Хуссар Ирыстоны милицийыл сæххæст 101 аз

Хуссар Ирыстоны милицийы сырæзты истори, размæцыд æмæ архайд у æхсар æмæ хуссарирыстойнаг паддзахаддзинадон арæзтады рæстæджы хъайтардзинады истори. Уыцы истори æнæаскъуыйгæйæ баст у, цы зындзинæдтæ бавзæрстам, уыдонимæ, Хуссар Ирыстоны адæмы фæразондзинад, зынтæ æмæ цинтимæ. Стыр аргъæй æлхæд æрцыд Фыдыбæстæ æмæ æмбæстæгты сабырдзинад, йæ сырæзты фыццаг бонæй абоны онг.

Фыдыбæстæ иууыл уæззаудæр бонтæ куы æвзæрста, уæд милицийы рæнхъыты кусджытæ цæсгомджынæй æххæст кодтой сæ разылæууæг хæстæ, æппæтдæр арæзтой, цæмæй хъахъхъæд цæуа æхсæнадон фæтк æмæ закъон. Уыдонæй бирæтæ сæ цард радтой, цæмæй не ‘мбæстæгтæ цæрой сабыр цъæх арвы бын. Сæ рухс ном мысын махæн у нæ сæйраг хæс. Бирæтæ дзы аккагæй ацыдысты пенсийы, æндæртæ та бæрæг аххосæгтæм гæсгæ нал службæ кæнынц. Фæлæ дзы ис ахæмтæ, кæцытæ абон дæр цæсгомджынæй æххæст кæнынц милицийы бæрнон куыст.

Мидхъуыддæгты министрады сырæзтыл 101 азы сæххæсты цытæн знон уагъд æрцыд цытджын мадзал киноконцертон зал «Чермен»-ы. Хайад дзы райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов, РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, Парламенты Сæрдар Гасситы Петр, хицауады уæнгтæ, парламенты депутаттæ æмæ Мидхъуыддæгты министрады кусджытæ.

Мадзалы райдианы цытджын уавæрты сценæмæ хаст æрцыд паддзахадон тырыса æмæ айзæлыдысты Паддзахадон гимны зæлтæ.

Бæрæгбоны цытæн арфæйы ныхæсти-мæ цытджын æмбырды ныхасы рацыд Хуссар Ирыстоны мидхъуыддæгты министр, инæлар-майор Наниты Игорь.

«Милиционеры професси нымад цæуы иууыл бæрнондæрыл,  кæцы хъахъхъæны адæмы æнцойад æмæ рæзын кæны барадон паддзахад. Нæ æхсæнады минæвæрттæ зындзинады бахаугæйæ, махмæ æрбахатынц рæстдзинад рабæрæг кæныны фæдыл. Æмæ мах цæттæ хъуамæ уæм, цæмæй ахæм æмбæстæгтæм не ‘ххуысы къух фæдаргъ кæнæм. Милици йæ архайды алы этапы дæр хуыздæрæй хуыздæр кодта, конд цыдысты алыгъуызон хайадтæ. Фæлæ æнæивгæйæ баззад организацион фыдракæндты ныхмæ тох алы хуызты дæр, барвæткы фæдыл закъондзинад æмæ æмбæстæгты закъонон интерестæ бахъахъхъæнын», – дзырдта министр.

Наниты Игорь æрдзырдта, Советон цæдисы ныппырхæй фæстæмæ суанг 2008 азмæ, Ирыстон уæззау рæстæджытæ куы æвзæрста, йæ æмбæстæгтæ стырæй чысылæй Фыдыбæстæ знагæй бахъахъхъæнынмæ куы слæууыдысты, уæд фыццаг рæнхъыты кæй слæууыдысты мидхъуыддæгты министрады кусджытæ дæр.

Йæ ныхæстæм гæсгæ министрады ветерантæ æмæ кусджыты иу кодта æрмæстдæр иу хъуыды – Фыдыбæстæйы раз цæсгомджынæй сæ хæстæ æххæст кæнын.

Мах, зæгъгæ, кæддæриддæр мысдзыстæм не ‘мкусджыты, нæ хæлæртты, афицерты, кæцытæ сæ службæйон хæс æххæстгæн-гæйæ, сæ  сæртæ  нывондæн æрхастой Ирыстоны сæрибардзинады тыххæй. Бахатыд æрæмбырдуæвджытæм, цæмæй иу уысм æмырæй алæугæйæ ссарой, йæ цард нывондæн чи æрхаста, уыцы кусджыты рухс нæмттæ.

Абон Мидхъуыддæгты министрады сæрмагонд сконд кусы æмæ æххæст кæны йæ разылæууæг хæстæ ног домæнтæм гæсгæ. Уый фæдыл министр банысан кодта реформæтæ ауадзыны ахсджиагдзинад, кæцытæ здæхт сты оперативон æмæ службæйон архайды эффективондзинад фæбæрзонддæр кæнынмæ, криминалы ныхмæ тох æмæ мидхъуыддæгты органты кусджытыл не ‘мбæс-тæгты æууæнкдзинад фæбæрзонддæр кæнынмæ ахасты. Æвæрццаг фæстиуджытæ ма дæттынц æхсæнведомствæйон ахастыты райрæзт æмæ Уæрæсейы Федераци æмæ нæ Республикæйы Мидхъуыддæгты министрадты æхсæн сразыдзинæдтæ арæзт кæй цæуы, уый.

Наниты Игорь ма банысан кодта, ведомствойы кæй ис бирæ æвзонг квалификациджын кадртæ, кæцытæ æнтысгæйæ фесты Уæрæсейы Уæлдæр ахуыргæнæндæттæ мидхъуыддæгты органты хаххыл.

