Не ‘мзæххонтæ-тæхджытыл дзургæйæ, алыхатт дæр нæ зæрдыл æрлæууынц зынгтæ тæхджытæ, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хъайтартæ – Остъаты Алекси, Бицъаты Сергей, Дзусаты Ибрагим, Цоциты Вася æмæ æндæртæ.
Фæлæ не ‘мзæххонтæй бирæтæ сæхицæн стыр кад æмæ ном скодтой 20-æм æнусы райдианы, Фыццæгæм дунеон хæсты æмæ Æмæбæстагон хæсты азты дæр. Абоны бон нырма фидарæй зæгъæн нæй, ирæттæй фыццаг арвмæ чи стахт, уый, архивты нырма ис бирæ сусæгдзинæдтæ, кæцытæ æргом не ‘рцыдысты. Фæлæ, уæддæр фыццаг ирон тæхæгыл нымад у Хъаныхъуаты Дзамболат. Уый у фыццаг ирон, кæцы слæууыд авиаполчы сæргъ.
Хъаныхъуаты Батигрейы фырт Дзамболат райгуырд 1875 азы 1-æм апрелы. Уый у номджын мыггагæй рацæугæ, уыдис æм ахуырдзинад. Хуыдтой йæ кънйаз. Фыццаг дунеон хæст куы райдыдта, уæд Хъаныхъуаты Дзамболат, куыд йæ Фыдыбæстæйы æцæг патриот, афтæ барвæндæй ацыд фронтмæ. Службæ кодта Дæллаг Новгороды 22-æм фистæгæфсады полчы, цыран æй йе хæстон сгуыхтдзинæдты тыххæй ракодтой афицертæм. Фæлæ Дзамболат хæлæгкæнгæйæ каст арвмæ, цыран периодикон æгъдауæй тахтысты нырма æнæбаххæстгонд аэроплантæ. Уый дæр бæллыд уæлдæфы тæхынмæ. Æмæ 1915 азы полчы къухдариуæгадмæ бахатыд, цæмæй йæ ауагътаиккой авиацимæ, кæцы уыцы рæстæджы арæзт цыд, куыд æфсæдты ног хуыз, афтæ. Уыцы аз 25-æм июны раконд æрцыд цæстдарæгæй 17-æм корпусон авиакъордмæ. 1915 азы 17-æм октябрæй 1916 азы 7-æм августмæ Дзамболат ахуыр кодта æфсæддон авиацион скъолайы. 8-æм июны, ахуырты атахтытæй иуы рæстæджы бахаудта аварийы, фæлæ баззад сæрæгасæй æмæ скъола æнтыстджынæй каст фæуыны фæстæ райста «æфсæддон тæхæджы» ном. Уыцы рæстæджы тæхджытæн нæ уыд, æгæрыстæмæй, парашюттæ дæр æмæ-иу арæх бахаудтой æнамонд цауты. Уæдæй фæстæмæ йæ скомандировкæ кодтой 14-æм корпусон авиакъордмæ. Хъаныхъуайы фырт разынд курдиатджын, æнтыстджын тæхæг. Саккаг ын кодтой цалдæр æфсæддон ордены æмæ тагъдыл размæ ацыд службæйы. 1917 азы 24-æм марты нысан æрцыд 30-æм Корпусон авиакъорды командирæй. Æппæт хæсты дæргъы авиацийы сæйраг хæс уыд развæдсгæрст. Пилоттæ-иу арæх развæдсгарæн операцийы рæстæджы семæ ахастой бомбæтæ æмæ-иу ныппырх кодтой ныхмæлæууæджы объекттæ. Уый фæстæ тæхджыты хотыхджын кодтой пистолеттæ æмæ карабинтæй. Тæхæг-иу хъуамæ батахтаид ныхмæлæууæгмæ æмæ-иу æй фехстаид. Куыдфæстагмæ ивта тактикæ, æмæ хæсты фæудмæ авиаци ссис тæссаг æфсæддон тых. Уæрæсейæн Фыццаг дунеон хæсты хайадист фæцис бæстæйы мидæг зындгонд политикон ивындзинæдтæй. 1917 азы кæронмæ уæрæсейаг æфсад большевикон пропагандæйы æндæвдады бын райдыдта пырх кæнын æмæ 1918 азы райдианмæ æфсæддон хæйттæн сæ фылдæр нал уæвынад кодтой. Уый бандæвдта æфсæддон авиацийыл дæр, кæцы арæзт æрцыд стыр тыхтæ бахардз кæнгæйæ.
