Ныр цалдæр боны райсомæй раджы суанг изæры 12 сахатмæ йæ куыст дарддæр кæны волонтерон баиугæнд «Вместе». Коронавирусимæ тох кæныны хъуыддагмæ йæ хайбавæрд бахаста ацы ног сырæзгæ волонтерон баиугæнд дæр. Хæрзиуæгон организаци фадат дæтты, цæмæй рæстæгыл волонтертæ æмæ бархионтæ æрвыст цæуой æххуысагур рынчындæттæм.

Хуссар Ирыстоны горæт Цхинвалы волонтерон баиугæнд «Вместе» кæд нырма æрæджы сырæзт, уæддæр дзы ныридæгæн архайынц фæндзай адæймаджы бæрц æмæ æнæмæнгхъæуæг æххуыс кæнынц медицинон персоналæн (Волонтерты нымæц бонæй-бонмӕ кæны фылдæр). Цалынмæ ацы волонтерон баиугæнд нæ сырæзт, уæдмæ дæр хицæн адæймæгтæ æрæвнæлдтой низы ныхмæ тохы хæрзиуæгон куыстмæ. Уавæр ныртæккæ афтæ у, æмæ нæ æнæмæнгдæр хъæуы кæрæдзи фарсмæ æрбалæууын, кæрæдзимæ фæкæсын. Кæд æмбæлон органтæ, специалисттæ адæммæ сидынц, цæмæй изоляцигонд цæуой æмæ æнæмæнг­хъæуæг индивидуалон хъахъхъæнæн æмæ дезинфекцигæнæн фæрæзтæй пайда кæной, сæхи хизой, уæддæр уынгты, дуканиты æмæ æхсæнадон транспортты фенæн вæййы, адæм æмхуызонæй кæй не ‘хæст кæнынц æнæмæнгхъæуæг санитарон домæнтæ. Ацы хъуыддаг бирæ карздæр у фæсарæнты æмæ Уæрæсейы Федерацийы æндæр æмæ æндæр регионты дæр. Æхсæнадон бынæтты адæймаг адæймагмæ дыууæ метрæй æввахсдæр куы фæлæууы, уæд фæтк чи фехалы, уыцы адæймагæн бауайдзæф кӕнынц æмæ йæ бынат ссары. Зæгъæм, Китайы коронавирус куы апарахат æмæ дзы массон æгъдауæй куы фæрынчынтæ сты, уæд хицауад рахаста карз домæнтæ. Китайы иу бинонтæн æрмæстдæр æртæ бон иу хатт бар уыдис, цæмæй рахызтаиккой æдтæмæ хостæ æмæ хæлцадон продукттæ æлхæнынмæ. Махмæ нырма бирæтæм ацы хъуыддаг худæг кæсы, маскæтæ скæнын сæ сæрмæ нæ хæссынц лæппутæ кæнæ та рынчын чи вæййы, уыдон ӕй нæ рахъæр кæнынц, афтæмæй ацы тæссаг вирусæй нæ бахизынц сæ алыварс адæмы, зæрæдты, рынчынты, уымæ гæсгæ дзы, хъыгагæн, æрцæуы уды зиæнттæ. Абон алкæцы адæймаг дæр хъуамæ тох кæна ацы тæссаг вирусимæ, уый афтæ куы уа, уæд ын уыдзæнис хуыздæр фæстиуджытæ.

Адæм вирусы ныхмæ тох кæныны мадзæлттæ кæй нæ истой æмæ нырма дæр индивидуалон хъахъхъæнæн æмæ дезинфекцигæнæн фæрæзтæй пайда кæныны хъуыддагмæ уæлæнгай цæстæй кæй кæсынц, уымæ гæсгæ нæ республикæйы рынчындæтты ныридæгæн хос кæнынц бирæ адæм. Медицинон къабазы кусджытæ æххæст кæнынц сæ профессионалон хæс, æхсæвæй-бонæй тох кæнынц низимæ, фæлæ абон куыд рабæрæг, уымæ гæсгæ сæ ныртæккæ хъæуы æххуыс æмæ йæ æркуырдтой æвæстиатæй.

Волонтерон баиугæнд «Вместе» куыд кусынц æмæ цæй тыххæй сырæзт, уый фæдыл нын радзырдта организацийы уæнг Бибылты Линдæ. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй ацы волонтерон баиугæнды сырæзт у хæрзиуæгон хъуыддаг, цæмæй медицинон персоналæн æххуыс цæуа бархионтæ æмæ волонтерты ‘рдыгæй. «Волонтерон баиугæнд «Вместе» сырæзт 5-æм ноябры æмæ дыккаг бон цыппар волонтеры æрæвнæлдтой сæ куыстмæ. Уыдон республикон бирæпрофилон медицинон центрмæ куы бацыдысты, уæд сын радтой индивидуалон хъахъхъæнæн уæлæдарæс æмæ дезинфекцигæнæн фæрæзтæ, стæй сæ уæд бауагътой «сырх  зонæ»-йы кусынмæ. Волонтертæ сты тынг хорз æмбаргæ фæсивæд, тыхст адæймаджы уавæр æмæ рыст чи æмбары, ахæмтæ æмæ сын хъæуы бузныг зæгъын. Абон волонтерон баиугæнды кусынц фæндзай адæймаджы бæрц, уыдоны ‘хсæн ис фæсивæдæй æмæ хистæр кары адæймæгтæй дæр. Мах сын сарӕзтам график æмæ алчи дæр кусы йæ радмæ гæсгæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, волонтертæ стыр æххуыс сты ныртæккæ нæ рынчындоны, уыдонæн сæ бон куыд æмæ цæмæй у, уымæй æххуыс кæнынц. Стæй канд «сырх зонæ»-йы нæ, фæлæ ма нæ хицæн адæймæгтæ дæр фæагурынц æххуыс. Зæгъæм, сабаты нæм æрбадзырдтой æмæ нын фехъусын кодтой, зæгъгæ, нæ горæты Мамсырайы фырты уынджы дæсæм хæдзары цæрæг Джалабадзе Альвера домы æххуыс. Нæ волонтер уыцы адресмæ уайтагъд ацыдис, мах фæдзырдтам тагъд æххуысмæ дæр æмæ нæ бон куыд уыдис, уымæ гæсгæ йын баххуыс кодтам. Сылгоймаг у ацæргæ, цæры иунæгæй æмæ йæм чи фæкæса, уый нæй. Ацы вирусы тæсæй æдтæмæ рахизын нæ уæнды æмæ фæцух ис продукттæ æмæ хостæй дæр. Дохтыртæ йæ басгæрстой, хостæ йын радтой, мах та йын сарæзтам хæринаг», – зæгъы Бибылты Линдæ.

Кæд цалдæр мæйы размæ, адæймагадæн тæссаг чи у, уыцы вирусы нæ зыдтой, уæддæр абон ацы низы тыххæй фылдæр зонæнтæ ис, ахуыргæндтæ йæ ахуыр кæнынц иудадзыг. Уыдон куыд амонынц, уымæ гæсгæ дзы æдасдзинады тыххæй хъæуы хи бахизын специалистты рекомендацитæм гæсгæ.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.