Зындгонд у уый, æмæ спортивон хъæбысхæсты уæрæсейаг скъола кæй у дунейы тыхджындæртæй сæ иу. Уым, бæлвырдæй ис бæрзондквалификациджын тренерты сконды стыр хайбавæрд, цыран раззагон къухдариуæггæнджыты бынæттæ ахсынц не ‘мзæххонтæ. Кæд æмæ уæгъдибар хъæбысхæстæй Уæрæсейы Федерацийы æмбырдгонд командæйы уæлахизхæссæг ралæудтытæм стыр хайбавæрд хæссы йæ сæйраг тренер Тедеты Дзамболат, уæд грекъаг-римаг стилмæ та уæрæсейаг хъæбысæйхæцджыты æнтыстытæм уæзгæ хайбавæрд  хæссы не ‘мзæххон Куымæридтаты Вадим. Уый 2006 азы нысан æрцыд грекъаг-римаг хъæбысхæстæй Уæрæсейы Федерацийы æмбырдгонд командæйы хистæр тренер-хистæры бынаты. Æмæ ныртæккæ та уый у грекъаг-римаг хъæбысхæстæй УФ-йы æмбырдгонд командæйы Генералон менеджер.

Куымæридтаты Вадим райгуырд 1970 азы горæт Цхинвалы. 10-аздзыдæй райдыдта архайын уæгъдибар хъæбысхæстæй Джиоты Руфины къухдариуæгады бын, кæцы фæхатыд йæ сыхаг лæппуйы  хорз физикон бæрæггæнæнтæ æмæ йæ йæхимæ фæхуыдта тренировкæтæ кæнынмæ. Лæппуйæн хъæбысхæст фæцыд йæ зæрдæмæ æмæ цымыдисæй аныгъуылд спортивон архайды. Æвзонг спортсмены тренер йæхицæн æхсызгонæй банысан кодта, зæгъгæ, Вадимæн хорз æнтысы хъæбысхæсты техникæ  дæсныйады бындуртæ сахуыр кæнын. Уыимæ тынг ахсджиаг цы у, уый  – Куымæридтаты Вадим тынг бæрнон ахаст кæй дардта йæ тренировкæтæм.

«Вадим уыд тынг хæрзæгъдау æмæ зæрдæхæлар сывæл-лон. Уый æнæзивæгæй тренировкæтæ кодта. Кæд æмæ-иу ын цахæмдæр ног амал (прием) саразын йæ къухты не ‘фтыд, уæд-иу быхсгæйæ æмæ йæ тыхтæ æрбамбырд кæнгæйæ куыста уæдмæ, цалынмæ-иу нæ базыдта техникон архайд, куыд æмбæлы, афтæ. Вадим йæхи никуы сайдта æмæ нæ уагъта тренировкæтæ æнæ уæлдай айсинаг æфсонæй», – йæ зæрдыл æрлæууыд Джиоты Руфинæн.

Куымæридтаты Вадим тагъд рæзт æмæ дарддæры азты уый ссис Хуссар Ирыстоны автономон областы чемпионаты уæлахиздзау. Æмæ 1984 азы та, зæрдæргъæвд лæппу бацахста фыццаг бынат скъоладзауты ‘хсæн Гуырдзыстоны чемпионаты. Уый фæстæ, Вадим йе скъолайон азты иу æмæ дыууæ хатты не сси  Хуссар Ирыстоны автономон областы уæлахиздзау, Советон Гуырдзыстоны чемпионатты призер æмæ æппæтцæдисон алыгъуызон турнирты призер. 1987 азы уый каст фæци Цхинвалы 5-æм астæуккаг скъола æмæ ацыд æфсады рæнхъытæм службæ кæнынмæ. Уыцы рæстæгмæ фидæны зынгæ тренер сæххæст кодта Советон Цæдисы спорты мастеры нормативтæ. Куымæридтайы фырт службæ кæнынмæ æрвыст æрцыд Владивостокмæ Сабырденджызон флотмæ. Командæкæнынад куы базыдта не ‘мзæххоны спортивон æнтыстыты тыххæй, уæд æй ракодтой денджызон фистæгæфсады дивизийы спортивон ротæмæ.

