Ног, хæрзарæзт №3-æм скъолайы къæсæрæй ног ахуыры азы чи бахиздзысты, уыдоны нымæц ныридæгæн у 18. Аив æмæ рæсугъд сырæзтис 3-æм скъолайы бæстыхай. Ам куыстытæ æппынæдзух цæуынц æнæкъуылымпыйæ. Проектмæ гæсгæ скъола арæзт хъуамæ фæуыдаид 2021 азы кæронмæ, фæлæ арæзтадон организаци «Бадо»-йы сæргълæууæг Уалыты Владислав ныфс бавæрдта 1-æм сентябрмæ йæ кæй сцæттæ кæндзысты  æмæ ахуыргæнинæгтæ сентябрæй кæй райдайдзысты ахуыр кæнын ног, райдзаст кълæсты. Тынг бирæ бакусын сын бантыст! Ныртæккæ цæттæ сты кълæстæ, полтæ, къултæ лæгъз сæрст. «Алчи дæр нæ хорз æмбары – скъолайы ахуыргæнджытæ, ныййарджытæ. Уыдон арæх æрбацæуынц æмæ фенынц, куыстытæ куыд цæуынц, уый. Кæд арæзтадæн дыууæ азы æмгъуыд лæвæрд æрцыд, уæддæр тындзæм, кусæм улæфтбонты дæр. Республикæйы Президент Бибылты Анатоли дæр нæ тынг разæнгард кæны, цæмæй скъола эксплуатацимæ радтæм графикæй раздæр, ома, 1-æм сентябрмæ», – зæгъы подрядон организаци «Бадо»-йы сæргълæууæг.

Уый ма нын куыд загъта, афтæмæй скъола арæзт цæуы 200 ахуыргæнинагæн. Ам уыдзæн актон æмæ спортивон залтæ. Объектмæ бауагътой доны æмæ къанализацийы хæххытæ. Скъолайæн арæзт æрцыд йæхи сæрмагонд модулон хъармгæнæн. Зæгъæм рухс ахуыссыд, уæд дизелон генератор йæхæдæг скусдзæнис æмæ рухсы аххосæй скъолайы ахуыртæ нæ бакъуылымпы уыдзысты. Скъола арæзт æрцыдис фæндагæй 7-8 метры мидæгаудæр, сывæллæтты æдасдзинад хъахъхъæныны нысанæн. Агъуыстæн фæстейæ арæзт цæуы хъазæн фæз, цæмæй скъоладзаутæн фадат уа сæхи ирхæфсынæн. Иумæйагæй сисгæйæ, скъолайæн йæ арæзтадон фæзуат у 4200 квадратон метры бæрц. Кусдзæн дзы зынгсирвæзты ныхмæ системæ. Интернет хызæджы уадзæн куыстытæ цæуынц. Скъолайы кълæстæ ифтонг уыдзысты компьютертæ æмæ видеокамерæтæй. Ахуыргæнджытæн æппæт фадæттæ дæр уыдзæн сæ уроктæ нырыккон домæнтæм гæсгæ уадзынæн. Скъолайы æмбæлон уавæртæ уыдзæн сахъатджын сабитæн дæр.

Арæзтадон фирмæйы сæргълæууæг  ма нын куыд радзырдта, афтæмæй зæронд скъолайы бæстыхайы  систæ амад уыдысты дойнаг дур æмæ чъырæй. Зæххæнкъуыст æмæ цалдæр хæсты фæстиуæгæн æрцыд аварион уавæрмæ. Сывæллæттæн тæссаг уыд уым ахуыр кæнын. Йæ сырæзтæй фæстæмæ капиталонæй цалцæг дæр никуы æрцыдис. Æрдæгпырх къултæн калдис сæ сæрст, кæмдæрты фæиппæрд сты кæрæдзийæ. Бирæ кълæс-ты цар уыд æркæлынæввонг. Диссаг уыд, уал азы дæргъы ахуыргæнджытæ сæ ныфс куыд хастой ацы бæстыхайы ахуырадон процесс уадзынмæ. Фæлæ уыдæттæм нæ кæсгæйæ, уæддæр куыстой. Скъолайы уавæр æндæвта скъоладзауты нымæцыл дæр æмæ азæй-азмæ сæ нымæц кодта къаддæр. Ныййарджытæ дæр кæд фæнды дæр фæархайынц, цæмæй сæ сывæллæттæ ахуыр кæной нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæтты, сæ цардæн æдас кæм у, ахæм скъолаты. Зæгъæм ацы скъолайæн йе ‘ддаг бакаст куыд уыд, ногæй йæ афтæ саразыныл куы бацархайдтаиккам, уæд кълæстæ фæталынгдæр уыдаиккой. Ныртæккæ цы кълæстæ сырæзт, уым иу сывæллонмæ хауы 2,5 кв метры. Раздæр кълæстæ уыдысты къуындæгдæр».

Арæзтадон фирмæ «Бадо» ныртæккæ нæ республикæйы нымад цæуы иууыл хуыздæр æмæ аууæнкджындæр фирмæтæй сæ иуыл. Уымæн саразын бантыст ахæм арæзтæдтæ куыд Дменисы æмæ Орчъосаны сывæллæтты цæхæрадæттæ, Фиддонтæ æмæ хъалонты фæдыл комитеты бæстыхай, сарæзта ма дыууынæй фылдæр хисæрмагонд хæдзæрттæ. Ныртæккæ ма кусы сывæллæттæн Дзауы районы цы улæфæн лагерь рæзы, уый арæзтадыл.

Уазæгты Марфа

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.