«Ныфс мæ ис, æмæ Мидхъуыддæгты министрады сæрмагонд сконд кæй æнкъары уыцы бæрндзинад, кæцы æххуыс кæны уыдонæн цæсгомджынæй сæ разы æрæвæргæ хæстæ бæстон кæнынæн æмæ кæдфæндыдæр цæттæ кæй сты криминалы ныхмæ тох кæнынмæ. Бирæ æрцыдис арæзт, фæлæ нæ ноджы фылдæр саразын хъæуы – нæ кусджыты социалон гарантитæ фæхуыздæр кæнын, ветерантæн æххуыс кæнын æмæ фæмардуæвæг кусджыты бинонтæн æххуыс кæнын, кæцытæ фæмард сты сæ службæйон хæс æххæстгæнгæйæ æмæ хæстон архæйдтыты рæстæджы»,- дзырдта министр.

Уый фæдыл уый бузныджы ныхæстæ загъта бæстæйы къухдариуæгады номыл, сæрмагондæй Президент Бибылты Анатолийæн, ацы проблемæтæ скъуыддзаг кæныны фæдыл йе ‘ххуыс æмæ æмархайды фæдыл. Ныр фæмардуæвджыты бинонтæ райстой финансон æххуыс, фæбæрзонддæр ис кусджыты материалон-техникон ифтонгад. Фидар, ифтонг æмæ хъаруджын милици-йæн нæй уæвæн æнæ паддзахады къухдариуæгады æххуысæй.

Цытджын мадзалы Мидхъуыддæгты министрады кусджытæ æмæ ветерантæн бæрæгбонон арфæйы ныхæстæ загъта бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли.

«Милицийы сырæзты бонæй бирæ рæстæг рацыд. Уагдон рацыд бирæ структурон ивындзинæдты сæрты, фæлæ æнæивгæйæ баззад иу хъуыддаг – адæмæн службæ кæнын, æхсардзинад æвдисын, куысты бæрц æвæджиаг хæс æххæстгæнгæйæ, бæрзонд профессионализм æвдисын. Хуссар Ирыстоны милици бахъахъхъæдта советон дуджы милицийы иууыл хуыздæр традицитæ. Æмæ абон уый у паддзахады иууыл сæйрагдæр структурæ. Мидхъуыддæгты министрады органты кусджытæ иууыл фыццагдæр слæууыдысты Фыдыбæстæ знагæй бахъахъхъæнынмæ æмæ активон хайад райстой хихъахъхъæнынады отрядтæ аразыны рæстæджы. Уыдон равдыстой æцæг хъайтардзинад 2008 азы августы мæйы гуырдзыйы агрессийы рæстæджы. Уыдонæй бирæтæ хорзæхджын æрцыдысты майдантæ æмæ ордентæй. Бæстæйы уæлдæр хорзæх Уацамонгæйæ хорзæхджын æрцыдысты милицийы 20 кусæджы, хъыгагæн, уыдонæй астæй сæ амæлæты фæстæ. Ацы хъайтардзинад æмæ сæрмагонд сгуыхтдзинæдтæ нæ уыдаиккой, сæ раздæры æмкусджыты хъайтардзинад æмæ æхсардзинады дæнцæг сын куынæ уыдаид, уæд», – банысан кодта Президент.

Мидхъуыддæгты министрады раз ныртæккæ цы æвæджиаг хæстæ лæууы, уыдон сты  фыдракæндты ныхмæ тох, закъондзинад ифтонг кæнын, æхсæнады фæтк æвæрын æмæ æмбæстæгты бартæ хъахъхъæнын. Афтæ ма Президент министрады хæстыл банымадта, цæмæй бæрæг кæной æмæ тох кæной милицийы ном чи чъизи кæны, уыцы элементтæ æргом кæнгæйæ. Уый нымад цæуы иууыл ахсджиагдæр куыстыл, уымæн æмæ не ‘мбæстæгтæ æххуысмæ цæуынц ацы структурæмæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ милицийы кусджытæ сты Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты хъахъхъæнджытæ, æмæ алкæцы кусæджы сæрмагонд бæрндзинад хизы ног, егъау æмæ гъæдджын æмвæзадмæ. Сæ профессионализм, æхсардзинад æмæ Фыдыбæстæйыл иузæрдиондзинад кæдфæндыдæр уыдзысты здæхт закъонæн лæггад кæнынмæ, барвæтк æмæ стабилондзинад, афтæ ма нæ Республикæйы æмбæстæгты сабыр цард æмæ бартæ хъахъхъæнынмæ.

Бибылты Анатоли Мидхъуыддæгты министрады кусджытæн бæрæгбоны къæсæ-рыл загъта къаддæр æнæнхъæлæджы цаутæ, æнæниздзинад æмæ бинонты фарнæй хайджын цæмæй уой, ахæм фæндиæгтæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты Барамындмæ гæсгæ РХИ-йы паддзахаддзинад сфидар кæныны хъуыддагмæ йæ егъау хайбавæрды тыххæй «Хуссар Ирыстоны адæмы Фыдыбæстæйон хæсты уæлахизыл 10 азы сæххæсты цытæн» майданæй хорзæхджын æрцыд инæлар-майор Наниты Игорь. Афтæ ма Бæстæйы сæргълæууæг бæрæгбоны цытæн майдантæй схорзæхджын кодта æмæ æнæрадон сæрмагонд нæмттæ радта министрады къорд кусджытæн.

Наниты Игорь ма Ведомствæйон хорзæхты аккаг уыцы бон скодта Мидхъуыддæгты министрады ветерантæ æмæ къорд кусджыты.

Бæрæгбон адарддæр концертон мадзалæй.

Къæбулты Маринæ,

Танделаты Виленæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.