Ныры рӕстӕг афтӕ домы ӕмӕ адӕймаг йе’ рвылбонон царды ӕнӕ рог хӕдтулгӕ нал фæразы. Кӕд нӕ горӕт чысыл горӕтыл нымад цӕуы, уӕддӕр махмæ дæр хӕдтулгӕты нымӕц бонӕй бонмӕ рæзгæ цы кӕны, æндæр къаддӕр нӕ кӕны. Уый та ууыл баст у, ӕмӕ горӕт дæр рæзы, фӕзынд дзы ног микрорайонтӕ, уыдон та сты горӕтӕй дӕрддзӕф ӕмӕ сæм фистæгæй цæуын фæзын ис.  Афтæмæй, раздӕры азтимӕ абаргӕйӕ, абон нӕ горӕты уынгты хӕдтулгӕты нымӕц у бæрæг фылдæр. Æмæ дзы цынӕгъуызон хӕдтулгӕ фендзынæ! Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, цӕстӕнгасӕн хӕссынц ӕхцондзинад, фӕлӕ уыимӕ иумӕ ӕвзӕрын кӕнынц тӕссагдзинад. Уый та баст у шофырты арӕхстыл. Стæй нӕ горӕты уынгтӕ сты уынгӕг ӕмӕ уый хъуамӕ хынцой ӕппӕт шофыртӕ дӕр, цӕмӕй фыдбылызтӕ ма цӕуа фӕндӕгтыл. Ӕрвылбон дӕр, хӕдтулгӕты змӕлд горӕты уынгты афтӕ стыр у, ӕмӕ алы уысм дӕр ӕвзӕры тӕссагдзинад. Шофыртӕ фӕндагон змӕлды рӕстӕджы цы рӕдыдтытӕ ӕруадзынц, уыдоныл нӕ дзурдзынӕн, уымӕн ӕмӕ сыл иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ дзырдӕуыд дзыллон-информацийы фӕрӕзты. Дзырд дæр ыл нӕй, шофыртӕ хъуамӕ ӕххӕст кӕной фӕндагон змӕлды фӕткойтӕ ӕмӕ сæ ма халой. Фӕлӕ мӕ сӕрмагондӕй фӕнды фистӕгӕй цӕуджыты кой ракæнын.

Фӕстаг рӕстӕджы горӕты уынгты цыдамонӕнты (светофорты) нымӕц бирӕ фӕфылдӕр, уый та хъуамӕ хорзӕрдӕм бандавид фӕндагон змӕлдыл. Фӕлӕ хъуыддаг уый мидӕг ис, ӕмӕ чизоны, алы адӕймаг не’мбары, уыцы бирӕнымӕц цыдамонджытӕ канд шофырты тыххӕй не сты, фӕлӕ фистӕгӕй цӕуджыты тыххӕй дӕр.

