Цæст, дам, кæй нæ уыны, уый зæрдæйæ дæр рох у…

Æниу бынтон афтæ дæр нæу – гæнæн ис, мад йæ хъæбулы цалдæр азы  ма уына, фæлæ иу уысм дæр йæ зæрдæйæ рох нæ уыдзæни… Уæддæр – зæрдæйы рæбын чи уа, уый ма цæстæй дæр уынай, уый та уæлдай аонд у.

Чизоны искæмæ «æнæплан» фæкæса ныййарæг мады æнкъарæнтæ дыууæ редакцийы хсæн ахастытимæ абарын, фæлæ уыцы дыууæ редакцийы, дыууæ хайыл дихгонд чи æрцыд, ахæм фыдыбæстæйы кæрæдзимæ дзыназæг тугдадзинтæ куы уой, уæд та?.. Нæ фыдыбæстæ фыццаграды ирон æвзагæй Ирыстон у æмæ уыцы æвзагæн йе рвылбонон парахатгæнджытæ та йæ дыууæ хайы уæвæг ирон газеттæ «Рæстдзинад» æмæ «Хурзæрин» сты. Цасбæрцæй æмæ йæ цахæм æмвæзадыл парахат кæнынц, уыцы парахатгæнджытæй алчи йæ хæрзæбонæн гуырд фæцис æви нæ, уый та бынтон æндæр фарст у. Абон уал нæ дзырды сæр у ууыл, Ирыстоны дыууæ сæйраг газеты хсæн æнусы æмбисы бæрц чи ис, уыцы традици – æрвылаз дæр кæрæдзиимæ æмбæлыны традици та ногæй кæй базмæлыд, кæй та райхъал йæ мæрдвынæйæ æмæ нæ ныфс кæй бауагъта йæ дарддæры цæрдхъомдзинадæй…

Раст у, уыцы традици, бындур æвæрд ын куы æрцыд, уыцы заманы абонæй ахсджиагдæр, æнæмæнгхъæуæгдæр уыд. Уымæн æмæ уæд, æгæрыстæмæй, Ирыстонæн йæ дыууæ хайы хсæн комкоммæ фæндаг дæр нæ уыд. Уыцы рæстæджы дыууæ редакцийы кусджытæн уый фадат дæр нæ уыд, цæмæй дзы исчи искæимæ телефоны аныхас кодтаид, ныры дуджы бастдзинады фæрæзтæм та фыны дæр ничи батæхуды кодтаид, уымæн æмæ уæд йæ фæсонæрхæджы дæр никæмæн уыдысты ахæм цыдæртæ.

Ныр æндæр фадæттæ ис кæрæдзиимæ зонгæ кæнынæн, кæрæдзиимæ аныхас кæнынæн, фæлæ уæддæр… Цæст кæй уына, уый зæрдæмæ дæр æввахсдæр у, лæгæй-лæгмæ ныхасы тых æмæ хъомыс æндæр сты. Хъæуы кæрæдзийы фæлтæрддзинадыл ахуыр кæнын, хуыздæрты, курдиатджындæрты къахвæдтыл цæуын. Хъыгагæн уыцы фæрнджын адæмæй бирæтæ нал сты не хсæн, сæ куырыхондзинад, сæ курдиат æмæ уæздандзинадæй кæмæн фæцух стæм. Нал сты, мах кæй зыдтам, уыдонæй – Хъесаты хуыцауысконд лæг Валодя, æнахуыр курдиатджын Малиты Хасан, диссаджы фæлмæнзæрдæ Цомайты Ростислав æмæ æндæртæ, фæлæ хъысмæты ныхмæ æдых кæй стæм, уый раджы хъуамæ базыдтаиккам. Цы бакæнæм, кæй кой скодтам, уыдон рухс дзæнæты бадæнт, сæ бынат сын чи раивта, уыдоныл хæрзаудæн кæнæнт. Цард размæ цæуы. Абон «Рæстдзинад»-æн къухдариуæг кæны, ирон зонад æмæ журналистикæйы стыр фæлтæрддзинад кæмæ ис, ахæм зындгонд публицист Хозиты Барис, йæ алыварс бамбырд кодта æвзонг тыхтæ. Хъуамæ зонгæ уæм уыцы æвзонг фæлтæримæ дæр, хъуамæ æмбæлæм кæрæдзиимæ, дих кæнæм нæ фæлтæрддзинад, æххуыс кæнæм кæрæдзийæн. Цæмæй тыхджындæр æмæ цæрдхъомдæр уæм, уый тыххæй.

Кæрæдзийæн æххуыс кæныны, æмгуыстады сæр та нæ ныры хуызæн никуы хъæуы. Уымæн æмæ нæ мадæлон æвзагыл æгæр бирæ «мæтгæнджытæ» фæзынд, æгæр сбирæ сты, йæ рацаразын, йæ «фæхъæздыгдæр» кæныныл чи архайы, уыдон. Йæ хæдзары æртæ чъирийæ скувынмæ чи нæ арæхсы, уыдон дæр ирон æгъдауы, ирон æвзаджы дæснытæ фестадысты. Чи йæ куыд тынгдæр сзыгъуыммæ кæна, чи ма йæ куыд скъуыдайрагдæр кæнæ сдыгурондæр кæна, ууыл ма сты… Иуæй мæт æмæ катайы  бын фестæм, ирон дзырдаивад кæй баихсыд, раууатмæ кæй æрцыд, уый тыххæй, иннæмæй та дуарахæсты фестæм, Ирыстон цы бирæнымæц «фысджытæ» æмæ «поэттæй» байдзаг, уыдонæй. Не взагыл дудгæбон ныккодта алыгъуызон аслам рифмæтæ æмæ æнæуд дзымандытæй, тыхарæзт растфыссынадæй…

Уæгъдидон дуджы куыд вæййы, афтæ!..