Хъаныхъуаты Дзамболат Украинæйы тырныдта авиакъорд бахъахъхъæнынмæ, фæлæ йын нæ бантыст. Уыцы рæстæгмæ Украинæ ссис хæдбар æмæ аразын райдыдта йæхи гарзджын тыхтæ, уыцы нымæцы авиаци дæр. 1918 азы Украинæйы Галицкы æфсад (УГА) аразыны рæстæджы арæзт æрцыд «тæхджыты хайад», кæцыйы сæргъ слæууыд Петр Франко. Уый каст фæцис Сараевскы тæхджыты скъола æмæ уый размæ службæ кодта Австро-Венгриаг æфсады. Тæхджыты 1-аг къорды командир ссис булкъон Борис Губер. 1918 азы декабры, ацы авиакъордмæ булкъоны чины бацыд Хъаныхъуаты Дзамболат, кæцы ссис 1-аг сæдæ тæхæджы командир. Йемæ ма уым службæ кæнын райдыдта йæ кæстæр æфсымæр Хасбулат дæр. Украинæйы авиакъорд, кæцыйы сконды уыд ссæдз хæдтæхæджы бæрц – «Ньюпор», «Альбатрос», «Фарман», «Даймлер», активон хайад иста хæстон архайдтыты польшæйаг æфсæдты ныхмæ, кæцытæ уыцы рæстæджы уыдысты Украинæйы гарзджын тыхты сæйраг ныхмæлæууæг. 1919 азы дæргъы тæхджытæ бирæ хæтты бацыдысты тохы. Уыдоны-иу бахъуыд алыгъуызон хæстæ æххæст кæнын, уыцы нымæцы авиацийæн уыд ахæм уникалон хæстæ, куыд Перемышлы цур цæугæдон Саны сæрты хид ныппырх кæнын. Украинæйы сæрмæ Хъаныхъуайы фырт цы польшæйаг аэропланты æрæппæрста, уыдонæй иу тæхæг уыд америкæйаг, кæцы службæ кодта Польшæйы авиацийы пилот-инструкторæй. Украинæйы æвзонг аивацийы тынг хъуыд ахæм фæлтæрдджын специалисттæ, куыд Хъаныхъуаты Дзамболат. Уый уыд тынг хорз тæхæг æмæ организатор, тæхджыты зонгæ кодта алыгъуызон техникæимæ. Булкъонæн йæ бон уыд змæлынгæнæджы зæлтæм гæсгæ хæдтæхæджы хуыз рахицæн кæнын. Украинæйаг æфсад рауæрæхдæр, булкъон Губеры авиакъорд ссис полк, тæхджытæ кодтой фæлтæрдджындæр, фæлæ уæддæр уды зиæнттæ æрмæст арвы не ййæфтой. 1919 азы 5-æм февралы æрцыд трагикон цау. Уыцы бон булкъон Губер ахуыртæ уагъта уæлдæфон цæстдарджытæн немыцаг хуыз авиабомбæты конструкциимæ сæ базонгæ кæнын фæдыл. Ахуырты рæстæджы комкоммæ дæр Губеры къухты спырх æфсæддон æрмæг. Фæмард сты аст афицеры – ахуыргæнæг йæхæдæг æмæ авд курсанты, уыцы нымæцы Дзамболаты æфсымæр Хасбулат дæр.
Губеры амæлæты фæстæ полчы сæргъ слæууыд Хъаныхъуаты Дзамболат. Фæлæ, стыр хъыгагæн, уый дæр ацы бынаты бирæ нæ баззад. 1919 азы 15-æм майы Дзамболат ныппырх авиакатастрофæйы дыууæ механикимæ иумæ. Катастрофæйы аххосаг ссис змæлынгæнæг кæй нал скуыста, уый. Куыд рабæрæг, уымæ гæсгæ австриаг Кубиш Хъаныхъуайы фырты хæдтæхæджы моторы ныккалдта згъæры хафæнтæ. Кубиш бафæлвæрдта фыдракæнд саразыны бынатæй алидзыныл, фæлæ йæ æрæппæрста Евский.
Украинæйы Галицкы æфсады йæ авиакъорд цы 16 куынæггæнæг хæдтæхæджы æрæппæрста, уыдонæй 9 уæлахизы уыдысты Дзамболаты.
Афтæмæй Ирыстонæй дард уæвгæйæ, трагиконæй аскъуыд йæ цард хъæбатыр авиаторæн, фыццаг ирон-тæхæг Хъаныхъуаты Дзамболатæн.

Æрмæгыл бакуыста
ДЖИОТЫ Е.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.