Æцæг спортивон бæрæгбон арæзт æрцыд Цхинвалы. Спортивон галуан «Олимп»-ы уагъд æрцыдысты Тедеты Альберт (Ибрагим) æмæ Тедеты Владимиры (Вла) номарæн ерыстæ уæгъдибар хъæбысхæстæй «Аланийы чемпионат», зæгъгæ. Сæрмагондæй ацы ерыстæм æрцыдысты уæгъдибар хъæбысхæстæй дунеон стъалытæ УФ-йы æмбырдгонд командæйы сæйраг тренер, РХИ-йы спортивон хъæбысхæсты федерацийы президент Тедеты Дзамболаты сæргълæудæй. Делегацийы сконды уыдысты Олимпион чемпион Абдулрашид Садулаев, Олимпион хъæзтыты призертæ Тыджыты Таймураз æмæ Гозымты Хетæг, дунейы чемпионтæ Цæболты Хетæг, Магомедрасул Газимагомедов, Сидахъты Зауырбег, Магомед Курбаналиев, Абдусалам Гадисов, Магомед Азизов, Владимир Модосян, Æлдаттаты Ибрагим, Фæрниаты Ирбег, Европæйы чемпион Байцаты Владислав, дунейы чемпионаты призер Уалыты Владислав, фæсивæды ‘хсæн дунейы чемпион Байты Давид æмæ æндæртæ.

Зындгонд спортсментæ цалынмæ ерыстæм нæ бацыдысты, уæдмæ уал сæ йæхимæ райста паддзахады сæргълæууæг Бибылты Анатоли. Президент сын раарфæ кодта Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны цытæн æмæ банысан кодта, зæгъгæ, сæм Хуссар Ирыстоны  алы хатт дæр  æнхъæлмæ кæсынц райзæрдæйæ.

«Уæрæсейы хъæбысхæсты скъола дунейы нымад у иууыл тыхджындæрыл. Æмæ сæрыстыр вæййæм, уæлахиздзаутæ куы свæййут, уæд. Уæлдай æхсызгон нын у уый, æмæ командæйы сæргъ кæй лæууы не ‘мзæххон Тедеты Дзамболат. Стыр бузныг зæгъын мæ фæнды, ацы ерыстæ кæй сорганизаци кодтат, уый тыххæй», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Спортивон делегацийы номæй паддзахады сæргълæууæгæн бузныг загъта Тедеты Дзамболат æмæ йын радзырдта командæйы плæнтты тыххæй.

«Мах нæхи цæттæ кодтам Сочийы. Уым фембæлдыстæм УФ-йы президент Владимир Путинимæ æмæ уый фæстæ рацыдыстæм Цхинвалмæ. Лæппуты фæндыд Тедеты Ибрагим æмæ Владимиры рухс нæмттæ æрымысын», – загъта Тедеты Дзамболат.

Фембæлды ма хайад райстой РХИ-йы Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы комитеты сæрдар Зассеты Сергей, спорты фарстаты фæдыл президенты æххуысгæнæг Джиоты Руфин æмæ фæсивæд, спорт æмæ туризмы хъуыддæгты фæдыл парламентон комитеты сæрдар Тедеты Бахва.

Фембæлды фæстæ йæ хайадисджытæ ацыдысты «Аланийы чемпионат»-мæ. Ерыстæ официалонæй байгом кæныны церемонийы райдианы раныхас кодта Тедеты Дзамболат. «Ацы чысыл спортсментæм кæсгæйæ, æрымысын мæ сабибонтæ. Фæлæ нын уыцы рæстæджы ахæм фадат никуы уыдис, цæмæй нæм æрцыдаиккой Олимпион хъæзтыты, дунейы æмæ Европæйы чемпионтæй 30 адæймаджы бæрц. Сымахæн та ис ахæм фадат, цæмæй сæ райсат цæвиттон», – загъта йæ раныхасы Тедеты Дзамболат.

Дарддæр ныхасы бар лæвæрд æрцыд Олимпион хъæзтыты чемпион Абдулрашид Садулаевæн.