Æмæ ахæм æмтъеры дуджы æнæмæнгхъæуæг у дыууæ ирон газеты æмгуыстад. Мах хæс у ахæм мæгуырау фæзындтæн сæ ных къуырын, мæнгдзинады бæсты æцæгдзинад парахат кæнын, примитивы тæссаг фæндагыл чи ныллæууыд, уыдоны хуыздæр фæндагыл бафтауын.

Ацы традицион фембæлдæн сæйраг йæ мидис, йæ нысаниуæг у. Æмæ куыднæ – хъысмæты бархъомысæй дыууæ хайыл дихгонд Ирыстоны сæйраг газеттæн æрвылаз дæр сфæлдыстадон фембæлд вæййы, уый иу хатт чи фехъуса æмæ фена, уый æндæргъуызон цæстæй кæсдзæн Ирыстоны иудзинадмæ, уымæ æндæргъуызон тæлмæнтæ сæвзæрдзæн. Афтæ зæгъæн ис, æмæ дыууæ ирон газеты фæрцы фембæлынц Ирыстонæн йæ цæгат хай æмæ йæ хуссар хай.

Ацы ахсджиаг æмæ рæсугъд традици цæмæн ныкъуылымпы, цалдæр азы мæрдвынæй цæмæн бацис, уый æндæр, фыддæрæй-фыддæр зæгъинæгтæ чи ракъахдзæн, ахæм, уæззаудæр ныхасы цырв у æмæ йæ æндæр хаттмæ фæуадзæм. Ныр уал кæрæдзийæн бузныг зæгъæм, цæгатæй хуссармæ, кæй нын бантыст йе сног кæнын, йæ райхъал кæнын.

Уæлдай æхсызгон та уый у, ацы хабар чидæриддæр фехъуыста æмæ базыдта, уыдонæй бирæтæн кæй уыд æхсызгон, бирæтæ йыл кæй бацин кодтой цæстуарзонæй. Иуæй-иу информацион фæрæзтæ ма йæ «фырцинæй» æви нæзоныны аххосæй цæгатаг æмæ хуссайраг журналистты фембæлд дæр схуыдтой. Нæ коллегæ, журнал «Мах дуг»-ы сæйраг редактор Хетæгкаты Оксанæ ма дыууæ газеты традицион фембæлдмæ журналы дæр бамбал кодта, цыма æртæ редакцийæн иумæйаг фембæлд уыд, афтæ. Уым æвзæрæй ницы ис –  Хуыцау зæгъæд, афтæ цы уа, мах ныхмæ нæ уыдзыстæм, уадз æмæ нæм бамбал уæд æндæртæ дæр, фылдæр адæм æмæ организацитæ кæм уа, ахæм иудзинад тыхджындæр у.

Бузныг Хозиты Барисæн, газеты коллективæн, ацы судзгæ тæвды кæй нæ базивæг кодтой, уый тыххæй. Бузныг Битарты Маринæйæн (газет Северная Осетия»-йы сæйраг редактор), Хетæгкаты Оксанæйæн æмæ иннæтæн, се рцыд, сæ уæвынадæй нын нæ фембæлд кæй барæсугъддæр æмæ фæуддзыддæр кодтой, уый тыххæй. Æнæкæрон бузныг стæм Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ректор Тедеты Вадим æмæ университеты музейон комплексы кусджытæй, нæ уазджытæн нын зæрдиаг лæгкад кæй бакодтой, уый тыххæй.

Сæйраг бузныджы ныхæстæ зæгъæм нæ республикæйы Президент Бибылты Анатолийæн, нæ традицион фембæлд сног кæнын ахсджиаг хъуыддагыл кæй банымадта æмæ алыварсонæй дæр нæ фарсмæ кæй балæууыд, уый тыххæй.

Фæлæ та… «Рæстдзинад»-ы коллектив сæ коллегæтæй, ома, Цæгат Ирыстоны иннæ информацион фæрæзтæй нæ иумæйаг фæмбæлдмæ кæй фæхуыдтой, уыдонæй ацы судзгæ тæвды æмæ уыцы дард фæндагыл куы ничи базивæг кодта, уæд ам, бынаты, дардмæ цæуын кæй нæ хъуыд, нæ уыцы коллегæтæй иу адæймаг цæмæннæ балæууыд нæ фарсмæ, иу адæймаг нæ цæмæннæ бахаста йæ сæрмæ?..

Бæргæ йæ куынæ схъæр кодтаиккам, рæгъмæ йæ куынæ рахастаиккам, фæлæ, дам, кæмæндæр йæ мады мард нæ хъæр кодтой…

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.