Фæстаг дыууæ азы дæргъы уый уыд Сабырденджызон спортивон ротæйы дивизийы старшина. Спортивон ротæйы службæ кæныны рæстæджы Вадим йæхи снывонд кодта самбойы хъæбысхæстæн, хайад исын  райдыдта алыгъуызон æфсæддон ерысты, спорты ацы хуызы фæдыл дæр сæххæст кодта спорты мастеры нормативтæ. 1991 азы демобилизацийы фæстæ, Куымæридтаты Вадимæн загътой сæ фæндон, Приморскы крайы сывæллæтты-æвзæнгты спортивон скъолайы уæгъдибар хъæбысхæстæй тренерæй бакусыны фæдыл. Фæстæдæр, хуссарирыстойнаг хъæбысæй хæцæг ссис уæгъдибар хъæбысхæстæй Приморскы крайы сæйраг тренер, афтæ ма Дард хурскæсæны  паддзахадон университеты физикон хъомылады кафедрæйы хистæр ахуыргæнæг. Паралеллонæй Вадим бацыд ацы университеты юридикон факультетмæ, кæцыйы каст фæцис æнтыстджынæй. Тренеры бынаты кусгæйæ, уый фæстæдæр æнтыстджынæй каст фæци Санкт-Петербурджы П.Ф. Лесгафты номыл физикон культурæйы национ паддзахадон университет дæр.

Приморскы крайы куысты азты, не ‘мзæххон уæгъдибар хъæбысхæстæй бацæттæ кодта Уæрæсейы 20 спорты мастерæй фылдæр. Йæ хисæрмагонд миниуджыты æмæ цæсгомджын куысты тыххæй, алыран дæр, кæмфæнды ма куыстаид Вадим,  уæддæр-иу уымæн уыд хорз авторитет. 2006 азы Вадимы кусынмæ фæхуыдтой Мæскуымæ Уæрæсейы спортивон хъæбысхæсты Федерацимæ грекъаг-римаг хъæбысхæсты УФ-йы æмбырдгонд командæйы хистæр тренер-хистæры бынатмæ. Фæстæдæр, 2011 азæй ма у грекъаг-римаг хъæбысхæстæй УФ-йы æмбырдгонд командæйы генералон менеджер дæр.

«Хистæр тренеры бынаты æмæ мæ Уæрæсейы æмбырдгонд командæйы хистæрæй куы нысан кодтой, уæд уым стыр нысаниуæг уыд нæ зындгонд æмзæххон Тедеты Дзамболаты рекомендацийæн, Уæрæсейы спортивон хъæбысхæсты Федерацийы къухдариуæгад йæ президент  Олимипион чемпион Михаил Мамиашвилийы сæргълæудæй уынаффæ куы истой, уæд. Стыр бузныг дæн кæй мыл баууæндыдысты, уый тыххæй», – загъта Куымæридтаты Вадим.

Абоны онг цхинвайлаг тренер хайад райста УФ-йы æмбырдгонд  командæйы  æртæ Олимпион циклы  Пекины Олимипион хъæзтыты (2008 аз), Лондоны (2012 аз) æмæ Риойы (2016 аз), цыран грекъаг-римаг стилы уæрæсейаг хъæбысæйхæцджытæ рамбылдтой 7 сыгъзæрин, 2 æвзист æмæ 3 бронзæ майданы. Уымæй дарддæр ма, уыдон бирæ хæттыты систы дунейы, Европæйы æмæ алыгъуызон дунеон егъау турнирты уæлахиздзаутæ æмæ призертæ. Уæрæсейы спортивон хъæбысхæсты рæзтмæ йе стыр хайбавæрд æмæ иу-уыл бæрзонддæр æмвæзады дунеон ерысты уæрæсейаг хъæбысæй хæцджыты æнтыстджын ралæудтытæ хынц-гæйæ, Куымæридтаты Вадимæн саккаг кодтой «Уæрæсейы сгуыхт тренер», «Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы физикон культурæ æмæ спорты сгуыхт кусæг»-ы кадджын нæмт-тæ, хорзæхджын æрцыд «Фыдыбæстæйы раз лæггæдты тыххæй» II-аг къæпхæны ордены майданæй, «УФ-йы Президенты арфæйы фыстæгæй», «Николай Озеровы», «Уæрæсейы спорты рæзтмæ хайбавæрды тыххæй», Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы «Ирыстоны кадæн»-ы майдантæй æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны «Хæлардзинады Орденæй». Афтæ ма хорзæхджын æрцыд Уæрæсейы Федерацийы Спорты министрады «Отличник физической культуры и спорта»-йы риуылдарæн нысанæй, УФ-йы Олимпион комитеты «За заслуги в развитии олимпийского движения в России»-йы кадджын нысанæй.