«Тынг æхсызгон нын у, Хуссар Ирыстонмæ кæй æрцыдыстæм, уый. Фæнды нæ сымахæн нæ фæлтæрддзинад бацамонын. Чысыл куы уыдтæн, уæд-иу мæнæн стыр цау уыдис, Олимпион чемпионы-иу куы федтон, уый. Фыццаг хатт уынын, иу мадзалы уыйбæрц зындгонд чемпионтæ хайад исой, уый. Сымах хъуамæ размæ тырнат. Стыр бузныг мæ фæнды зæгъын Хуссар Ирыстоны адæмæн Президент Бибылты Анатолийы сæргълæудæй, афтæ хорз нæ кæй райстат, уый тыххæй, афтæ ма бузныджы ныхæстæ зæгъын æмбæлы Тедеты Дзамболатæн дæр. Мæ зæрдæ уын зæгъы æнтыстытæ, цæмæй фидæны фæлтæртæ макуыуал феной хæст», – загъта Абдулрашид Садулаев.

Йæ раныхасы Президент Бибылты Анатоли банысан кодта, зæгъгæ, ахæм ерыстæ республикæйы царды  ахсынц стыр бынат.  «Бузныг мæ фæнды зæгъын ерысты организатортæн, кæцытæ æппæт дæр сарæзтой, цæмæй ам уагъд æрцæуа уæгъдибар хъæбысхæсты изæр. Бузныг мæ фæнды зæгъын Тедеты Дзамболатæн æмæ Уæрæсейæ æрцæуæг богалтæн. Фидарæй мæ уырны, æвзонг богалтæ сымах фенгæйæ, сымахимæ фембæлгæйæ, ноджы тынгдæр кæй тырн-дзысты тренировкæ кæнынмæ», – загъта Бибылты Анатоли.

Уый фæстæ айхъуыстысты РХИ-йы Паддзахадон гимны зæлтæ.

Ерысты официалонæй байгом кæныны церемонийы музыкалон хайы хайад райстой æвзонг гимнасткæтæ, Сывæллæтты сфæлдыстады галуаны ансамбль, зарæггæнджытæ Тасойты Игорь æмæ Куыдзеты Игорь, ансамбль «Амонд», афтæ ма цæгатирыстойнаг зарæггæнджытæ Цæрыкъаты хотæ Фатимæ æмæ Альбинæ.

Ерыстæм ма æрцыд Олимпион хъæзтыты æртæ хатты уæлахиздзау, Уæрæсейы Паддзахадон Думæйы депутат Таймæзты Артур. “Алы хатт дæр стыр æхсызгонимæ æрцæуын Ирыстоны хуссар хаймæ. Æз Ирыстоны нæ дих кæнын. Уымæ гæсгæ нымайын афтæ, æмæ дæн мæхи хæдзары. Турнир кæй ном хæссы, уыдон зыдтон. Владимиры фырт Робертимæ иумæ тренировкæ кодтон. Ибрагим та йе ‘фсымæр Дзамболатимæ бирæ сарæзтой, цæмæй мын спорты ахæм æнтыстытæ уыдаид», – загъта Таймæзты Артур.

Æвзонг богалты архайдмæ ма бакастысты дунейы чемпионаты æвзист призер, Украинæйы чемпион Зассеты Ален æмæ УФ-йы сгуыхт тренер Тедеты Марик.

Ерысты хайад райстой 140 богалы. Уыдон уыдысты Хуссар æмæ Цæгат Ирыстонæй. «Аланийы чемпионат»-ы уæлахиздзаутæ æмæ призертæ хорзæхджын æрцыдысты Кады грамотæтæ, кубоктæ æмæ æхцайы премитæй.

Ерыстæй бон раздæр ма зындгонд богалтæ гом тренировкæ ауагътой æвзонг спортсментæн. Уыдон стыр цымдисимæ кастысты хъæбысхæсты дунейы стъалыты архайдмæ. Æппæт дæр арæзтой сæ архайд сын сфæлхатт кæныны тыххæй. Спортсментæ сæхæдæг куыд загътой, афтæмæй зæрдæ-райæ æрцыдысты Цхинвалмæ.

Кæронбæттæны арæзт æрцыд ирон хъазт. Иууыл хуыздæр чи акафыд, уыдонæн Уæрæсейы æмбырдгонд командæйы уæнгтæ балæвар кодтой се  спортивон дарæс. Хуыздæр кафджытæй сæ иуæн та  йæ худ балæвар кодта Тедеты Дзамболат.

Хуриты Батрадз 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.