Дунейы номдзыд ахуыргæндтæн ныр иу азы дæргъы сæ бон нæу адæмæн фидарæй бамбарын кæнын, маскæ дарын исты æххуыс у коронавирусон низы ныхмæ æви нæу. Ацы хъуыддаг дисы æфтауы мæн дæр æмæ ма æндæрты дæр, уымæн æмæ зæххы къорийы цæрджытæ инфекцион низтимæ, бактеритимæ æмæ вирустимæ фыццаг хатт не мбæлынц. Æмæ ма диссаг уый у, æмæ тынг бирæ вирустæ æмæ бактеритæ коронавирусæй бæрæг карздæр сты, фæлæ уыдоны фæзынды фæстиуæгæн, цæмæдæр гæсгæ, цъиувæдис ничи кодта. Сæвзæргæ уавæрмæ гæсгæ саразæн ис хатдзæг, – æви та нын кæронмæ цыдæртæ нæ дзурынц æви та аферистты ахæсты бахаудыстæм.

Йæ фыццаг аххосаг, æвæццæгæн, уый у, æмæ дохтыртæ коронавирусы ныхмæ разындысты бынтон æдзæттæ æмæ уыцы хъуыддагыл та сæ бон басæттын нæу. Цæмæй сæхицæй бæрндзинад сисой, уымæ гæсгæ адæмы бахæсджын кодтой, цæмæй дарой маскæтæ æмæ æрмкъухтæ, – æгæрыстæмæй ма сæ кæрæдзийæ дæр сæхи хъуамæ хизой æмæ, гæнæн уæв-гæйæ, хæдзарæй æддæмæ макуыдæм цæуой. Стæй исчи исты куы кæна, уæд ын æй йæхи аххос фæкæн, ома дæхи нæ бавæрдтай æмæ дыл уымæн афтæ æрцыдис.

Маскæ дарын исты пайда у, ууыл, æвæццæгæн, быцæу кæндзысты æнæр-лæугæйæ, æмæ дзы алчидæр хæсдзæнис йæхи аргументаци. Банысан кæнын ма хъæуы уый дæр æмæ, æгæрыстæмæй, Роспотребнадзор дæр хъусын кæны, зæгъгæ, æнæниз адæймæгтæ дæр, гæнæн уæв-гæйæ, пайда кæнæд маскæтæй æхсæнадон транспортыл цæугæйæ æмæ бирæ адæм кæм змæлы, ахæм бынæтты, фæлæ сын сæ эффективондзинад низы ныхмæ нырмæ нæ рабæрæг кодтой. Диссæгтæ, – маскæ низы ныхмæ исты æххуыс у, уый нæ зонынц, фæлæ йæ тыххæй адæмæн дарын кæнынц.

Дунейы æнæниздзинад хъахъхъæныны организаци (ВОЗ) дæр коронавирусы фæзынды райдианы амыдта, зæгъгæ, маскæ хъуамæ дара æрмæстдæр рынчын. Фæлæ фæстæдæр йæ хъуыды фæивта æмæ райдыдта амонын, зæгъгæ, маскæ дарын хъæуы æрмæст алыгъуызон уагдæтты нæ, фæлæ ма уынгы дæр. «Бирæ адæм кæм змæла, цы ран дын фадат ма уа иу метр дæрддзæфмæ æндæр адæймагмæ ввахс кæнынæн, уым æнæмæнг дарын хъæуы маскæ. Уымæй уæлдай ма, кæцыфæнды балæууæндоны уæлдæф сæрибарæй куы нæ зила, уæд дзы дарын хъæуы маскæ, кæд дзы дæу едтæмæ мачи уа, уæддæр. Ацы амындтытæ хъуамæ æххæст кæной 12 азæй уæлæмæ кæуыл цæуы, уыцы гоймæгтæ». Æмæ та ам дæр сæв-зæрдис æнæууæнкдзинад. Уымæн æмæ ВОЗ дарддæр амоны, зæгъгæ, æнæниз адæймаг медицинон маскæ даргæйæ йæхи нæ бахиздзæнис коронавирусон низæй. Ӕмæ уæд цы пайда у маскæ дарын?  Сæхи цæмæн афтæ дарынц Роспотребнадзор æмæ ВОЗ-ы специалисттæ? Юристтæ куыд æмбарын кæнынц, уымæ гæсгæ ацы зынгæ организациты амындтытæм адæм тынг хъусынц æмæ афтæ куы зæгъой, маскæ æххуыс у низы ныхмæ, уæд сыл тынг бирæ хъæстытæ бацæудзæнис тæрхондонмæ æмæ сæ бар-æнæбары бахъæудзæн фидын стыр æхцайы фæрæзтæ. Уымæн æмæ маскæ æцæгæйдæр ницы æххуыс у вирусы ныхмæ.

