Куыд æхцон вæййы зæрдæйæн, не ‘мтуг ирон адæймæгты сгуыхтдзинæдты тыххæй нæм Райгуырæн бæстæйæн æддейæ куы æрæхъуысы, кæнæ та сын се ‘нтыстытæм  нæхи цæстæй куы фæкæсæм, уæд. Ахæм рæстæджыты нæ зæрдæтæ цины малы аныгъуылынц, сæрыстырдзинады æнкъарæнтæй байдзаг вæййынц, нæхицæй та ныббуц вæййæм æмæ фæзæгъæм, æгайтма, Ирыстоны зæххыл ахæм сæрæн гуырдтæ гуыры, æгайтма Ирыстоны зæхх хъæздыг у ахæм гуырдтæй, кæцытæн сæ хорзы кой айхъуысы æнæхъæн дунейыл æмæ афтæмæй сæ архайд, се сгуыхтдзинæдтæй скад кæнынц, куыд сæхицæн, афтæ сæ радтæг Ирыстонæн дæр.

Уæдæ дыууæ Ирыстоны цæрджытæ куыннæ хъуамæ уой сæрыстыр, не ‘мтуг ирон лæг Черчесты Станислав футболæй Мæскуыйы уагъдцæуæг дунеон чемпионаты цы диссаджы сгуыхтдзинæдтæ æвдисы, уымæй. Ирон лæджы къухдариуæгадæй футболæй Уæрæсейы  æмбырдгонд командæ цы  хъæзтытæ акодта, уыдонмæ дисгæнгæйæ кастысты æнæхъæн дунейы футболуарзджытæ. 32 азы дæргъы фыццаг хатт  Уæрæсейы æмбырдгонд командæ Черчесты Станиславы сæргълæудæй рахызт йæ къордæй 1/8 хаймæ Саудаг Аравийы 5:0 ныддæрæн кæнгæйæ. О, фæлæ уæлдай дисты та спортуарзджыты баппæрста, йæ дæлбар командæ чемпионаты 1/4 хаймæ кæй ахызт, уыцы хъуыддагæй. Чемпионаты байгом кæнынæй фæстæмæ  Саламы фырт у экраны хъайтар.

Фæстаг аз Черчесты Станиславы критикæ кодтой футболæй уæрæсейаг специалисттæ æмæ спортуарзджытæ. Уый нæ, фæлæ ма дунейы чемпионаты хæдразмæ бирæтæ домдтой, цæмæй сæрибар æрцæуа йæ бынатæй. Ахæм критикæ бирæтæ нæ бафæразынц, фæлæ Станислав равдыста фидар удыхъæд æмæ нæ фæивта йæ план. Æмæ рæстæг куыд равдыста, афтæмæй уыд раст. Ныр йæ критикæгæнджытæ фæивтой сæ хъуыды, бирæтæ дзы сæ критикон ныхæсты тыххæй ракуырдтой хатыр дæр. Журналисттæ эксперттимæ иумæ архайынц ирон тренеры тактикæ рафæлгъауыныл æмæ æрцæуынц иу хъуыдымæ – тренер йæ дæлбар командæимæ бакодтой стыр куыст.

Ныр та уæ цыбыртæй базонгæ кæндзыстæм йæ биографиимæ. Черчесты Станислав йæ спортивон карьерæ райдыдта 1981 азы Орджоникидзейы «Спартак»-ы. Фæстæдæр курдиатджын дуаргæс ахызт Мæскуыйы «Спартак»-мæ æмæ йе сконды дыууæ хатты ссис ССРЦ-йы чемпион, дыууæ хатты та  –  Уæрæсейы чемпион. Хъазыд ма Дрездены «Динамо» æмæ Мæскуыйы «Локомотив»-ы. 1996 азæй  хъазын райдыдта  австриаг  «Тироль»-ы. Ацы командæйы Черчесы фырт хъазыд 6 азы дæргъы. Уым ссис Австрийы 3 хатты чемпион æмæ  клубы æцæг легендæ. Лæвæрд ын æрцыд горæт Тиролы кадджын цæрæджы ном. 1990-æм азæй хуынд æрцыд ССРЦ æмæ УФ-йы æмбырдгæндты скондмæ. 2004 азы рахызт тренерон куыстмæ. Тренировкæ кодта «Ваккер-Тироль»-ы (Австри), «Спартак»-ы (Мæскуы), «Терек»-ы (Грозный), «Амкар»-ы (Пермь), «Динамо»-йы (Мæскуы) æмæ «Легия»-йы (Польшæ) командæты. Польшæйаг командæимæ рамбылдта ацы бæстæйы чемпионат æмæ Кубок. 2016 азы та нысан æрцыд Уæрæсейы æмбырдгонд командæйы тренерæй.