Куымæридтайы фырты хицæнгæнæн  къухдариуæгадон характеристикæтæ сты дисциплинæ, нысанмæтырнындзинад æмæ йæ разы лæууæг хæстæ уæлдай оптималонæй аскъуыддзаг кæныны амæлттæ арын. Дунеон æмвæзады спортсментæ хуымæтæджы адæймæгтæ не сты. Уыдонæй алчидæр у гоймаг, сæ характеры хицæндзинæдтимæ, цардмæ цæстæнгасмæ гæсгæ æмæ афтæ дарддæр.  Фæтыхджындæргонд тренировкæты рæстæджы спортсментæ февзарынц колоссалон физикон æмæ психологон уаргъæвæрдтæ, кæцы, кæй зæгъын æй хъæуы, зыны сæ эмоционалон уавæрыл. Фæлæ,  йæ цардуагон фæлтæрддзинад æмæ дипломатондзинады руаджы Куымæридтаты Вадимæн йæ къухты æфты уыдонимæ иумиаг æвзаг арын. Уый алыхатт дæр æргом у спортсментæн, цæттæ у, уыдонæн æнæмæнгхъæуæг æххуыс бакæнынмæ, уынаффæ радтынмæ.

Тренеры бынаты йе ‘нтыстыты сæйрагдæрыл нымайы, равзаргæ профессийыл æгæрон æнувыддзинад, быхсындзинад, йæ хъомылгæнинæгты психологи æмæ характер тынг хорз æмбарын,  æмæ афтæ  саразын, цæмæй уыдон баууæндой сæ тыхтыл. «Æнæмæнгхъæуæг у командæйы дисциплинæ æмæ фæтк сифтонг кæнын. Тренер хъуамæ кад кæна йæ ахуыргæнинæгтæн, хъуамæ сæм йæ хъус дара æмæ сыл ауда. Уæд ын йæ хъомылгæнинæгтæ дæр дзуапп кæндзысты æмзæрдæйæ. Æмæ уый та, бирæ хатты тыхджындæр кæны тренировкæты процессы æмæ  «тренер-ахуыргæнинаг»-ы æмархайды эффективондзинад», – йæ ныхасмæ бафтыдта уый.

Куымæридтаты Вадим æмбырдгонд командæйы спортсментимæ æрвиты, йæ бинонтимæ цас рæстæг æрвиты, уымæй фылдæр рæстæг – азы дæргъы авд-аст мæйы вæййы семæ ахуырадон-тренировкæгæнæн сборты æмæ ерысты. Йæ бынат æй хæсджын кæны, æппынæдзух йæ къух коман-дæйы пульсыл дарын. Спортсменты, тренерты сконды, спортуарзджыты æмæ бæстæйы раз бæрндзинад егъау у. Фæлæ Вадим куыд йæ хъуыддаджы æцæг профессионал, афтæ дзы нæ тæрсы æмæ æппæт йæ фæлтæрддзинад æмæ зонындзинæдтæй пайда кæнгæйæ, спортсменты здахы, сæ разы лæууæг хæстæ оптималонæй аскъуыддзаг кæнынмæ. Æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, йæ куысты иууыл æхсызгондæр эмоцитæ æмæ æнкъарæнтæ УФ-йы иннæ тренертимæ февзары,  иууыл бæрзонддæр æмвæзады ерысты уæрæсейаг хъæбысæйхæцджытæ уæлахиздзаутæ куы свæййныц, уæд. Тренеры куысты бæрзæнд у, Уæрæсейы æмбырдгонд командæйы хъæбысæйхæцджыты риуыл  сыгъзæрин Олимпион майдан.  Уæрæсейы грекъаг-римаг стилы хъæбысæйхæцджыты ацы кадджын æнтыстыты ис не ‘мзæххоны уæзгæ хайбавæрд дæр.

Ныртæккæ,  йæ  архайдмæ гæсгæ генералон менеджер дзуапп дæтты федерациимæ æмбырдгонд командæты æмархайды координацийæн, Уæрæсейы командæты спортивон цæттæдзинады Центрæн æмæ бирæ фарстыты фæдыл Уæрæсейы Федерацийы Спорты министрадæн, тренировкæты сбортæ сорганизаци кæнынæй райдайгæйæ æмæ антидопингон фарстытæй фæугæйæ.

