Уæлвæткон уавæрты министрады зынгхуыссынгæнæн фадыджы службæгæнджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй ивгъуыд къуыри уыд цалдæр зынгсирвæзты. Хорз у, æмæ стыр фыдбылызтæ нæ расайдтой. Фæлæ вæййы афтæ дæр, æмæ цалынмæ зынгхуыссынгæнджытæ бынатмæ бахæццæ вæййынц, уæдмæ æрцæуы дзæвгар материалон зиæнттæ. Хурбонтæ кæй ахаста, уымæ гæсгæ бирæтæ сæ цæхæрадæттæ бафснайыны охыл хус сыфтæртæ æмæ кæрдæгыл бафтауынц арт. Уый фæстæ ацæуынц æмæ æндæр куыстытæ фæкæнынц. Арт æгæр куы сцырын вæййы, уæд та махмæ фæдзурынц», – зæгъынц зынгхуыссынгæнæн фадыджы радгæстæ. 

Уыдон ма куыд загътой, афтæмæй зынгсирвæзты цаутæй æртæ уыд Присы быдыры. Кæмæдæрты цинау кæсы хус кæрдæг куыд судзы, уымæ кæсын.  Кæрдæг та судзгæ ацæуы æмæ йæ  фæдыл расайы стырдæр фыдбылызтæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, горæтæй бригадæ ацæуы, фæлæ уыцы иурæстæг зынгсирвæзтытæ цалдæр ран куы вæййы, уæд машинæтæ нал фæфаг кæнынц. Кæйдæрты æнæсæрфат миты тыххæй зынгхуыссынгæг бригадæ цас материалон зиан скæны бюджетæн, ууыл хъуыды дæр ничи кæны. Стæй чидæртæ, æвæццæгæн, зонгæ дæр нæ кæнынц, хус сыфтæртыл арт бафтауын зианхæссæг кæй у æнæниздзинадæн. Йæ тæфмæ хуыдыг кæнынц асматиктæ, расайы сын аллерги æмæ гæнæн ис, бынтондæр сæхгæной сæ улæфæнтæ. Хъæууон хæдзарады специалисттæ раджы сбæлвырд кодтой, хус сыфтæртæ æмæ кæрдæджы халтæ судзын кæй не ‘мбæлы. Хъæуы скъахын дзыхъ, уым æрæмбырд кæнын хъæуы сыфтæртæ æмæ сæ стæй бамбæрзын хъæуы сыджытæй. Цæмæй дзы рауайа æрдзон хъацæн.

Зынгхуыссынгæнджыты хайады службæйы кусджытæ ма куыд зæгъынц, афтæмæй ацы бонты уыдон Мидхъуыддæгты министрады æнахъомты хайады кусджытимæ иумæ хъавынц ииумæйаг ахуыргæнæн  скъолаты ахуыргæнинæгтимæ профилактикон беседæтæ ауадзын. Цæмæй арæхстгай архайой зынгимæ æмæ æвирхъау цаутæ куы фæзына, уæд та афоныл фехъусын кæной æмбæлон службæтæм. «Зынгсирвæзты фыдбылызтæ фылдæр æрцæуынц æнахъомты аххосæй. Зынг куы бафтауынц æмæ арт куы сцырын вæййы, уæд фæтæрсынц, алидзынц æмæ сæхи бааууон кæнынц. Ныййарджытæ сæхæдæг дæр хъуамæ уадзиккой профилактикон беседæтæ  сæ сывæл-лæттимæ. Æрæджы БАМ-ы районы сывæллæттæ арт бандзæрстой хус фæйнæджы гæппæлтыл, кæцы хæрз æввахс уыд электрохæххыты сæйраг киоскмæ. Нæ бригадæ афоныл куынæ ссыдаид, уæд тас уыд срæмыгъдæй. Ахæм ныййарджыты æнæмæнг хъæуы ивар кæнын. Хъыгагæн, ацы аз уыд дыууæ трагикон цауы, зынгсирвæзты рæстæджы басыгъдысты ацæргæ адæймæгтæ. Дыууæ цауы аххосаг дæр уыд электроплитæтæй раст кæй нæ пайда кодтой, уый. Уымæ гæсгæ фадыгон инспектортимæ иумæ азилдзыстæм районты цæрджытыл дæр æмæ сын радзурдзыстæм, цы фæткойтæ хъæуы æххæст кæнын, ууыл», – зæгъынц зынгхуыссынгæнджытæ.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.