Банысан кæнын ма мæ фæнды уый дæр, æмæ Черчесы фырт кæй зоны цалдæр фæсарæйнаг æвзаджы. Немыцаг рауагъдæн интервью радта немыцаг æвзагыл. Иннæ ахæм Уæрæсейы æмбырдгонд командæмæ тренировкæйы рæстæджы сæ раздæры тренер Гус Хиддинг куы æрбацыд, уæд сын йæ ныхæстæ англисаг æзагæй футболисттæн тæлмац кодта Станислав йæхæдæг.

Уæрæсейы иууыл æнтыстджындæр тренертæй ма сæ иу у Гæззаты Валери. Уый у иунæг уæрæсейаг тренер, кæцы рамбылдта УЕФА-йы кубок. Куыд хъазæг, афтæ уый дæр уыд курдиатджын футболист. Хъазыд Орджоникидзейы «Спартак»-ы, Ростов-на-Донуйы «Ска»-йы, Мæскуыйы «Локомотив», Мæскуыйы «Динамо», Тбилисы «Динамо»-йы. ССРЦ  æмбырдгонд командæйы сконды акодта 8 хъазты æмæ ныхмæлæууæджы кулдуары  бакъуырдта 4 пуртийы. Ссис 1980 азы Олимпион хъæзтыты бронзæйон призер, 1984 азы рамбылдта ССРЦ  Кубок, афтæ ма 1976 æмæ 1980 азты ссис фæсивæды ‘хсæн  Европæйы чемпионаты уæлахиздзау.

Тренеры куыстмæ куы рахызт, уæд фыццаг слæууыд Орджоникидзейы «Спартак»-ы сæргъ. Фæстæдæр тренировкæ кодта Мæскуыйы «Динамо»-йы. 1994 азы слæууыд Дзæуджыхъæуы «Спартак»-ы сæргъ æмæ йæ къухдариуæгадæй иннæ аз командæ ссис Уæрæсейы чемпион. Гæззаты Валери ма Уæрæсейы чемпионат  уый фæстæ рамбылдта ноджы æртæ хатты (2003, 2005, 2006 азты). Фæлæ уæд тренировкæ кодта ÆЦСК-йы. Ацы командæимæ йын бантыст 2004/05 сезон УЕФА-йы Кубок рамбулын. Фæстæдæр ма уæрæсейаг клубтæй ахæм æнтыст йæ къухты бафтыд æрмæстдæр Санкт-Петербурджы командæйæн, кæцыйы тренер уыд голландиаг специалист Дик Адвокат.

Æнæхъæн дунейы куыд курдиатджын тренер, афтæ йæ хорзы кой хъуыстгонд у уæгъдибар хъæбысхæстæй Уæрæсейы æмбырдгонд командæйы сæйраг тренер Тедеты Дзамболатæн. Уый дæр нымад цæуы  легендарон тренерыл. Уый уæгъдибар хъæбысхæстæй Уæрæсейы æмбырдгонд командæйы сæргъ слæууыд 2001 азы. Уыцы рæстæджы æвзонг специалист æрбæстон кодта командæйы дисциплинæ. Дзамболат ацы бынаты фæкуыста 2012 азмæ æмæ æппæт уыцы азты Уæрæсейы æмбырдгонд командæ æрвылхатт дæр командон хыгъды фыццаг бынатыл цыд Олимпион хъæзтыты æмæ Европæйы чемпионатты. Уыцы рæстæджы йæ къухдариуæгады бын Ирыстоны минæвæрттæй бирæтæ систы Олимпион, дунеон æмæ Европæйы чемпионтæ. 2007 азы та нымад æрцыд дунейы хуыздæр тренерыл. УФ-йы æмбырдгонды тренеры бынатæй ацæугæйæ, командæйы бæрæггæнæнтæ бæрæг февзæрдæр сты. Фыццаг хатт уæрæсейæгтæ иу сыгъзæрин майдан дæр нал рамбылдтой Олимпион хъæзтыты. Уымæ гæсгæ Тедеты Дзамболаты фæстæмæ фæхуыдтой УФ-йы æмбырдгонд командæйы сæйраг тренеры бынатмæ. Хорзæхджын у бирæ паддзахадон хорзæхтæй.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ Тедеты Дзамболат Цхинвалы Хъайтарты уынджы  уæгъдибар хъæбысхæстæй цы скъола сарæзта, уый стыр ахъаз кæй фæцис  рæзгæ фæлтæртæн. Ацы скъолайы тренировкæтæ кæнынц сæдæгай лæппутæ. Уæдæ, ма цы уа уымæй стырдæр лæггад Фыдыбæстæйæн.