Ныр мын æй исчи бамбарын кæнæд, ныры дуджы нæ цы эпидемиологон нор-мæтæ æххæст кæнын домынц алыгъуызон «ахуыргæндтæ», ахæм уавæрты цæрæн ис æви нæ? Ӕмбисонд афтæ у, – «халонау дæ цард иунæгæй æрвитыс». Фæлæ адæм сæ кæрæдзиимæ куы нæ æмбæлой, куы нæ сын уа æмархайд, уæд сæ фæстаг куынæгмæ цæуы. Ӕмæ чи зоны ацы низы апарахатгæнджытæн дæр сæ хъуыдыйы уый ис, цæмæй нæ планетæйы цæрджыты бæрæг хай скуынæг уой.

Ӕвæццæгæн, ахæм карантинон нормæ-тæ чи саразын кодта, уыдон афтæ æн-хъæлдтой, адæм иууылдæр маскæты æмæ æрмкъухты цæуын райдайдзысты. Уымæн æмæ азы дæргъы уыййас негативон информаци цæуы дзыллон информацийы фæрæзтæй, уыйбæрц æвирхъау цаутæ нын фæдзырдтой, æмæ алы адæймаг дæр ахъуыды кодта «бæстысæфтыл». Фæлæ бынтон коммæгæс нæ разындысты адæм æмæ бахъуыд фæкарздæр кæнын карантинон нормæтæ. Æрмæст ма адæмæн куы бацамыдтаиккой, маскæ раст куыд дарын хъæуы, уый. Ӕмæ йæ раст та куы нæ дарай, уæд йæ пайдайæ йæ зиан бæрæг фылдæр у.

Маскæ раст дарыны тыххæй Роспотребнадзоры зынгæ эксперт-эпидемиолог Михаил Лебедев афтæ амоны: «Маскæ эффективон у, æрмæстдæр æй раст куы дарай, уæд. Маскæ хъуамæ æгасæй æхгæна дзых æмæ фындз æмæ йæ кæрæттæ та цæсгоммæ хъуамæ æрбадой æнгом. Йемæ архайын хъæуы сыгъдæг къухтæй, ивын та йæ хъæуы алы 2-3 сахаты дæр. Фæлæ физикон куыст куы кæнай, уæд æй баивын хъæуы куыддæр сумæл уа, афтæ. Йæ ивыны рæстæджы ныххæцын хъæуы хъусы цур бæттæнтыл æмæ йæ, йе ддаг фарсмæ ма бавналгæйæ, ныппарын хъæуы брондоны. Кæд æмæ маскæйы æддаг фарс дæ буарыл аныдзæвд, уæд æнæмæнгæй спайда кæнын хъæуы сапонæй, кæнæ та антисептикæй». Ацы процедурæ кæцыдæр медицинон кусджытæн дæр зын саразæн у æмæ йæ хуымæтæг адæймаг куыд хъуамæ сæххæст кæна.

Зынгæ уæрæсейаг эпидемиолог Виктор Малеев ныр фæндзай азы дæргъы кусы тæссаг инфекцитимæ, арæх вæййы фæсарæнты дæр медицинон æххуыс бакæнынмæ æмæ уый куыд æмбарын кæны, афтæмæй маскæ уынгы даргæйæ бынтондæр ницы пайда хæссы æнæниз адæймагæн. «Ис æрмæстдæр 3 уавæры маскæ дарынæн: 1) рынчын адæймаг, 2) рынчынмæ чи кæсы, 3) инфекцион низтæй рынчынтæм чи кæсы, уыцы медицинон персонал. Коронавирус парахат кæны егъау æртæхтæй хуыфыны æмæ æхснырсыны рæстæджы æмæ бынтон минималон у уæлдæфæй фæрынчын кæнынæн. Адæ-мæн цы хирургон маскæтæ дарын кæнынц тыххæй, уыдон та вирусты ныхмæ бынтон ницы пайда сты. Фæлæ сæ адæм дарынц, уымæн æмæ, –  чи йæхи æдасдæр хаты маскæйы, чи иварæй тæрсы, кæй та æнæ маскæ нæ уадзынц æхсæнадон транспортмæ, дуканитæм, куыстмæ æмæ ма бирæ адæм кæм змæлы, ахæм бынæттæм. Сыгъдæг уæлдæфмæ кæцыфæнды вирус дæр тагъд амæлы, уæлдайдæр та коронавирус æмæ маскæ нæ хъæуы дарын уынгы цæугæйæ. Цæугæ-цæуын маскæ адæймаджы нæ уадзы рæстмæ сулæфын æмæ уый фæстиуæгæн организмы нал фæфаг кæны кислород, кæцы расайы хæстулæфт, сæр райдайы зилын æмæ риссын. Стæй ма цæстытæ дæр æхгæд куы нæ уой, уæд цы пайда у маскæ вирусы ныхмæ, кæд æмæ цæстыты уылты дæр æнцонтæй баирвæздзæнис организммæ.  Стæй ма маскæйæ нæй пайдагæнæн дыккаг хатт, – бирæтæ йæ ныхсынц æмæ та дзы дарддæр фæпайда кæнынц». Ахæм хъуыдыйыл лæуд у зынгæ дохтыр-инфекционист Евгений Тимаков дæр.

