Мыхуыры рацыд сабиты журнал «Ногдзау»-ы ацы азы фæндзæм номыр æмæ та йæ кæсджытæ бацин кæндзысты йæ аив фæлыст æмæ цымыдисон æрмæджытыл. «Ногдзау»-ы кæсджытæ рубрикæ «Журналы уазæг»-ы базонгæ уыдзысты конкурс «Уарзын бабайы æмæ нанайы» уæлахиздзау Цæргæсты Зельмæйы дзуаппытæ редакцийы фарстатæн, ис дзы йæ къам дæр. Рубрикæ «Бæрæгбæттæ»-йы та бакæсдзысты «Фыдыуани»-йы бæрæгбоны тыххæй.

Зынгæ ирон фыссæг, поэт æмæ æхсæнадон архайæг Боциты Бароны райгуырдыл сæххæст 120 азы. Фыссæджы тыххæй редакци йæ кæсджыты зонгæ кæны йæ цард æмæ сфæлдыстадимæ, мыхуыр дзы æрцыд йæ къам дæр. Зæрдæйæн æхсызгон у, абоны кæстæртæй иутæ поэзимæ се ‘ргом кæй здахынц æмæ сын «Ногдзау» та йæхи рады сæ уацмыстæ йæ фæрстыл кæй мыхуыр кæны, уый. Ацы номыры дæр рубрикæ «Æмдзæвгæтæ»-йы кæсджытæ базонгæ уыдзысты Беслæны 4-æм астæуккаг скъолайы ахуырдзау Тыджыты Даринæ æмæ ЦИПУ-йы ирон филологийы факультеты студенткæ Дзанайты Лейлæйы æмдзæвгæтæ «Ирыстон» æмæ «Къоста»-имæ. «Аргъау» рубрикæйы бын та уацмыс «Ныййарæджы зæрдæ» мыхуыр æрцыд Ногиры скъолайы ахуырдзау Хъараты Ацæмæзæн.

Ирон адæммæ фыдæлтæй фæстæмæ бирæ хорз æгъдæуттæ баззад. Цæмæй уыдон кæстæртæ зоной æмæ сæ дарддæр æххæст кæной царды, уый тыххæй журнал ацы номыры дæр уыдон зонгæ кæны «Хонæг, хабаргæнæг»-имæ. Сабитæ бирæ уарзынц алыхуызон хъæзтытæ сæ сæрибар рæстæджы, уыдонæй та рагæй фæстæмæ æххæст стæм æмæ рубрикæ «Хъæзтытæ»-йы базонгæ уыдзысты «Донæй хъазт»-имæ. «Хистæрты сфæлдыстад сабитæн»-ы рубрикæйы та мыхуыры ис Дудайты Тотрадзы аргъау «Хур лæппуйæн куыд баххуыс кодта». Нæ поэттæ æмæ композитортæ дзæвгар зарджытæ снывæстой, зарæджы аивад чи уарзы, уыцы чысыл хæлæрттæн æмæ сæ кæстæртæн радæттыныл та бацархайы «Ногдзау». Ныр дæр «Зарæг» рубрикæйы бын æвзонг зарæг-гæнджытæ базонгæ уыдзысты «Уарзон Ирыстон»-имæ ирон æмæ дыгурон æвзæгтыл. Ныхæстæ сты Гæджынон-Хабæты Риммæйы, музыкæ та йын ныффыста Воложанин Евгени, зарæджы текстимæ сты нотæтæ дæр.

«Æфсымæрон адæмты сфæлдыстад», зæгъгæ, ахæм рубри-кæйы бын мыхуыр сты Республикæ Дагъыстаны М. Алиевы номыл Мамедкалинскы гимназы 8-æм къласы ахуырдзау, «Æвзонг журналист»-ы кружочы уæнг Гюльмагомедова Муминаты уацмыс «Прюключения лучика» æмæ ацы республикæйы г. Махачкалайы №39 лицейы 8-æм къласы ахуырдзау Муртузова Алинæйы «Почему тюльпаны не пахнут». «Ирон хъæутæ» рубрикæйы та «Стыр дыгуры хъæуы» тыххæй фыссы Мæцуты скъолайы 11-æм къласы ахуырдзау Сакъиты Максим. Ирæн кад æмæ намыс чи скодта, уыдонæй у къамисæг Дзанайты-Хетæгкаты Къузмайы фырт Алыксандр (Садуллæ Куыдзæджы фырт, 1873-1918). Уымæн йæ царды стыр бынат ахсынц нæ зындгонд поэт Хетæгкаты Къостаимæ ахастдзинæдтæ. «Ирон мыггæгтæ» – ахæм рубрикæйы бын та сæ мыггаджы тыххæй фыссы Æрыдоны 3-æм астæуккаг скъолайы ахуырдзау Гаглойты Луизæ. «Ногдзау»-ы архивæй»-ы та журналы мыхуыр æрцыд 1983 азы Дзæуджыхъæуы 21-æм скъолайы ахуырдзау Бигъанаты Артуры радзырд «Фæткъуыбæлас», ис дзы йæ къам дæр. Не стыр поэт Хетæгкаты Къостайы тыххæй рубрикæ «Сывæллæттæ Къостайы тыххæй»-йы фыссынц ахуырадон центр «Интеллект»-ы ахуырдзаутæ Хæуытаты Данæ, Нæкуысаты Хъазыбег, Хуымарты Эльбрус æмæ Бæззаты Тамарæ «Мæ уарзон Къоста», «Мæхи Къоста», «Куы йæ зонид Къоста» æмæ «Къостайы ном рох нæу», сты дзы сæ къамтæ дæр. Рубрикæ «Радзырд»-ы бын та Дзæуджыхъæуы 43-æм скъолайы ахуырдзау Пухаты Ацæ-мæзæн ныммыхуыр йæ уацмыс «Цард хъæды». Ацы номыры ма бакæсæн ис ноджыдæр æрмæджытæ ахæм рубрикæты бын, куыд «Базон-базонтæ», «Ирыстоны зайæгойтæ æмæ цæрæгойтæ», «Ахуыр кæнæм ирон æвзаг», фильворд, сканворд æмæ дзырдбыд.

«Ногдзау»-ы аивадон æгъдауæй сфæлгонц кæныныл хорз бакуыстой нывгæнджытæ Абайты Аркади, Мамсыраты Хасан æмæ Айларты Владимир.

ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.