йыл кусæм æппынæдзух, кæнæм æй хъæздыг æмæ тыхджындæр. Уымæм нын, зæгъгæ, фæстаг рæстæджыты фæзынд иттæг хорз уавæртæ æмæ фадæттæ.

Университеты студент Цъæхилты Виктория та банысан кодта, зæгъгæ, куыд бирæ æндæр æвзæгтæ, афтæ ирон æвзаг дæр, йæ фæзындæй фæстæмæ бирæ зындзинæдты сæрты рахызт, æмæ æрæмысыд, ирон интеллигенцийæ ирон æвзаджы сæрыл чи тох кодта, уыдоны рухс нæмттæ.

Мадзалы ма раныхас кодтой Хуссар Ирыстоны Президенты Администрацийы сæргълæууæджы æххуысгæнæг Плиты Инал æмæ университеты доцент Тыбылты Ингæ.

Университеты студентты иу къорд та бакастысты ирон поэттæ Дзуццаты Хадзы-Умар, Харебаты Леонид, Дзассохты  Музафер, Хаджеты Таймураз æмæ  æндæр авторты фыст æмдзæвгæтæ.

Мадзалы фæстæ йæ хайадисджытæ иумæйаг къам систой Къостайы цырты раз.

                                                                                    ГÆЗЗАТЫ Иван 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.