Адӕймаг ӕрвылбон дӕр ӕвдисӕн вӕййы, фистӕгӕй цӕуджытӕй бирӕтӕ ӕппындӕр кӕй нӕ кӕсынц цыда-монӕгмӕ, афтӕмӕй кӕй кӕнынц сӕ цыды хай. Уымӕй та фыдбылыз хӕссынц канд сӕхицӕн нӕ, фæлæ шофыртӕн дæр. Уынгты фӕцӕй-цӕугӕйӕ, æрвыл-бон дӕр фенӕн ис ахӕм ныв: фистӕгӕй цӕуӕг фӕхизы фӕндагыл ӕмӕ бынтондӕр йӕ хъус нӕ дары фӕндагон змӕлдмӕ, нӕдӕр цыда-монӕгмӕ кӕсы, нӕдӕр йӕ фӕйнӕ фарс. Уымӕй дарддӕр ма йӕ телефонӕй архайы афтӕмӕй, цавӕрдӕр хъуыдыты уæвгæйæ, фӕраст кӕны фӕндаджы астӕуты. Æмæ алы адӕймаг дӕр йӕ уд йӕхӕдӕг куынӕ бахъахъхъӕна, уӕд шофырты арæхстдзинадæй алыхатт ныфсæвæрæн нæ вæййы. Бирӕты дзыхӕй та фехъусӕн вӕййы, зæгъгæ, мӕ шофыр нӕ уыны фӕндагыл фӕхизын, уый. Фæлæ дæ шофыр чизоны, уыны, чизоны та бынтондӕр йӕ развӕндаг дӕр нӕ уыны, (вӕййы дзы ахӕмтӕ дӕр), æмæ æвзæры удæн тæссаг уавæр. Афтӕмӕй ахæм фыдбылызты, алыхатт шофыртӕ аххосджын нӕ вӕййынц. Уый та ууыл дзурӕг у,  шофыр ӕмӕ фистӕгӕй цӕ-уӕг фӕндагон змӕлды рӕстӕджы кӕрӕдзимӕ кӕй хъуамӕ ӕвдисой хуымӕтӕг ӕмбарындзинад. Уӕд нӕ уыдзӕнис фӕндагон-транспортон цаутӕ. Адӕймаг уымӕй бирӕ рӕстӕг нӕ фесафдзӕн ӕмӕ цыдамонӕгмӕ цалдӕр секунды куы банхъӕлмӕ кӕса ӕмӕ ӕмбӕлон фӕндагон змӕлды фӕткойтӕм гӕсгӕ куы акӕна йӕ цыд. Ахуырадон уагдæттæ, скъолатæм хæстæг фенӕн вӕййы, сӕумӕрайсомӕй, скъоладзаутӕ сӕ ахуырмӕ куы фӕцӕй-тындзынц, уӕд сын паддзахадон автоинспекцийы инспектортӕ куыд феххуыс кӕнынц фӕндагыл ахизынӕн. Уый у тынг раппӕлинаг хъуыддаг, уымӕн ӕмӕ райсомӕй фӕндӕгтыл автомашинӕты нымӕц вӕййы тынг бирӕ. Ахӕм рӕстӕджы та фистӕгӕй цӕуджытӕн дӕр фӕзын вӕййы фӕндагыл ахизын, уӕлдайдӕр та ахуырдзаутӕн. Бафиппайын ма хъӕуы уый, ӕмӕ бирӕ хатт, фистӕгӕй цӕуӕг куы фехалы фӕндагон змӕлды фӕткойтӕ, уӕд кӕй райсы уайдзӕф инспекторӕй. Цæмæй уый дæр зона, кӕй фӕрӕдыд ӕмӕ дыккаг хатт мауал фехала фæндаджы æгъдау. Уый та ууыл дзурӕг у, ӕмӕ инспектортӕ канд шофыртимӕ нӕ кусынц, фӕлӕ фистӕ-гӕй цӕуджытимӕ дӕр.

Арӕх вӕййы афтӕ дӕр ӕмӕ шофыр фӕндагон змӕлды фæтк куы фехалы, уӕд мах, фистӕгӕй цӕуджытӕ, нӕхимидӕг рамӕсты вӕййӕм, бафӕнды нӕ уайтагъд ахӕм шофырӕн бауайдзӕф кӕнын, фӕлӕ хорз уаид, уыцы рӕстӕджы-иу куы ахъуыды кӕниккам, мах куы фехалӕм фӕндагон змӕлды фӕткойтӕ, уӕд шофыртӕ та цы фӕхъуыды кӕнынц, уыдоны нӕ фӕфӕнды бауайдзӕф нын кӕнын?

Алы шофыр ӕмӕ алы фистӕгӕй цӕуӕг дӕр иттӕг хорз хъуамӕ зона уыцы фӕткойтӕ ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕна, куыд амынд цӕуынц, афтӕ. Уӕд ӕмӕ ӕнӕфыдбылыз уыдзысты нӕ фӕн-дӕгтӕ.

Къæбысты Заринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.