Цхинвалы центры ногæй арæзт цæуы арцæуы хъæздыг истори. Уый арæзт æрцыд 30-æм азты. Специалистты хатдзæгмæ гæсгæ скъола нымад æрцыд аварионыл æмæ йæ бынаты ныр рæзы ног скъола.

Ног скъола аразы бынæттон арæзтадон фирмæ «Бадо», кæцымæ стыр фæлтæрддзинад ис арæзтады хъуыддаджы. Ацы фирмæ нæ республикæйы сарæзта цалдæр сывæллæтты рæвдауæндоны. Уыцы арæзтæдтæм нæй фау æрхæссæн. Скъолайы арæзтадæн Инвестпрограммæйæ хицæн æрцыд 250  милуан æмæ 850 мин сомы. Скъолайы арæзтад уыдзæн æртæуæладзыгон æмæ дзы ахуыр кæндзæн 200 ахуыргæнинаджы. Арæзтадон фирмæимæ бадзырдты рæстæджы скъола эксплуатацимæ лæвæрд æрцæудзæн 2021 азы. Ныртæккæ ацы скъолайы ахуыргæнинæгтæн ахуырадон процесс уагъд цæуы 12 скъолайы.

Арæзтадон фирмæйы сæргълæууæг Уалыты Вячеслав куыд зæгъы, афтæмæй ног агъуыст бæрæг стырдæр уыдзæн зæронд агъуыстæй. Скъола арæзт цæуы ног стандарттæм гæсгæ æмæ дзуапп дæтдзæн нырыккон  домæнтæн. «Ног скъолайы уæрæх æмæ райдзаст кълæстæй дарддæр уыдзæн хæрæндон, спортзал, актон зал, спецкабинеттæ, раздæр ацы скъолайы цы архивон къуым уыд Стыр Фыдыбæстæйон хæсты документтæн, уыдонæн ныр арæзт æрцæудзæн сæрмагонд зал æмæ æрмæджытæ фæстæмæ æвæрд æрцæудзысты парахатæй æмæ тематикæмæ гæсгæ. Скъолайæн арæзт æрцыд техникон ныккæндтæ, цыран æвæрд цæудзысты скъолайы продуктты фæсауæрцтæ. Сметæмæ гæсгæ ма  ам ис дизелон генератор сæвæрæн дæр, цæмæй электроэнерги куы ахицæн уа, уæд автоматикон æгъдауæй скуса генератор». Ныртæккæ скъолайы агъуыст æмбæрзт цæуы. Цалынмæ хорз боныгъæдтæ уа, уæдмæ æддаг куыстытæ хъуамæ фæуой се ‘ппæт дæр.

Уазал боныгъæдты та арæзт цæудзысты мидæггагон куыстытæ. Кусджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй сæ куысты къуылымпыдзинæдтæ нæй. «Пандемийы рæстæджы гыццыл нæ куыст бакъуылымпы ис  арæзтадон æрмæджыты аххосæй. Фæлæ фæндаг куы байгом, уæдæй нырмæ куыст размæ ацыд. Ныр графикæй раздæр стæм», – зæгъы Уалыты Владислав.

Скъолайæн хæрзарæзт æрцæудзæн йæ кæрт дæр. Гом спортивон фæзуаты алфæмблай уыдзæн цъæх зона тротуартимæ.

Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм, №3 скъола нæ горæты нымад кæй у иууыл рагондæр скъолайыл. Ацы скъолайы схъомыл бирæ курдиатджын адæм. Фæлæ рæстæджы цыдимæ скъолайы агъуыст дæр зæронд кодта. Рæстæгæй-рæстæгмæ-иу скъола æрцыд косметикон цалцæг. Фæлæ ивгъуыд аз Арæзтад æмæ архитектурæйы министрады специалистты амындмæ гæсгæ скъола нымад æрцыд аварионыл. Ныр ацы бынаты рæзы ног скъола æмæ йæм фæстæмæ конд æрцæудзысты йæ ахуыргæнинæгтæ.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.