Фыццаг бон

 

Дыууæ боны дæргъы Дзæуджыхъæуы цыд Ирыстоны иудзинады бæрæгбон – ирон адæмы 9-æм æнæрадон уанел Хъæууон хæдзарадон институты Культурæйы галуаны. Радон съездæн йе ‘мгъуыд кæд дард нал уыд, уæддæр уавæр афтæ æркуырдта æмæ хъуыд Дунеон æхсæнадон змæлд “Иры Стыр Ныхас”-ы куыст бындуронæй раивын, рæстæгыл исты мадзæлттæ райсын. Уымæ гæсгæ РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеславы фæндонæй арæзт æрцыд æнæрадон съезд.

8-æм съезд уагъд æрцыд 2014 азы октябры Ныхасы уæды сæрдар Басаты Барисы хъæппæрисæй. Съезды фидаргонд æрцыд 14 комитеты, 12 районы Ныхасы æмæ координацион советы 122 уæнджы. Уыдон сæ куыст кодтой абоны онг.

Иудзинады бæрæгбоны архайдтой Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны Сæргълæуджытæ Битарты Вячеслав æмæ Бибылты Анатоли, стæй дыууæ Ирыстоны разамонджытæ.  Не ‘мзæххонтæ æрцыдысты, Туркæй,  Канадæйæ, Мæскуыйæ, Киевæй, Запорожьейæ, Гуырдзыстонæй, Таджикистанæй, Воронежæй, Самарæйæ, Абхазæй æмæ бирæ æндæр рæттæй. Арфæйы фыстæджытæ æрбарвыстой РЦИ-Аланийы раздæры Сæргълæуджытæ Дзасохты Алыксандр æмæ Мамсыраты Таймураз, Паддзахадон Думæйы депутаттæ Мæхъиты Зураб æмæ Тайсауты Хъазыбег, Гуырдзыстоны цæрæг ирон адæмы номæй Плиты Георги, Хъырымæй – Паддзахадон Думæйы депутат Андрей Козенко æмæ æндæртæ.

Съезд байгом кодта  Цæгат Ирыстоны адæмон артист Лалыты Хъазыбег æмæ сценæмæ рахуыдта  “Стыр Ныхас”-ы ног сæрдар Кучиты Русланы. Уый  арфæ ракодта съезды архайджытæн, уæлдай арфæ – дардæй чи ‘рцыд, уыцы уазджытæн æмæ айзæлыдысты Уæрæсейы, стæй Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны гимнтæ. Съезд райдыдта Къостайы æмдзæвгæ “Балцы зарæг”-æй. Дзæуджыхъæуы 13-æм скъолайы ахуырдзаутæ кæрæдзи къухтыл æрхæцгæйæ куы загътой “Цæйут æфсымæртау, раттæм нæ къухтæ…”, зæгъгæ, уæд адæм се ‘мдзæгъдæй нал лæууыдысты. Ныхасы бар лæвæрд æрцыд Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Битарты Вячеславæн. Уый бузныг загъта съезды архайджытæн, стæй Ныхасы разамындæн, ахæм ахсджиаг мадзал кæй бацæттæ кодтой, уый тыххæй. Битары фырт йæ раныхасы банысан кодта бирæ лыггæнинаг фарстатæ: “Арæзт æрцыд ирон æвзаг ахуыр кæныны фæдыл программæ. Уый царды уадзыны фæдыл скодтам къамис. Цы саразы, уый хæссы адæмы рæгъмæ. Ацы аз сентябрæй кусын райдыдта Алайнаг скъола. Азы кæронмæ байгом уыдзæн ирон телестуди. Спутникон бастдзинады руаджы нæ ралæвæрдтытæм бакæсæн уыдзæн зæххы цъарыл кæмфæнды дæр.

Зонæм æй, куысты бынæттæ кæй нæ фаг кæны. Фæстаг рæстæджы бадзырдтæ сарæзтам бирæ уæрæсейаг æмæ фæсарæйнаг компанитимæ. Уыдон куыстуæттæ бакæнынмæ хъавынц нæ республикæйы. Уымæй хорз пайда æрбацæудзæн бюджетмæ, стæй фæзындзæн куысты бынæттæ “.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг ма ранымадта, не ‘мзæххонтæй Ирыстонæн ахадгæ æххуыс чи кæны æмæ цы сарæзтой, уыдон. Куыд бафиппайдта, афтæмæй Уæрæсейы Президент Владимир Путин хорз зæрдæ дары Ирыстонмæ. “Мах арæх фембæлæм æмæ æнæ бафæрсгæ нæ фæвæййы, куыд у Ирыстон, зæгъгæ. Уымæн æмæ йæ зоны, Ирыстон Уæрæсейæн хъæугæ кæй у, уый”.

