Нæ республикæйы Президент Бибылты Анатолимæ уыд æмбæстæгты æнæрадон химæрайст. Паддзахады сæргълæууæг йæхимæ райста, Æхсæнадон химæрайстмæ чи бахатыд, уыдонæй 24 æмбæстаджы.

Химæрайсты цы проблемæтæ раразмæ кодтой, уыдонæн сæ иу хай хауд уæззау цардуагон уавæртæ,  экстренон æмæ бæрзондтехнологон медицинон æххуыс бакæныны æнæмæгхъæуындзинады къабазмæ Бибылты Анатоли уыдон тыххæй радта хъæуæг, æмбæлон бардзырдтæ.

Афтæ ма æмбæстæгтæ бахатыдысты республикæйы сæргълæууæгмæ цæрæнуат сцалцæг кæныны тыххæй дæр, кæцытæ бахъыгдард сты гуырдзиаг агрессийы рæстæджы.

2008 азы цы хæдзæрттæ бахъыгдард сты, уыдонæй 80-йæ фылдæр арæзт цæуынц. 2020 азæн куысты план арæзт цæудзæн æмбæстæгты куырдиæттæ æмæ алкæцы хæдзары тыххæй дæр уавæр сахуыр кæнгæйæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.