Куымæридтаты Вадим комкоммæ хайад исы æппæтуæрæсейон æмæ регионалон ерыстæ, тренерты æмæ тæрхонгæнджыты ахуыргæнæн-методикон семинартæ сорганизаци кæныны, афтæ ма у Уæрæсейы территорийыл æрвылазон дунеон турниртæ – И.Поддубныййы мысæн Гран-При ауадзыны организатор дæр. Хъæбысхæсты баиугонд стилты Дунеон æхсæнадæмон федерацийы минæвæртты хъуыдымæ гæсгæ, ацы ерыстæ уагъд æрцæуынц бæрзонд организацион æмвæзадыл, æмæ уым ис Куымæридтаты Вадимы стыр хайбавæрд дæр.

Куымæридтайы  фыртæн  ис  хорз  авторитет  æмæ кад спортсменты, тренерты æмæ спортивон æхсæнады ‘хсæн æрмæст Уæрæсейы нæ, фæлæ ма фæсарæнты дæр. Уый активон хайад исы грекъаг-римаг хъæбысхæстæй хъæбысхæцджытæ бацæттæ кæныны, у грекъаг-римаг хъæбысхæстæй Уæрæсейы æмбырдгонд командæ бацæттæ кæныны фæдыл нысанон комплексон программæйы комкоммæ бакусæг. Кæд ын тынг бирæ куыст ис, уæддæр уымæ нæкæсгæйæ, Вадим алыхатт дæр рæстæг ссары, цæмæй азы дæргъы иу-дыууæ хатты æрцæуа йæ райгуырæн Цхинвалмæ, йæ ныййарджыты, йе ‘ввахс хиуæтты æмæ хæлæртты фенынмæ. Æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, йе ‘рцыдтыты рæстæджы, уый, æнæмæнгæйдæр, бацæуы йæ уарзон ахуыргæнæг – ныртæккæ РХИ æмæ УФ-йы сгуыхт тренер,  физкультурæ æмæ спорты фарстыты фæдыл РХИ-йы Президенты уынаффæгæнæг Джиоты Руфинмæ.

«Æз тынг райгонд дæн Руфин Бурдымы фыртæй, кæцы мыл хорзæрдæм тынг бандæвдта. Чысылæй фæстæмæ æз федтон, цахæм бæрнон ахаст дардта йæ куыстмæ, йæ ахуыргæнинæгтæм цахæм лæмбынæг хъусдард здæхта, уый. Ахуыр нæ кодта, цæмæй уыдаиккам коммæгæс æмæ куыстуарзаг. Руфин Бурдымы фырт мæ æрбакодта хъæбыс-хæстмæ æмæ мын бауарзын кодта спорт. Мæ царды фæндаг равзарыны хъуыддаджы мыл тынг бандæвдта. Йæ рæстæджы æз сарæзтон мæ равзæрст æмæ амондджын дæн, ахæм фæндаг кæй равзæрстон, уый тыххæй», – банысан кодта зынгæ тренер.

Стыр хъыгагæн, Хуссар Ирыстоны нæй секцитæ гръекаг-римаг хъæбысхæстæй. Æмæ Вадим фæнд кæны Цхинвалы спортивон хъæбысхæсты ацы диссаджы алыгъуызондзинады секци сорганизаци кæныны фарст аскъуыддзаг кæнын. План ма кæны Цхинвалы хъæбысхæцджытæн мастер-къластæ сорганизаци кæнын дæр, грекъаг-римаг стилы дунейы зындгонд ирон хъæбысхæцджытæ Бæройты Хасан, Хуыгаты Алан æмæ Тотраты Рустамы хайадистæй. Ныфс нæ ис, Куымæридтаты Вадимæн кæй бантысдзæн йæ плæнттæ æнтыстджынæй сæххæст кæнын.

Æвзонг ирон спортсментæн та зынгæ тренер уынаффæ кæны, цæмæй уой хæларзæрдæ сæ алыварс адæммæ, хъусой сæ тренертæм, сæхиуыл æууæндой, быхсгæ æмæ хъæддыхæй тренировкæтæ кæной, кæцы сæ æркæндзæн спортивон æнтыстытæ къухты бафтын кæнынмæ.

Уалыты Гугули,

Джиоты Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.