“Стыр Ныхас”  цы бакуыста, уый фæдыл доклад скодта Хæххон металлургион институты профессор, Ныхасы координацион советы уæнг Æлбарты Иван. Докладгæнæг æрлæууыд Ныхас фæстаг рæстæджы цы сарæзта, ууыл: “Стыр Ныхас”-ы куыст у ирон адæмы хъæбатырон истори бахъахъхъæнын, нæ культурæ, æвзаг, традицитæ, нæ национ интерестæ парахат кæнынимæ баст. Æрвылаз дæр арæзт æрцæуы алыхуызон æмбырдтæ, фембæлдтытæ, форумтæ ахæм темæтыл: террористтæ æмæ экстремистты ныхмæ тох кæныны фæдыл барадхъахъхъæнджытимæ æмгуыст кæнын; экологи æмæ санитарон уавæр; сыхаг регионтимæ бастдзинæдтæ аразын; фæсивæды хъомылады фарстатæ; ирон адæмы монон бынтæ бахъахъхъæнын, не ‘мзæххонтимæ бастдзинæдтæ фидар кæнын æмæ æндæртæ. Бастдзинад нын ис фæсарæнты æмæ Уæрæсейы регионты цы сæдæйæ фылдæр ирон æхсæнады ис, уыдонимæ. Районты æмæ хъæуты уадзæм алыхуызон конкурстæ: “Хуыздæр хæринаггæнæг”, “Хуыздæр кафæг”, “Æрмдæснытæ” æмæ æндæртæ. Ахæм фембæлдтытæ вæййы скъолаты дæр. Сæ нысан у сывæллæттæм патриотизмы æнкъарæнтæ гуырын кæнын, нæ культурæйыл сæ ахуыр кæнын.

“Стыр Ныхас” ма фадат сарæзта къуыри иу хатт лæвар юридикон косультацитæ уадзынæн. Уый стыр ахъаз фæцис æвæрæз адæмæн.

Ныхас 25 азы дæргъы цы сарæзта,  ууыл бирæ дзурæн ис. Фæлæ йæ куысты системæ базæронд, абоны фарстатæн дзуапп нал дæтты. Æрцыд рæстæг, ногдзинæдтæ бахæссынмæ. Уый тыххæй арæзт æрцыд æнæрадон съезд дæр”.

Стыр Ныхасы сæрдар Кучиты Руслан йæ раныхасы куыд банысан кодта, афтæмæй ацы организаци ахсджиаг у, æрмæст ын йæ куыст хъæуы æмбæлгæ уагыл сæвæрын. “Æз, ссæдз азæй фылдæр Канадæйы цæргæйæ, федтон сæ экономикæйы размæцыд, сæ æвæлмон цард. Бахæлæг кæнæн сын ис сæ цардмæ, фæлæ се ‘гъдаумæ – нæ. Уым алчидæр цæры йæхицæн, закъонмæ гæсгæ, æхсæнадыл ничи тыхсы. Нæй сæм хæстæг, æрвад, сыхаг уарзын æмæ нымайыны æнкъарæнтæ. Махæн нæ цард ахæм уагыл аразæн нæй. Закъон нымайынæй дарддæр ма хъуамæ нымайæм не ‘гъдæуттæ, нæ истори, не ‘взаг дæр. Махæн нæ царды уаг æндæр у. Не ‘взаджы ахуыр кæныны хæс æрмæст скъолатыл цæмæн æвæрæм? Чи уæ нæ уадзы уæ хæдзæртты иронау дзурын, цы уæ хъыгдары уæ кæстæртæм сæ мадæлон æвзагыл дзурын?

Нæ сыхаг адæмтæ иу диныл хæст сты æмæ уыцы амынддзинæдтæ æххæст кæнынц. Махмæ динтæ дæр æмæ политикон партитæ дæр сбирæ сты æмæ алырдæм æнцайæм. Нæ сыхæгтæ та нын нæ истори давынц. Æппæт уыцы лыггæнинаг фарстатæн хъæуы Ныхасы активонæй кусын Ирыстоныл иузæрдион чи у, ахæм патриоттимæ”.

