Нæ горæты цæрджытæ арæх бахауынц фыдбылызы сыгъдхъæстæ фæулæфыны фæстиуæгæн. Æвæццæгæн, нæ вæййы ахæм къуыри, æмæ мачи бахауа рынчындонмæ æмæ ма кæй бахъæуа дохтырты æххуыс. Арæх дзы вæййы æнахъомтæ дæр. Хъыгагæн дзы, цалдæр хатты та æрцыдис уды зиæнттæ дæр.

Æрдзон газæй пайда кæнын иуæй æнцон у, иннæмæй та тæссаг у. Бирæтæ йæм афтæ хуымæтæг цæстæй кæсынц æмæ сæ рох дæр фæвæййы, æдзух дзы хи хизын кæй хъæуы, кæй йæм хъæуы хъус дарын исты архайыны рæстæджы. Æмæ фыдбылызтæн сæ фылдæр хай та æрцæуы уæлæнгай ахасты фæстиуæгæн.

Цæмæй цæрджытæ сæ хъус хуыздæр дарой ацы проблемæмæ æмæ сомбон сæхи дæр æмæ сæ хиуæтты дæр бахизой фыдбылызтæй, уый фæдыл Цхинвалы «горгазы» кусджытæ Коцойы-фырты уынджы цæрджытимæ ауагътой профилактикон мадзал, кæцыйы рæстæджы сын бамбарын кодтой æрдзон газы тæссагдзинæдтæ. «Горгазы» техникæ æмæ æдасдзинады инженер Къусраты Аким сæйраджыдæр æмбарын кодта цæрджытæн, цæмæй уæлдай хъусдард здахой фæздæгдзæуæнтæм.

«Бирæуæладзыгон хæдзæртты фылдæр хайы фæздæгдзæуæнтæ арæх сыгъдæг нæ цæуынц, сæгæй байдзаг вæййынц æмæ уый фæстиуæгæн фæздæг фæстæмæ фатермæ здæхын райдайы. Ис ма дзы ахæмтæ, кæцыты фæздæгдзæуæнтæ раст монтаж не сты æмæ дзы уый фæстиуæгæн фæздæг рæстмæ нæ фæцæуы, дымгæ йæ фæстæмæ фездахы, стæй ма сæм бавналæн дæр нæ вæййы сыгъдæг кæныны рæстæджы. Ацы хъæндзинæдтæ, кæй зæгъын æй хъæуы, æвæстиатæй аиуварс кæнын хъæуы. Уымæн æмæ иууылкъаддæр аз иу хатт хъуамæ сыгъдæг цæуой фæздæгдзæуæнтæ. Ацы куыстытæ бакæнын у специалон службæты бон, кæцытæм цæрджытæ хъуамæ бахатой сæ куырдиатимæ», – зæгъы Къусраты Аким.

Ацы проблемæ æрмæст бирæуæладзыгон хæдзæрттæн нæй, фæлæ ма хисæрмагонд хæдзæрттæн дæр. Ам дæр фылдæр хатт фæздæгдзæуæнтæ раст арæзт нæ вæййынц, кæнæ та бирæ рæстæг æнæсыгъдæгæй баззайынц æмæ цæрджытæ тыхсын байдайынц фæздæгæй. Бирæтæ ма газы колонкæ сæвæрынц ваннæйы хатæны æмæ уый та комкоммæ халы газæй пайда кæныны æдасдзинады фæтк. Цал æмæ цал хатты æрцыдис фыдбылыз, газы колонкæ ваннæйы æвæрд кæй ис, уый фæстиуæгæн. «Горгазы» кусджытæ бахатыдысты æрæмбыруæвджытæм, зæгъгæ, кæд искæмæн йæ газы системæ афтæ арæзт у, уæд æй æнæмæнгæй рацаразæд, кæннод абон уа æви сом, – фыдбылыз æрхæсдзæнис.

Æрдзон газ приборæй кæнæ шлангæй куы хъуыза, уæд уый дæр къаддæр фыдбылыз нæ хæссы. Стæй ма тæссагдзинад уый мидæг ис æмæ йын йæ тæф адæймаг нал фæхаты, ныллæмæгъ æй кæны æмæ  фæстæдæр  бауадзыг вæййы. Уымæй уæлдай ма уыцы рæстæджы хатæны зынг исчи куы ссудза, уæд дæ балгъитæг дæр афтæ.

Уый тыххæй та газы прибортæ æвæрын, стæй ма сæ цалцæг кæнын дæр хъæуы специалисттæн хæс кæнын. Уымæй уæлдай ма нæй гæнæн газы трубæтыл, прибортыл æмæ йæ фæлындæнтыл исты дзаумæттæ æвæрын. Нырыккон фæлындæнтæн сæ фылдæр афтæ хæрзгъæд арæзт сты æмæ сæ æнæхъусдардæй дæр ис ныууадзæн, – исты дзы раст куы нæ фæкусы, уæд йæхæдæг ахицæн вæййы. Фæлæ алкæмæн ахæм нырыккон прибортæ нæй æвæрд æмæ уый фæстиуæгæн æхсæвыгæтты дæр хъæуы хъус дарын, уæлдайдæр та зымæгон, куы фæкусынц хъармгæнæнтæ, уæд.

Уæлдай тынгдæр газы прибортæй хизын хъæуы æнахъомты. Стæй ма специалисттæ куыд домынц, афтæмæй адæймаг йæ фæллад кæцы хатæны уадзы æмæ кæм фынæй кæны, уым, гæнæн уæвгæйæ, ма хъуамæ куса газы прибор. Кæд æмæ газ ахъуызыд æмæ йæ рæстæгыл базыдтай, уæд нæй гæнæн рухс ссудзын кæнæ исты электронон прибор баиу кæнын, – спичкæ ссудзыныл дзырд дæр нæй. Ахæм рæстæджы фыццаджыдæр хъуамæ байгом кæнай рудзгуытæ æмæ дуæрттæ æмæ стæй фæдзурай æмбæлон службæмæ.

Æвæццæгæн, специалистты домæнтæн се рдæг дæр куы æххæст кæниккой цæрджытæ, уæд нæм фыдбылызтæ дæр нал цæуид. Фæлæ,хъыгагæн, алчи нæ хъуыды кæны æдасдзинадыл, нæ йæм хъары æрдзон газы тæссагдзинад æмæ фыдбылыз куы æрцæуы, уæд та исты бамбарынæн ферæджы вæййы. Кæд цæрджытæ цымыдисдзинад равдисой, байхъусой специалисттæм, уæд нæм æнæмæнг фæкъаддæр уыдзысты æнамонд цаутæ.

ДЖИОТЫ Александр

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.