Ивгъуыд къуыри микрорайон «Хурзæрин»-мæ хæстæг Цхинвал-Дзауы фæндаджы сæрмæ къуылдымыл æрцыд зынгсирвæзт, ссыгъдис хъæд. Фæдзырдтой зынгхуыссынгæнджыты хайадмæ, фæлæ хъæд сыгъд зынвадат бынаты, бацæуæн æм нæ уыд сæрмагонд техникæйыл, уымæ гæсгæ Уæрвæткон уавæрты министрады кусджыты бахъуыд арт хуыссын кæнын къухæй. Зынгсирвæзты тыххæй зынгхуыссынгæнджытæм бадзырдтой хайадмæ 15 сахатыл æмæ арт та ахуыссын кодтой 20 сахатмæ хæстæг. Уæдмæ тæвд дуртæ згъæлдысты фæндагмæ, фæлæ йæ æрæхгæнын нæ бахъуыд. Ацы цауы тыххæй «Спутник»-ы пресс-конференцийы рæстæджы Уæлвæткон уавæрты министрады минæвар Инал Захаров куыд фехъусын кодта, афтæмæй зынгсирвæзты аххосаг уыд адæймаджы æнæбæрн ахаст. Уымæ гæсгæ æрсидт цæрджытæм, цæмæй бæрнон ахаст æвдисой æрдзмæ æмæ ма судзой хус кæрдæг.

Уæлвæткон уавæрты министры фыццаг хæдивæг Бестауты Ацæмæз та куыд загъта, афтæмæй фæстаг дæс боны уыд цалдæр зынгсирвæзты. «Хорз у æмæ стыр фыдбылызтæ нæ расайдтой. Фæлæ вæййы афтæ дæр æмæ цалынмæ зынгхуыссынгæнджытæ бынатмæ бахæццæ вæййынц, уæдмæ æрцæуы дзæвгар материалон зиæнттæ. Фылдæр хатт зынг сирвæзы адæймаджы аххосæй, йæ æнæрхъуыды архайды фæстиуæгæн. Æрдзы хъæбысы уæвгæйæ уыдон аппарынц судзгæ тамако. Хус кæрдæг ссудзынц сывæллæттæ дæр. Уыдонмæ цинау фæкæсы, кæрдæг куыд судзы, уымæ кæсын. Кæрдæг та судзгæ ацæуы æмæ йæ фæдыл расайы фыдбылыз. Кæй зæгъын æй хъæуы, махмæ куыддæр фæдзурынц, афтæ бригадæ уадид ацæуы, фæлæ уыцы иурæстæг зынгсирвæзтытæ цалдæр ран куы вæййынц, уæд машинæтæ нал фæфаг кæнынц. Ахæм цаутæ ивгъуыд къуыри æрцыд фондз. Уыцыиу рæстæджы зынгсирвæзт хуыссын кæнынмæ ацыдысты горæты Фидауынгæнджыты уынгмæ, Цхинвалы районы Сати-хъары хъæумæ, Знауыры районмæ та Хъорнис æмæ Алибары хъæутæм».

Зынгхуыссынгæнджыты хайады службæйы кусджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй уыдон барадхъахъхъæнæг органты кусджытимæ иумæ фæнд кæнынц цæрджыты ‘хсæн профлилактикон беседæтæ ауадзын. Цæмæй арæхстгай архайой зынгимæ, науæд аххосджынтæ æфхæрд кæй цæудзысты. Нырма уал бафиддзысты ивар, уый фæстæ та сæ æркæндзысты бæрндзинадмæ.

Зынгсирвæзты цаутæ фылдæр æрцæуынц æнахъомты аххосæй. Зынг куы бафтауынц æмæ арт куы сцырын вæййы, уæд фæтæрсынц, алидзынц æмæ сæхи бааууон кæнынц. Ныййарджытæ сæхæдæг дæр хъуамæ уадзиккой профилактикон беседæтæ сæ сывæллæттимæ. Æрæджы та БАМ-ы районы сывæллæттæ арт бандзæрстой хус фæйнæджы гæппæлтыл, электрохæххыты киоскмæ хæстæг. Бригадæ афоныл куынæ ссыдаид, уæд тас уыд срæмыгъдæй. Хъыгагæн, ивгъуыд аз æрцыд дыууæ трагикон цауы, зынгсирвæзты рæстæджы басыгъдысты ацæргæ адæймæгтæ. Дыууæ цауы аххосаг дæр уыд, электроплитæтæй раст кæй нæ пайда кодтой, уый.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.