Мыхуыры рацыд журнал «Мах дуджы» 8-æм номыр. Байгом рубрикæ «Кадгæнæнтæ»-йæ.  Чеджемты Георы райгурдыл 80 азы кæй сæххæст, уый фæдыл дзы мыхуыр цæуынц йæ биографи цыбырæй æмæ йе ʻмдзæвгæты цикл «Æрвгъуыз цин».

Ирон театры зындгонд артисткæ Хъариаты Тамарæйы райгуырдыл сæххæст 105 азы. Уый фæдыл уæлдæр амынд рубрикæйы бынмæ мыхуыр æрцыдысты йæ биографи æмæ йæ радзырд «Сылгоймæгты тох».

Журналкæсджытæ ма прозæйы жанры зæрдиагæй ба-кæсдзысты Гаджиты Иласы радзырд «Фыййаукуыдз Бури».

Журнал дарддæр мыхуыр кæны рубрикæ «Карз хæсты фæндæгтыл – Уæлахизмæ». Йæ бынмæ йын бакæсæн ис Цырыхаты Михалы поэмæ «Мастисæг» æмæ  Тъехты Тамерланы публицистон уац «Берлинмæ – дамбацаимæ, Берлинæй – ракетæимæ».

Поэзийы жанры бакæсæн ис Бутаты Ритæйы æмæ Цæриаты Валерийы æмдзæвгæты циклтæ «Цардвæндаджы асинтæ» æмæ «Уарзон зарæг».

Рубрикæ «Мысинæгтæ» мыхуыр кæны Бызыккаты Земфи-рæйы уац «Таламæ донхæссæгау».

Æрæджы амард зындгонд нывгæнæг – архитектор Гуыбаты Зауыр. Уый фыдыл ын журнал ныммыхуыр кодта йæ бирæ хæлæртты мысинæгтæ. Журналы мидæггаг цъæрттæ дæр фæлыст сты йæ куыстытæй.

Журнал ма ссардта æрыгон дохтыр æмæ зынгæ къамисæг Сабанты Валерийы рухс ном. Уый Ирыстоны хæхтыл зылд æмæ иста диссаджы къамтæ. Афтæмæй æрæджы Цъæйы комы хохы сæрæй рахауд…  Журнал ын ныммыхуыр кодта Ирыстоны алæмæтаг æрдзы кæй систа, йæ уыцы къамтæ «Уæларвмæ фæндаг», зæгъгæ, ахæм сæргондимæ.

Адæмон сфæлдыстадæй ма журналы  бакæсæн ис Таутиаты Лидæйы аргъау «Æртæ усгуры», антологийы – Цъгъойты Хазбийы радзырд «Уæлахизы сидзæртæ» , стæй  «Мæйы цаутыл афлгæст».

Æрæджы не ʻхсæнæй фæхъуыд зынгæ фыссæг Дзабайты – Къесаонты Таисæ. Уый фæдыл журнал ныммыхуыр кодта нек-ролог.

                                                                                     Нæ  уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.