Куыд зонæм, афтæмæй наркомани ссис адæмы иууыл карздæр рис. Цалдæр азы размæ дæр ма чи загътаид, æмæ ацы æгъатыр низ махы онг дæр æрхæццæ уыдзæн.

Нæ фæсивæд хорз æмбарынц, йæ уацары куы бахауай, уæд дзы дæхи æнцонæй нал ратондзынæ, фæлæ дзы уæддæр чидæртæ равзарынц ацы тæссаг фæндаг. Равзарынц æй уымæн, æмæ сæ бафæнды царды цыдæр уысмты æхцондзинад райсын. Уыцы æхцон-дзинадæн та йæ кæрон æрхæссы мæлæт. Уый зонгæйæ йæ уæддæр чи йæ фырхъалæй, чи йæ мæгуырæй, кæй та йæ цымыдис сразæнгард кæны ацы хъуыддагмæ. Цæй иу хатт æй сфæлварон, куыд у, уый базонон, зæгъгæ. Фæлæ уыцы фæлвæрдæй дæр уый бахауы йæ уацары æмæ мастдзинад æрхæссы йе ‘ввахс адæмæн, стыр фыдбылыз та  йæхицæн. Абон махæй ма хъуамæ рох кæна, скуынæг кæнынмæ нæ кæй хъавыдысты гуннтæ, тæтæр-монголтæ, туркæгтæ, астæуккагазиаг æрдонгтæ. Фæстаг азты мах æвдисæнтæ систæм гуырдзиаг неофашистон бандитон баиугæндты ‘рдыгæй радон геноцидæн. Уæд хуссайраг ирæтты се ‘цæг рай-гуырæн зæххыл скуынæг кæнын, кæнæ сæ уырдыгæй фæсурын æвæрд æрцыдис гуырдзиаг паддзахадон интересты æмвæзадыл. Хæст бабын кодта бирæ æнæаххос, адæй-мæгты, фæлæ уæддæр нæ фесæфтыстæм, куыд наци, афтæ. Нæ сæр не ‘ркъул кодтам знæгты раз, нæ бакуымдтой сæттын нæ адæм, кæд бирæ хъизæмæрттæ баййæфтой, уæддæр. Цы нысанмæ цыдыстæм, уый къухты бафтыд. Систæм, сæрибар, хæдбар. Мах абон не ‘вдæлы нæ цард нын фæстæмæ чи æппары, ахæм æнæуаг хъуыддæгтæм. Иугæр систæм хæдбар, сæрибар, уæд хъуамæ архайæм нæ цард аразыныл. Æмæ, мах та цы уынæм? Нæ фæсивæдæй бирæтæ ныссагъдысты ацы æгъатыр низы къухты, бирæтæ дзы баисты йæ амæттæгтæ дæр. Æвæццæгæн зын бамбарæн нæу, знагæн сæттын никуы бакуымдтам, никуы ныл фæтых ис хъаруйæ, æмæ ныр наркотиктæ хæсты æгъатыр хъуыддаг дарддæр кæнынц,  иугай нын исынц не ‘рыгон хъæбулты цард. Наркомани чи нæ зыдта раздæр, уыцы Хуссар Ирыстоны апарахат ис ацы тæссаг низ, уæлдайдæр та æвзонг фæлтæры ‘хсæн.

Ацы тæссаг фæзынды ныхмæ тох кæнынæн алы ран, алы бæстæйы дæр лæвæрд цæуы стыр нысаниуæг. Уый тыххæй пайда цæуы алыгъуызон мадзæлттæй, уыцы нымæцы рынчынтæн квалификацион æгъдауæй хос кæнын. Фæлæ хъуыддаг уый онг ацæуы, уæдмæ адæймагæн йæ фæндаг хъуамæ æхгæд цæуид. Нæ фæсивæд хъуамæ бамбарой, махæн, чысыл нацийæн, уæлдай тæссагдæр кæй у фесæфынæй. Уымæ гæсгæ, махæй алчидæр хæсджын у, дæ хъæбул у, æви æндæр искæй, æвзæрдзинад аразгæ йæ куы фенай, уæд ын хъуамæ йæ ных бакъуырай, бауайдзæф ын кæнай. Нæ фæсивæд махæн нæ ныфс, нæ иумиаг хъæбултæ сты, уымæ гæсгæ сыл æмхуызонæй хъуамæ аудæм, хъуамæ пропогандæ кæнæм наркоманийы ныхмæ тох кæныны методтæ, архайæм йæ уидæгтæ йын бындзарæй сыскъуыныныл æмæ йæ нæ бæстæйæ фесафыныл.

