Тренеры куыст домы стыр курдиат, кæстæртæм уарзондзинад æмæ æгæрон куыстуарзондзинад. Уымæй уæлдай ма тренер хъуамæ уа психолог, ома, йæ алы ахуыргæнинаджы миддуне дæр зона йæхи фондз æнгуылдзау. Æнæ уыцы миниуджытæй стыр тренер суæвæн нæй.

Ахæм стыр бæрнондзинад йæхимæ райсын алкæй бон нæу. Иу æмæ дыууæ хатты не ‘рцыд ахæм хабæрттæ: тренер бацæттæ кодта Олимпаг æмæ дунеон чемпионтæ, фæлæ, иугонд командæйы сæргъы æрлæугæйæ, йæ куыст афтæ æнтыстджын нал рауад.

Уыдæттæ зонгæйæ, уæлдай æхсызгондæр у не ‘мзæххон тренер Тедеты Дзамболаты спортивон фæндагыл афæлгæсын.

Дзамболат райгуырд Цхинвалы. Уым æрыгонæй фæцалх уæгъдибар хъæбысхæстыл. Фынддæсаздзыдæй ацыд йæ тренер Мæргъиты Анатолимæ Мæскуымæ æмæ ам сырæзт 1990 азы Советон Цæдисы чемпионы онг. Нæ раздæры бæстæ куы фехæлд, уæд цасдæр рæстæг Дзамболат ерысты архайдта Украинæйы номæй. 1993 азы, ацы бæстæйы спортивон кад хъахъхъæнгæйæ, ссис Европæйы чемпион 90 кг онг уæзы. Уый фæстæ ма хæстæг уыдис дунеон чемпионаты (1994 аз) æмæ Олимпаг хъæзтыты (1996 аз) уæлахиздзау суæвынмæ, фæлæ дыууæ хатты дæр бацахста 4-æм бынæттæ.

28-аздзыдæй Дзамболат райдыдта тренеры куыст кæнын Уæрæсейы Æфсады Центрон Клубы æмæ цыбыр рæстæгмæ йæхи равдыста йæ хъуыддаджы стыр дæсныйæ.

2001 азы 32-аздзыдæй Дзамболат нысан æрцыд Уæрæсейы иугонд командæйы сæйраг тренерæй. Ахæм æрыгонæй бæстæйы иугонд командæйы сæргъы Тедейы фырты размæ ничи ма æрлæууыд. Бирæты нæ уырныдта, Дзамболат ахæм стыр уаргъ хæссын бафæраздзæн, уый, фæлæ уыдон фæфыдæнхъæл сты. «Джабо» – афтæ хуыдтой æмæ хонынц Дзамболаты йæ хæлæрттæ, счъилдысæй бав-нæлдта уыцы зын рæстæг йæ бæрнон хæс æххæст кæнынмæ, æмæ цыбыр рæстæгмæ йæ куысты фæстиуджытæ разындысты Уæрæсейы командæйы æнтыстджын архайдыл.

Дзамболаты разамындæй Уæ-рæсейы богалтæ цæуын райдыдтой иу уæлахизæй иннæмæ. Дунеон æмæ Европæйы чемпионатты Уæрæсейы командæ иу хаттæй иннæмæ ахста фыццаг бынæттæ. Уæдæ 2004 æмæ 2008 азты Олимпаг хъæзтыты дæр Уæрæсейы богалтæ сæ разæй никæй ауагътой.

Уæрæсейы командæ 2007 азы дунеон чемпионаты цы бæрæг-гæнæнтæ равдыста, уый та нырма уæгъдибар хъæбысхæсты исто-рийы никæмæн   бантыст. Бакуйы, авд уæзы категорийы хæцгæйæ, уæрæсейæгтæ рамбылдтой æхсæз сыгъзæрин æмæ иу бронзæ майданы. 2008 азы Пекины Олимпаг хъæзтыты дæр уæрæсейаг богалтæн бантыст, авд уæзы категорийы хæцгæйæ, цыппар сыгъзæрин æмæ дыууæ бронзæ майданы рамбулын. Дзамболаты разамындæй Уæрæсейы командæ 2009, 2010 æмæ 2011 азты дæр Европæ æмæ дунеон чемпионатты фыццаг бынат ни-кæмæн радта. 2012 азы райдианы Тедейы фырт Уæрæсейы иугонд командæйы сæргъы куы нал куыста, уæд нæ богалты архайд афтæ æнтыстджын нал уыди. 2012 азы Лондоны Олимпаг хъæзтыты уæрæсейæгтæн бантыст æрмæстдæр иу сыгъзæрин майдан рамбулын. Нæ командæйы разæй ацы хъуыддаджы фесты Азербайджан æмæ АИШ-ы бо-галтæ.