Кучийы – фырт ма фæндон бахаста ахæм фарстаты фæдыл: Тырсыгомы цæрджытæн арæныл сæрибарæй цæуыны фадæттæ саразынæн баххуыс кæнын; 8-æм август, 1-3 æмæ 20-æм сентябрь мысæн бонтæ саразын, уыцы бонты куывдтæ æмæ чындзæхсæвтæ куыд ничиуал кæна; хъоды раздахын, фыдгæнæджы хæдзармæ куыд ничиуал цæуа, йæ фынгмæ йæ куыд  ничиуал хона. Уыцы хъуыддаджы та Ныхас æмæ мыггаг хъуамæ кæной æмгуыст.

“Иры Стыр Ныхасы” Хуссар хайы сæрдар Гаглойты Роберт радзырдта сыхаг регионты ирон топонимтыл, демографийыл, мыггæгты растфыссынадыл, Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны ‘хсæн æфсæнвæндаг саразын, чырыстон дины 1100 азы бæрæгбон иумæ сбæрæг кæныныл. Стæй бахаста Хуссар Ирыстоны æввахс  рæстæджы ирон æвзаджы конференци саразыны, фидæн сæрды та радон съезд Цхинвалы ауадзыны фæндæттæ. Гаглойы  фырт ма тынг æнæразыйæ дзырдта, Гуырдзыстоны аивадон коллективтæ Цæгат Ирыстоны сæрибарæй кæй æвдисынц сæ аивад æмæ уый нæ нацийыл цъыфкалæны хуызæн кæй у. Уыцы гуырдзиаг коллективтæй чидæртæ 2008 азы хæсты рæстæджы фыддæрадæн концерттæ æвдыстой Тбилисы уынгты.

Стамбулы ирон æхсæнад “Аланийы” номæй арфæйы ныхæстæ загъта йæ сæрдар Хъуысаты Садреттин. Уый радзырдта æхсæнады куысты тыххæй: “Турчы ирон адæм 40 минæй фылдæр не сты, фæлæ уыдонæй дæр алчи йе ‘взаг нал зоны. Æхсæнад архайы се ‘ппæты дæр æрбангом кæныныл. Уымæн нын хорз æххуыс у интернеты бастдзинад. Алы хуыцаубоны æрбамбырд вæййæм æмæ нæ дарддæры хæстыл аныхас кæнæм. Æвзаг ахуыр кæнын кæй фæнды, уыдонæн бакодтам сæрмагонд кълас, ардыгæй фæхуыдтам ирон ахуыргæнджытæ. Арæх фæхонæм ардыгæй ансамблтæ дæр æмæ сын сæ концерттæ телеуынынадмæ сисын кæнæм. Ирон сывæллæттæ нæ фыдæлты хæстонты, нарты персонажты нывтæ скодтой æмæ сæ равдыст сарæзтой. Уыдон уынынмæ дæр бирæ адæм фæцыд. Беслæны цаутыл кæй зæрдæ нæ фæрыст, ахæм, æвæццæгæн, нæ разындзæн. Турчы ирон хъæутæй иуы уыдон номыл ныссагътам цал фæмард, уал талайы, скодтам сын сæ номыл суадон. Уыцы мадзалмæ ардыгæй фæхуыдтам Беслæ-ны мадæлты комитеты. Уыдон стыр разыйæ баззадысты. Ирыстоны цыфæнды ахсджиаг хъуыддаг куы уа, уæддæр нæ хæсыл нымайæм ардæм æрбацæуын. Мæн ма стыр арфæ ракæнын фæнды Битарты Вячеславæн, Турчы змæстыты рæстæджы нæм кæй фæдзырдта æмæ нæ кæй бафарста, ницæуыл тыхсут, зæгъгæ. Махæн ахæм æрхъуыды тынг æхсызгон уыд. Иннæ нацитæ ма нæм хæлæг дæр кодтой. Уырны нæ, ацы съезд бирæ хорздзинæдтæ кæй æрхæсдзæн ирон адæмæн”.

Киевы ирон диаспорæйы номæй съезды адæмæн арфæ ракодта Битеты Эльбрус æмæ амалхъом Мæрзаты Тамерланимæ фæндон бахастой Дзæуджыхъæуы Ирыстоны фæсивæдæн Иудзинады мæсыг саразын. Уый тыххæй та сæ хъæуы æрмæстдæр зæххы гæппæл, иннæ хæрдзтæ уыдзысты амалхъомты руаджы.