Ацы тæссаг низы ныхмæ тохы стыр хæс ис ныййарджытыл. Уыдон фылдæр бæрндзинад хъуамæ хатой сæ сывæллæтты раз. Фаг нæу сывæллоны дарæсæй, хæлцæй ифтонг кæнын. Уыдон хъуамæ зоной, æддейæ сæ сывæллæттæ цахæм цардæй цæрынц, цахæм æм-бæлттæ сын ис, цы аразынц сæ сæрибар рæстæджы, цахæм сты сæ цымыдисдзинæдтæ. Зæрдыл дарын хъæуы, саби хорзæй дæр æмæ æвзæрæй дæр алцæмæ æмхиц кæй у æмæ сæ æвзæр-дзинæдтæй хизын кæй хъæуы. Махмæ нырма æмбæлон æмвæ-задыл æвæрд нæу рæзгæ фæл-тæры эстетикон, хæрзæгъдауы хъомылад. Æвæццæгæн ацы тæссаг низы ныхмæ тохы цы мадзæлттæ ист цæуы, уыдонæй сæ иу уаид иумиагахурадон скъолаты ацы фарсты фæдыл беседæтæ, æндæр ахæм ма-дзæлттæ арæхæй арæхдæр уадзын. Ахуырдзаутæ закъоныл фæнымайынц сæ ахуыр-гæнæджы ныхас, æууæндынц ын йæ зондамындыл, уымæ гæсгæ ноджыдæр фылдæр хъусдард хъуамæ аздахой сæ ахуыргæнинæгты хæрзæгъдауы хъомыладон фарстмæ.

Архайынц, фæлæ ноджыдæр фылдæр хъæуы уадзын ахæм мадзæлттæ.

Дзырд дæр ыл нæй, цы æвзæр фæзындтæ нæм ис, уыдонæн сæ аххосаг дуджы аххос кæй у. Æвзонг адæймæгты удыхъæдыл æв-зæрæрдæм æндавынц алыгъуызон тыхбахаст, къахбайдзинад, наркомани кæм ис, ахæм кинонывтæ. Раздæр, Советон дуджы та бар нæ уыдис, æгæрыстæмæй, уарзондзинадыл дзурæг чи уыдысты, ахæм кинонывтæм бакæсын дæр 16 азæй къаддæр кæуыл цыдаид, ахæм æвзонг адæймагæн. Ныр та фæндаг ссардтой æгæрыстæмæй 5 азы кæуыл цæуы, ахæм сывæллæттæ интернеттæм дæр, парахатæй кæсынц тыхбахаст кæм ис, ахæм мультипликацион фильмтæм æмæ кæй зæгъын æй хъæуы, æгъатыр кæнынц.

Наркоманийы фæндагыл чи ныллæууы, уыдонмæ сæ архайд хорз фæкæсы, нæ фембарынц, сæхицæн дæр æмæ æхсæнадæн дæр цахæм зиан хæссынц, уый. Ацы хъуыддаджы карздæрæй хъуамæ архайой барадхъахъхъæнæг органтæ. Архайынц, фæлæ уый, æвæццæгæн, фаг нæу. Ноджы карздæрæй хъæуы бавналын ацы проблемæ скъуыддзаг кæнынмæ. Махмæ ис закъондæттынад, ис нæм фаг тыхтæ, цæмæй уавæр рараст кæнæм. Ацы хъуыддаджы фæстиат кæнын у мæлæты хуызæн. Уымæй дæр иу адæймаджы нæ, фæлæ нацийы, мæлæты хуызæн, уымæн æмæ стыр зиан æрхæсдзыстæм нæ республикæйæн. Нæ фидæны фæлтæртæ мах хъуамæ азымы ма дарой, къæрцхъус кæй нæ разындыстæм, ницыуынæджы, ницыхъусæджы позицийыл кæй слæууыдыстæм, уымæй. Ирыстон хъуамæ цæра æмæ размæ цæуа æндæр цивилизацигонд бæстæты æмрæнхъ – æнæ наркоманийæ, æнæкъахбайдзинадæй, æнæ тыхбахастæй.

Нæ хæдбардзинад расидыны азтæй фæстæмæ баиу сты нæ адæмы хуыздæр миниуджытæ – фидардзинад, хъæбатырдзинад, быхсындзинад, æнусон кады сæрыстырдзинад æмæ ныр дæр хъуамæ фæтых уæм ацы тæссаг низыл. Æмæ йыл хъуамæ фæтых уæм, уымæн æмæ стыр куыст цæуы фæстаг азты национ хиæмбарынад биноныг кæныныл, нæ адæмы традицитæ æмæ кад бахъахъхъæныныл. Æмæ ацы тæссаг низыл куынæ фæтых уæм, уæд æбæрæг у нæ сомбон, нæ национ хъысмæт.

Бибылты Зинаидæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.