Нæ горæты цы аив, рæсугъд объекттæ сырæзтысты, уыдонмæ ма рæхджы бафтдзæнис 3-æм астæуккаг скъолайы бæстыхай дæр. Ам куыстытæ цæуынц æнæкъуылымпыйæ, рæзы тагъд темптæй æмæ зæрдæйæн хæссы æхцондзинад. Уый арæзт цæуы Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæ  реализаци кæныны фæлгæтты. Аразгæ та йæ кæны подрядон организаци «Бадо».

Ныртæккæ ам архайынц объекты агъуыстыл. Проектмæ гæсгæ дæр ацы азы кæронмæ хъуамæ æмбæрзт æрцыдаид, æвæрд æрцыдаиккой рудзгуытæ. Иннæ куыстытæ та баконд хъуамæ æрцыдаиккой иннæ азы кæронмæ. Фæлæ куыд федтам, афтæмæй та ам дæр подрядон организаци «Бадо»-йы кусджытæ сæхи равдыстой цæсгомджынæй. Бантыст сын тынг бирæ бакусын. Ныридæгæн сæрст æрцыдысты кълæсты къултæ, æркодтой сæ ахорæнæй  байсæрдыны онг. Полтæ дæр лæгъз æрцыдысты, бауагътой йæм рухс. Иудзырдæй, проектмæ гæсгæ куыст графикæй цæуы бирæ раздæр.

«Алчи дæр нæ хорз æмбары, ацы скъолайы ахуыргæнджытæ, ахуыргæнинæгтæ æмæ ныййарджытæ дæр æнæрхъæцæй кæй æнхъæлмæ кæсынц се скъолайы арæзтадмæ, уый. Æмæ кæд йæ арæзтадæн лæвæрд æрцыд дыууæ азы æмгъуыд, уæддæр тындзæм, кусæм улæфтбонты дæр. Ацы хъуыддаг хорз æмбары нæ республикæйы Президент Бибылты Анатоли дæр æмæ йæ бахæсмæ гæсгæ скъола арæзт хъуамæ фæуа графикæй бирæ раздæр.  Цæмæй 2021 азы 1-æм сентябры уый йæ дуæрттæ æрбакæна йæ ахуыргæнджытæ æмæ ахуыргæнинæгтæн. Уый тыххæй мах аразæм æппæт дæр, тындзæм нæ тых нæ куыд амоны, афтæ», – зæгъы подрядон организаци «Бадо»-йы сæргълæууæг Уалыты Владислав.

Уый куыд банысан кодта, афтæмæй скъола арæзт цæуы 200 сывæллонæн. Ис дзы актон æмæ спортивон залтæ. Иуныхасæй, ноджы сын фылдæр бан-тыстаид бакусын, фæлæ сыл æнæбандавгæ нæ бацис, æгас дунейыл чи апарахат, уыцы коронавирус дæр. Кусджытæй бирæтæ фæрынчын сты, стæй сæ бон нал ссис, зæрдиагæй сæ чи хъуыдысты, ахæм специалисттæ æдтейæ æрбахонын дæр.

«Пандемийы аххосæй бирæ алæу-уыд нæ куыст фæстæмæ. Уый куынæ уыдаид, уæд нын ноджы фылдæр бантыстаид. Афоныл нын бантыстаид хъæрмадон системæ саразын дæр. Ныр куыст цæуы йæ саразыныл, цæмæй мидæггагон куыстытæ кусджытæ æххæст кæной хъармы. Объектмæ уагъд æрцыдис дон, цæттæ у канализацион системæ дæр. Скъолайæн уыдзæнис йæхи модулон хъармгæнæн. Балхæдтам æмæ йæ æрластам. Ныртæккæ   архайынц, кæм æвæрд уыдзæн, уыцы бынат æрнывыл кæныныл. Зæгъгæ, рухс ахуыссыд, уæд дизелон генератор йæхæдæг скусдзæнис æмæ рухсы аххосæй скъолайы ахуыртæ нæ бакъуылымпы уыдзысты», – загъта Уалыйы фырт. Уый ма куыд банысан кодта, афтæмæй скъола фæндагæй арæзт æрцыдис 7-8 метры мидæгдæр сывæллæтты æдасдзинад бахъахъ-хъæныны тыххæй. Йæ фæрсты та æвæрд æрцæудзысты стыр æфсæн дуæрттæ, цæмæй, куы хъæуа, уæд сын байгомгæнæн уа. Скъолайæн фæстæрдыгæй та арæзт æрцæудзæн, скъоладзаутæ кæм æрбадой, ахъазой, ахæм чысыл фæзуат.