Парламенты депутат Уататы Зелимы фæндонмæ гæсгæ та, нæ сыхæгтæ нын нæ истори кæй исынц, уый тыххæй республикæмæ æрбахизæнты сæвæрын хъæуы алайнаг барджыты цыртдзæвæнтæ. Уый тыххæй Уатайы фырт адæмæн фенын кодта цыртдзæвæнты эскиз.

Съезды ма уыцы бон сæ хъуыдытæ загътой Ныхасы сылгоймæгты комитеты сæрдар Махъоты Еленæ, Цыколайы районы Ныхасы сæрдар Дзагуырты Атарбег, Горæтгæрон районы Ныхасы сæрдар Ходы Æхсар, Рахисфарсы районы ныхасы сæрдар Хъаныхъуаты Савели, Екатеринбургы ирон æхсæнады номæй Гаглойты Лянæ æмæ Воронежы ирон диаспорæ “Фарн”-ы номæй – Бестауты Уырызмæг. Ууыл уыцы бон съезд йæ куыст фæцис. Официалон хайы фæстæ республикæйы аивадон коллективтæ равдыстой концерт.

Æнæрадон съезды дыккаг бон

Фыццагдæр ныхасы бар лæвæрд æрцыд Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолийæн (раныхас мыхуыр цæуы хицæнæй).  Президент бахаста фæндон, цæмæй ирон адæмы радон съезд уагъд æрцæуа Хуссар Ирыстоны.

«Ирон адæмы радон съезд хъуамæ уагъд æрцæуа Цхинвалы 2018 азы. Мах уæрæхæй нысан кæндзыстæм Уæрæсейы ‘рдыгæй Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны бон. Мæ фу, цæмæй бæрæгбонон мадзæлтты хайад райсой æгас дунейæ нæм чи æрцæуа, съезды уыцы делегаттæ æмæ уазджытæ», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Йæ раныхасы кæрон Президент фехъусын кодта  философон зонæдты доктор Дадианты Тамарæйæн «РХИ-йы зонæдты сгуыхт  архайæджы» ном радтыны тыххæй йæ фæнд, æмæ йæ æххæст дæр скодта. Уыцы кадджын ном ын лæвæрд æрцыд «Историон зонад æмæ зонадон ирзонынады йе стыр æнтысты тыххæй». Бибылты Анатоли ма Хуссар Ирыстоны кадджын хæрзиуæгæй схорзæхджын кодта Ярославлы ирон æхсæнады уæнг, философон зонæдты доктор Дадианты Тамарæйы.

Уыцы бон сæ куысты, стæй ирон адæмы, не ‘взаджы хъысмæты тыххæй сæ хъуыдытæ загътой нæ Парламенты депутат Фадзайты Арсен, Паддзахадон Думæйы депутат Таймæзты Артур, Мæскуыйы ирон æхсæнады сæрдар Уыртаты Тамерлан, Петербурджы ирон адæмы номæй Зассеты Иван, Канадæйæ – Мæргъиты Валодя, Мæздæгæй – Базиаты Ларисæ, Запорожьейæ – Къарджиаты Зауыр, фæсивæды номæй – Тургиты Тамерлан æмæ æндæртæ.

Запорожьейы ирон æхсæнады номæй Кады грамотæтæ райстой “Стыр Ныхас”-ы Хуссар Иры хайады уæнгтæ Дудайты Альберт æмæ Хуыбылты Руслан.

Мадзалы кæрон Ныхасы разамынад адæмы тæрхонмæ рахаста йæ ног фæндтæ. Нырæй фæстæмæ Ныхасы 14 комитеты бæсты кусдзæн 8, координацион советы 122 уæнджы бæсты кусдзæн 80. Бакастысты сын сæ мыггæгтæ дæр, сæ фылдæр – ног уæнгтæ. Уыдон сты Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны активисттæ, ис дзы æндæр регионты цæрджытæй дæр. Тагъд рæстæджы кадрты ивддзинæдтæ æрцæудзæн Ныхасæн йæхи мидæг дæр. Рæстæг домы ногдзинæдтæ æмæ сæ хъæуы кæнын, уый уыд æнæрадон съезды нысан дæр. Ацы бон официалон æгъдауæй фидаргонд æрцыд йæ ног бынаты Кучиты Руслан дæр. Координацион советы уæнгтæ йыл æмхуызонæй схъæлæс кодтой. Съезды бакастысты Ныхасы ног куысты уагæвæрд дæр. Уырдæм дæр хаст æрцыд бирæ ногдзинæдтæ.