Нæ горæты цæрджытæй дæр бирæтæ æххæст кæнынц карантинон домæнтæ, ома адæмы æхсæнмæ куы рацæуай, уæд дыл хъуамæ уа маскæ. Сæ фылдæрыл маскæ раст конд нæ вæййы, – æрмæстдæр фембæрзы дзых æмæ фындзæй та сæрибарæй фæулæфы. Кæй дзы сайы? Стæй ма фенæн вæййы шофырты дæр, кæцытæ автомашинæйы мидæг фæбадынц маскæйы. Демæ бæлццон куы нæ уа, кæнæ таксийæ куы нæ кусай, уæд цы пайда у æдзух маскæ дарын?

Ӕрæджы изæрыгон ацыдтæн горæты цады былмæ тезгъо кæнынмæ æмæ, æвæццæгæн, уазал кæй уыд, уымæ гæсгæ дзы хæрзцъус адæмы баййæфтон. Чысыл фæстæ мæ цурты ралыгъд иу чызг маскæйы æмæ йæ куыд рахатыдтæн, афтæмæй кодта тренировкæ. Ӕмæ ахæм тренировкæ исты пайда у? Маскæйы æнæуый дæр зын улæфæн у æмæ ма лидзгæ-лидзын уыцы организм куыд хъуамæ кæна? Дохтыртæ куыд æмбарын кæнынц, афтæмæй маскæйы мидæг физикон архайд куы кæнай, уæд рæуджытыл æрцæуы 10 хатты фылдæр уæз æмæ уыцы уавæр æвзæрырдæм  бандавы иннæ органтыл дæр.

Уымæй уæлдай ма æрæджы æхсæвы 11 сахатмæ æввахс горæты сæйраг уынгыл цæугæйæ федтон, 50 азы кæуыл цыдаид, ахæм нæлгоймаджы тезгъо кæнгæ. Ӕмæ кæд æнæхъæн уæрæх уынджы мах йедтæмæ ничи уыдис, уæддæр уый уыд маскæйы. Фарстæуы, ахæм хуызы тезгъо уыцы адæймагæн цы пайда æрхаста зиан йедтæмæ? Фенæн ма вæййы уынгты æнахъом сывæллæтты дæр маскæты. Кæцыдæртæ дзы велосипед дæр фескъæ-рынц маскæйы æмæ сын ацы хъуыддаг фæстæдæр расайдзæнис исты карз низтæм.

Академик Виталий Зверев куыд æмбарын кæны, афтæмæй маскæтæ дарыны фæс-тиуæгæн фæстæдæр бæрæг фæфылдæр уыдзысты ахæм низтæй рынчынтæ, куыд рæуджыты эмфизема, бронхиалон астма, бактерион низыхаттæ, зæрдæйы низтæ, диабет, аллергийон низтæ, гиппертони, онкологи æмæ æндæртæ. Фæлæ дзы иууыл тæссагдæр у хроникон стресс, кæцыйæ фæрынчын сты адæмы бæрæг хай æмæ ацы низы фæстиуæгæн адæймаджы иммунитет бынтон æрлæмæгъ вæййы. Уый та нысан кæны, адæймагыл кæй райдайдзысты тых кæнын бынтон æнæбары вирустæ æмæ инфекцитæ, кæцыты раздæр ницæмæ дардта.

 Хроникон стрессæн йæ фыццаг хос у рæстмæ фынæй кæнын, цæмæй организм баулæфа æмæ, сæйраджыдæр та, къаддæр хъæуы хъусын æмæ кæсын ног хабæрттæм. Уымæн æмæ ныры дуджы дзыллон информацийы фæрæзты цы хабæрттæ фехъусæн вæййы, уыдоны фылдæр хай у негативон, ома, фыдхабæрттæ, æмæ бар-æнæбары смæсты уыдзынæ, бандавдзæнис дын де нæниздзинадыл. Уæдæ цæмæй æнæниз уæм, уый тыххæй мауал хъусæм, не ‘нцойад нын чи халы, ахæм хабæрттæм, мауал æууæндæм алыгъуызон «ахуыргæндты» фæдзæхстытыл æмæ цардмæ кæсæм хуымæтæгдæр цæстæй.

ДЖИОТЫ Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.