ÆЦСК-йы сæйраг тренер та у Мæргъиты Анатоли. Уый  тренировкæ кæны ацы спортивон клубы хъæбысæйхæцджыты. Мæргъийы фырт æнæраивгæйæ ацы бынаты кусы 2004 азæй фæстæмæ. Уæдæй нырмæ схъомыл кодта Олимпион хъæзтыты цыппар чемпионы, дунейы æмæ Европæйы бирæ уæлахиздзауты. Йæ куыстæн ын стыр аргъ кæнынц ÆЦСК-йы. Уый тыххæй  йæ 60  азы юбилеймæ ÆЦСК-йы Кады Аллеяйы æвæрд æрцыд йæ бюст. Райгуырæн бæстæйы раз йæ лæггæдты тыххæй йын лæвæрд æрцыд бирæ паддзахадон хорзæхтæ.

Æнæскæнгæ нæй, дзюдойæ стыр æнтыстытæ йæ къухты кæмæн бафтыдысты, уыцы цхинвайлаг лæппу Куымæридтаты Вадимы кой дæр. Кæд æмæ уæгъдибар хъæбысхæстæй Уæрæсейы Федерацийы æмбырдгонд командæйы уæлахизхæссæг ралæудтытæм стыр хайбавæрд хæссы йæ сæйраг тренер Тедеты Дзамболат, уæд грекъаг-римаг стилмæ та уæрæсейаг хъæбысæйхæцджыты æнтыстытæм уæзгæ хайбавæрд  хæссы не ‘мзæххон Куымæридтаты Вадим. Уый 2006 азы нысан æрцыд грекъаг-римаг хъæбысхæстæй Уæрæсейы Федерацийы æмбырдгонд командæйы  тренер-хистæры бынаты. Æмæ ныртæккæ та  у грекъаг-римаг хъæбысхæстæй УФ-йы æмбырдгонд командæйы Генералон менеджер. 2011 азæй ма у грекъаг-римаг хъæбысхæстæй УФ-йы æмбырдгонд командæйы генералон менеджер дæр.

Абоны онг цхинвайлаг тренер хайад райста УФ-йы æмбырдгонд командæйы  æртæ Олимпион циклы – Пекины Олимпион хъæзтыты (2008 аз), Лондоны (2012 аз) æмæ Риойы (2016 аз), цыран грекъаг-римаг стилы уæрæсейаг хъæбысæйхæцджытæ рамбылдтой 7 сыгъзæрин, 2 æвзист æмæ 3 бронзæ майданы. Уæрæсейы спортивон хъæбысхæсты рæзтмæ йе стыр хайбавæрд æмæ иууыл бæрзонддæр æмвæзады дунеон ерысты уæрæсейаг хъæбысæйхæцджыты æнтыстджын ралæудтытæ хынцгæйæ, Куымæридтаты Вадимæн саккаг кодтой «Уæрæсейы сгуыхт тренер»-ы кадджын ном æмæ бирæ æндæр хорзæхтæ. Стыр хъыгагæн, Хуссар Ирыстоны нæй секцитæ грекъаг-римаг хъæбысхæстæй. Æмæ Вадим фæнд кæны Цхинвалы спортивон хъæбысхæсты ацы диссаджы алыгъуызондзинады секци сорганизаци кæныны фарст аскъуыддзаг кæнын. Ныфс нæ ис, Куымæридтаты Вадимæн кæй бантысдзæн йæ плæнттæ æнтыстджынæй сæххæст кæнын.

Тренерон куысты ма стыр æнтыстытæ йæ къухты бафтыдысты УФ æмæ РХИ-йы сгуыхт тренер Сланты Виталийæн дæр. Йæ хъомылгæнинæгтæй дунейы стъалы ссис Гасситы Мурат. Фыццаг хатт Уæрæсейы историйы ацы бæстæйы минæвар тох кæндзæн Боксæй Æппæтдунеон Суперсерийы финалы. Ныр ын 21 июлы кæд бантыса украинаг боксер Александр Усикы рамбулын, уæд суыдзæн 4 сæйраг боксы организацийы верситæм гæсгæ дунейы чемпион. Ныридæгæн ирон боксер профессионалон рингыл рамбылдта 26 тохы. У WBA æмæ IBF верситæм гæсгæ дунейы чемпион.  Ацы аз 3-æм февралы Сочийы уагъд-цæуæг тохы Гассийы фырты  уæлахиз стыр æхсызгондзинад æрхаста дыууæ Ирыстонæн дæр.

Уæдæ диссагыл дис ничиуал кæны, æндæра не ‘мтуг ирон адæймæгтæ Уæрæсейы зæххыл цы стыр сгуыхтдзинæдтæ æвдисынц æмæ цы стыр бынæттæ ахсынц, уый диссагæн дзуринаг нæу!

Хуыцау зæгъæд, æмæ нæ зындгонд æмбæстæгтæн ноджы стырдæр æнтыстытæ сæ къухты цы бафтой.

Джиоты Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.