Съезды кæронбæттæн дæр ахицæн “Балцы зарæгæй”. Кæрæдзи къухтыл æрхæцгæйæ йæ зарыдысты нæлгоймæгты хор, зарæг амонæг та уыд Кучиты Руслан йæхæдæг. Стæй та азæлыдысты Уæрæсейы, Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны гимнтæ. Уый адыл 9-æм æнæрадон съезд йæ куыст фæцис.

Бафиппайын хъæуы уый, æмæ Ирыстоны историйы съезд фыццаг хатт ацыд сыгъдæг иронау. Нæ дзы уыд иунæг уырыссагау раныхас дæр. Уымæй дарддæр залмæ бацæуæнты æвæрд уыд алыхуызон ирон сувениртæ, Ирыстоны историйы, стæй аивадон литературæйы чингуытæ. Зæлыд ирон музыкæ. Уæдæ-иу  улæфты рæстæджы дæр адæм æхсызгонæй бакастысты ирон хъазтмæ. Съезды архайджытæй та бирæтæ æрбацыдысты ирон дзаумæтты, уыдонимæ нæ республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав æмæ Ныхасы сæрдар Кучиты Руслан дæр.

Æппæт уыдæттæ арæзт æрцыдысты Ныхасы ног сæрдар Кучиты Русланы хъæппæрисæй. Бафтæд йæ къухы йæ ног бынаты бирæ ног æнтыстытæ Ирыстоны хæрзæбонæн.

ДЖУСОЙТЫ  Нинæ

                        “Хурзæрин”-ы сæрмагонд

уацхæссæг Цæгат Ирыстоны

 

СЪЕЗДЫ   АРХАЙДЖЫТÆ  ДЗУРЫНЦ…

 

Хъаныхъуаты  Ремзи

Турчы ирон æхсæнад “Алани”-йы уæнг

Ахæм цины бон мæныл рагæй нал æркодта. Раздæр азты-иу нæ бахъуыд тæлмацгæнæн апараттæ, нæ зæрдæтæ-иу нырхæндæг сты, æдзух хъуыды кодтам, ирон æвзаг Ирыстоны дæр сæфтмæ кæй цæуы, ууыл. Ныр съезд сыгъдæг иронау цæуы. Уый стыр æнтыст у ныридæгæн. Кучиты Русланы рагæй зонын, у стыр патриот. Уый бæрæг у цы съезд бацæттæ кодта, уымæй дæр.  Цы фæндæттæ хаст æрцыд, ног сæрдар йæ разы цы хæстæ сæвæрдта, уыдонæн сæ иу хай куы сæххæст уа, уæд уый дæр хорз у. Ныфс нæ ис, уый афтæ кæй уыдзæн. Æрмæст ын хъæуы баххуыс кæнын, йæ фарсмæ балæууын.

 

ЧЕЛЬДЫТЫ   ЗОЯ

Социалон æмæ культурæйы къабазы ног технологиты

рæзты Дунеон Ассоциаци “Государство Алания” -йы

Президент, Мæскуыйы ирон æхсæнады уæнг.

Стыр æхсызгон мын у абон съезды кæй архайын, уый. Цалдæрæй бакодтам  ног ассоциаци Мæскуыйы. Архайæм  дзы культурон программæтæ уадзыныл, кусæм сывæллæттимæ,  ирон æвзаджы рæзтыл.  Стыр бузныг зæгъын мæ фæнды Битарты Вячеславæн, Кучиты Русланы хуызæн сæрдар кæй снысан кодта “Стыр Ныхасæн” уый тыххæй. Уый ирон адæмæн дæтты стыр тых. Æз Ирыстоны фыццаг хатт федтон съезд ахæм рæсугъд уагыл ацæугæ. Нæ разамындæй бирæтæ ирон дзаумæтты кæй æрбацыдысты, уый дæр зæрдæйæн æхсызгон у. Раст у, æнæхъуаджы иугъæдон ныхæстæ дæр дзы бирæ уыд, фæлæ нæ съезд иумæйагæй стыр ныфс бауагъта. Уырны мæ, Русланæн йæхи хуызæттæ йæ фарсмæ куы æрбалæууой, уæд сын бирæ бантысдзæн.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.