Бирæ хуыздæр нæ цыдысты уæрæсейаг богалтæн сæ хъуыддæгтæ дунеон чемпионатты дæр 2013, 2014, 2015 азты. Ацы хабар уынгæйæ нæ бæстæйы хъæбысхæсты федераци æмæ спортивон хицауад 2016 азы бæстæйы иугонд командæйы сæйраг тренерæй ногæй снысан кодтой Тедеты Дзамболаты.

Æнцон уавæры кæд нæ райдыдта йæ куыст Дзамболат, уæддæр ын бантыст командæ бацæттæ кæнын Олимпаг хъæзтытæм. Рио-Де-Жанейройы Уæрæсейы богалтæн, æхсæз уæзы категорийы хæцгæйæ, бантыст дыууæ сыгъзæрин æмæ иу æвзист май-дан рамбулын, нæ командæ та, æмткæй райсгæйæ, рацыд фыц-цаг бынатмæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, ацы æнтыст æнæ Дзам-болаты бындурон куыстæй йæхæ-дæг не ‘рцыдаид.

Дзамболат йæ куысты йæхи куыд равдыста, уый тыххæй Уæ-рæсейы сгуыхт тренер, педагогон зонæдты кандидат Багаты Славик афтæ зæгъы: «Дзамболатмæ тре-неры стыр курдиат кæй ис, уый равдыста хæрзæрыгонæй. Уый карæнæй æнæхъæн бæстæйы иугонд командæйы сæргъы æр-лæууын æмæ йын ахæм дæсны разамынд дæттын никæмæн ма бантыст. Тедейы фыртмæ ис, ахæм бæрнон бынат разамо-нæгæй цы миниуджытæ домы, уыдон. Уый хорз зоны хъæбысхæсты сусæгдзинæдтæ, зоны, алы богалимæ дæр цы ‘взагæй дзурын хъæуы, уый. Уыимæ у комком-мæдзырд æмæ домаг. Дзамболат бæрнон у йæ алы ныхасæн дæр. Нæй йæм фæлывддзинад, иттæг хорз арæхсы, йæ дæлбар чи ис, уыцы тренерты æмæ иннæ æххуысгæнджыты куыстæн æмбæлгæ уавæртæ саразынмæ. Дзамболаты куыстæй разы сты богалтæ сæхæдæг дæр. Уый сыл аудгæ дæр кæны æмæ сæ домгæ дæр кæны, уымæн æмæ æнæ фыдæбонæй стыр уæлахиз йæхæдæг не ‘рцæудзæн.

Дзамболат стыр тренерæй уæлдай у æцæг ирон лæг. Йæ райгуырæн Хуссар Ирыстон 1991-1992 азты зын уавæры куы бахауд, уæд æрцыд Цхинвалмæ æмæ йæ райгуырæн бæстæ хъахъхъæдта тохы быдыры. Уæ-дæ æмгæртты æмæ йе ‘мкусджыты ‘хсæн куыд нымад у, уый та бирæтæн бæллиццаг у».

 «Адæймаг хъуамæ цы куысты бацæуа, уый хорз зона. Æрмæстдæр бынаты æрбад æмæ дæх-цæй ныббуц у, уый сæрмæ хæссинаг нæу. Хъуамæ дæ куыстæй адæмæн, æхсæнадæн исты пайда уа æмæ дæм искуы æнгуылдзæй æнæрвæссонæй ма амоной. Æз уый фæдомын нæ богалтæй дæр æмæ ме ‘мкусджытæй дæр», – зæгъы  Дзамболат.

Нæ номдзыд æмзæххон Тедеты Ильяйы фырт Дзамболат у Украинæйы спорты сгуыхт мастер, Уæрæсейы сгуыхт тренер, 2007 азы нымад æрцыд Уæрæсейы хуыздæр тренерыл.

23 августы йыл æххæст кæны 52 азы. Уый у, адæймагæн йæ зонд æмæ хъару сæ тæккæ тыхы куы вæййынц, уыцы кар æмæ нæ уырны, не ‘взыгъд æмбæстагæн ма йæ къухы къорд стыр сгуыхтдзинæдтæ кæй бантысдзæн, уый. Дзамболатæн ис рæсугъд кæстæртæ æмæ уыдоны равзæрст царды фæндæгтæй райгонд куыд уа, йæ бирæ хорз фæндтæ та царды йæхи цæстæй куыд фена, уый йын нæ зæрдæ зæгъы.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.