Скъолайæн йæ арæзтадон фæзуат у 4 200 квадратон метры бæрц. Кусæгдыхæй сты ифтонг. Ам дыууæ бригадæйы кусынц сисамайджытæ. Ныртæккæ амайынц спортивон залы къултæ, дыууæ бригадæйæ архайынц къулсæрдджытæ, сæ фæстæ къултæ шпакилевкæ чи кæны, уыдон сты æртæ бригадæйы, иугай бригадæтæй та кусынц электриктæ æмæ сантехниктæ. Хицæн бригадæ сты зынгсирвæзты ныхмæ системæ, хъахъхъæнджыты бынат æмæ интернет хызæг аразыныл чи кусынц, уыдон дæр. Аразджытæ пандемийы аххосæй зындзинæдтæ æвзæрстой арæзтадон æрмæг æрласыны тыххæй дæр. Фæлæ сæм ам дæр се ‘ххуысы къух фæдаргъ кодтой нæ республикæйы разамынад.

Арæзтады, сæйраджыдæр, кусынц нæхи æмбæстæгтæ. Ис сæм æддейæ æрхонгæ специалисттæ дæр. Уалыты Владиславы ныхæстæм гæсгæ, скъола арæзт куы фæуа, уæд кълæстæ ифтонг æрцæудзысты компьютертæй, æнæмæнгхъæуæг инвентарæй, уыдзæнис дзы видеокамерæтæ, æмæ ахуыргæнджытæн æппæт фадæттæ дæр уыдзæн сæ уроктæ нырыккон домæнтæм гæсгæ ауадзынæн.

«Афтæ у, цард размæ цæуы, æмæ мах дæр нæ цард, нæ уавæртæ уымæ гæсгæ хъуамæ аразæм. Фæлæ хатт вæййы афтæ, æмæ арæзтады хъуыддагимæ куыд æмбæлы, афтæ зонгæ чи нæ вæййы, ахæмтæ фæархайынц ныхдуртæ æвæрыныл. Бирæты фæфæнды, цæмæй бахъахъхъæд æрцæуа йе ‘ддаг хуыфз. Бæргæ. Фæлæ алы хатт уымæн гæнæн нæ вæййы. Дзырдæн, зæгъæм, ацы скъола байгом 1934 азы æмæ уыцы рæстæджы сæ хæдзæрттæ æмæ объекттæ дæр арæзт цыдысты чъырæй. Уымæн та ис йæхи æмгъуыд, стæй лæмæгъ кæнынц йæ къултæ. Уымæй дарддæр ма зæххæнкъуысты, цалдæр хæсты фæстиуæгæн дæр æрцыд аварион уавæрмæ æмæ сывæллæттæн тæссаг уыд уым ахуыр кæнынæн. Йæ бакондæй фæстæмæ капиталонæй цалцæг дæр никуы æрцыдис. Æрдæгпырх къултæн калдис сæ сæрст, кæмдæрты фæиппæрд сты кæрæдзийæ дæр. Бирæ рæтты цар уыд æркæлынæв-вонг. Уый диссаг уыд, уал азы дæргъы ахуыргæнджытæ сæ ныфс куыд хастой ацы бæстыхайы ахуырадон процесс уадзынмæ. Фæлæ, уыдæттæм нæ кæсгæйæ, уæддæр ахуыргæнджытæ куыстой.

Скъолайы уавæр æндæвта скъоладзауты нымæцыл дæр азæй-азмæ сæ нымæц кодта къаддæр, уымæн æмæ ныййарджытæ дæр архайдтой, цæмæй сæ сывæллæтты ахуыр кодтаиккой, нырыккон домæнтæн дзуапп чи лæвæрдтаид æмæ сæ цардæн та æдас кæм уыдаид, ахæм скъолайы. Зæгъæм, ацы скъолайæн йе ‘ддаг бакаст куыд уыд, ногæй йæ афтæ саразыныл куы бацархайдаиккам, уæд æхсæз къласы фæталынгдæр уыдаиккой, æмбæлон рухс сæм нæ калдаид. Стæй азæй-азмæ царды домæнтæ фылдæр кæнынц æмæ сæ мах дæр хъуамæ æххæст кæнæм. Цæвиттон, ныр къласы иу сывæллонмæ хауы 2,5 квадратон метры бæрц æмæ кълас дæр  цал сывæллон дзы ис, уымæ гæсгæ арæзт цæуы. Раздæр та уыцы домæнтæ уыдысты къуындæгдæр æмæ ныр ацы скъола ахæм домæнтæн дзуапп нал лæвæрдта», – загъта ма Уалыты Владислав.

Зæгъын хъæуы уый, æмæ Владиславæн стыр æнтыст кæй ис арæзтады хъуыддаджы. Уымæн саразын бантыст хъалонтæ æмæ фиддонты фæдыл комитеты бæстыхай, Орчъосаны скъола-цæхæрадон, Дменисы сывæллæтты цæхæрадон, 17 хæдзары та йын бантыст хисæрмагонд хæдзæрттæ саразын æмæ кæмдæриддæр куыста, уыдон арæзт æрцыдысты гъæдджынæй, æнæаиппытæй.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.