Знон, 21 апрелы Цхинвалы Централон стадионы уагъд æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны ног сæвзæрст Президент Бибылты Анатолийы инаугураци

Цытджын мадзалмæ не  ‘мбæстæгтæ цыдысты, куыд стыр бæрæгбонмæ, афтæ. Бирæ уазджытæ æрцыд Уæрæсейы Федерацийæ, æфсымæрон Цæгат Ирыстон-Аланийæ, Абхазæй, Луганск æмæ Донецкы Адæмон Республикæтæй, Хæххон Хъарабахæй, Республикæ Никарагуайæ, Хъæрæсе-Черкесæй, Кæсæг-Балхъарæй, Приднестроваг Молдаваг Республикæйæ, Цæцæны æмæ Мæхъæлы республикæтæй, Республикæ Дагестанæй.

РХИ-йы Централон æвзарæн къамисы сæрдар Плиты Беллæ фехъусын кодта, 9-æм апрелы президентон æвзæрстытæ æмæ Хуссар Ирыстонæн йæ историон ном – Паддзахад Алани раздахыны фæдыл референдумы фæстиуджытæ. Ацы ахсджиаг хъуыддаджы, зæгъгæ, не ‘мбæстæгтæ равдыстой бæрзонд активондзинад, кæцы дзурæг у Республикæ Хуссар Ирыстоны барадон паддзахаддзинады фидар бындуртыл. Плиты Беллæ ма куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ æвзæрстыты цыдмæ сæ хъус цы хъусдарджытæ дардтой, уыдон нæ бахынцыдтой иу серьезон фæткхалыны цау дæр. Уыимæ иумæ, æвзæрстытæ ацыдысты дунеон нормæтæ æмæ демократон принциптæ хынцгæйæ, Хуссар Ирыстоны Конституци æмæ æвзæрстыты закъондзинад    хъахъхъæнгæйæ. Ноджыдæр фехъусын кодта,  зæгъгæ, республикæйы æмбæстæгты 54,8 проценты се ‘ууæнк бафтыдтой Бибылты Анатоли Ильяйы фыртыл.

Уымæ гæсгæ æвзæрстыты фыццаг туры фæуæлахиз Би-былты Анатоли. Плиты Беллæ арфæ ракодта Бибылты Анатолийæн Республикæ Хуссар Ирыстон – Паддзахад Аланийы бæрзонд бынатмæ æвзæрст кæй æрцыд, уый тыххæй æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцимæ гæсгæ бахатыд Бибылты Анатолимæ, цæмæй ард бахæра йæ бæстæ æмæ адæмыл æнувыддзинады фæдыл.

Бибылты Анатоли ард бахордта Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты æххæстбартæ æххæст кæнгæйæ, кæй кад кæндзæн æмæ хъахъхъæндзæн адæймаг æмæ æмбæстаджы бартæ æмæ сæрибардзинæдтæ, кæй хъахъхъæндзæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституци, Республикæ Хуссар Ирыстоны суверенитет æмæ хæдбардзинад, æдасдзинад æмæ территориалон æнæхъæндзинад, æнувыдæй кæй лæггад кæндзæн адæмæн.

Бибылты Анатоли зоныгуылæй аба кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон тырысайæн. Уыцы иурæстæджы райхъуыст сармадзанты æхсты зæлтæ.

Уый фæстæ республикæйы Централон æвзарæн къамисы сæрдар Плиты Беллæ Бибылты Анатолийæн цытджын уавæры радта Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты бæлвырдгæнæн гæххæтт.

Уæрæсейы Федерацийы Президенты æххуысгæнæг Владислав Сурков бакаст Владимир Путины арфæйы фыстæг, Бибылты Анатоли Хуссар Ирыстоны Президентæй æвзæрст кæй æрцыд, уый фæдыл.

Бæстæйы раздæры Президент Тыбылты Леонид дæр арфæ ракодта ног сæвзæрст Президент Бибылты Анатолийæн, бæстæйы бæрзонд бынатмæ æвзæрст кæй æрцыд, уый сæраппонд æмæ цыбыртæй æрдзырдта, аивгъуыйгæ фондз азы цы бантыст саразын, уыдæтты тыххæй.

Цытджын æмбæстæгтæ!

Республикæйы цытджын уазджытæ!

Фæци, адæм мын фондз азы размæ мæ бар кæй бакодтой, бæстæйы сæргълæууæджы æххæстбарты уыцы æмгъуыд. Республикæйы Президенты æвзæрстыты хъæлæс дæттыны хатдзæгтæ равдыстой, æвзарджыты фылдæр хай хъæлæстæ кæй радтой Бибылты Анатоли Ильяйы фыртæн, æмæ уый абон официалонæй йæ бартæ йæхимæ райсдзæн.

Сæвзæрст президенты ардбахæрдæй райдайдзæн бæстæйы историйы ног этап. Бæстæйы сæргълæууæджы хæстæ æххæст кæнгæйæ, президент лæууы æххæстгæнæг хицауады сæргъ, у сæйраг командæгæнæг, Конституцийы æмæ æмбæстæгты барты гарант. Президент бæлвырд кæны бæстæйы рæзты генералон фæндæгтæ, мидæггагон æмæ æттагон политикæ.

Уыимæ иумæ президентон æххæстбартæ дæтгæйæ, ахсджиаг у паддзахадон размæцыды фæдфæдылондзинад сифтонг кæнын æттагон æмæ мидæггагон политикæйы. Цæрдхъом паддзахадæн уæвæн нæй паддзахадон хæстæ æххæст кæныны гаранти кæрæдзимæ нæ адæтгæйæ, бæстæйы сæргълæууæджы бæрнон бынаты чи бады, уымæ нæ кæсгæйæ. Уый у æнæмæнгхъæуæг фадат, цæмæй æмбæстæгтæ æмæ экономикон архайды субъекттæн сæ зæрдæ фидар уа сабырдзинад æмæ сæ фидæны тыххæй.

Фондз азы дæргъы нæ республикæ цы фæндагыл рацыд, уымæ акæсгæйæ, махæн нæ бон у зæгъын, махæн бирæ саразын кæй бантыст. Мах чысылгай иуварс кодтам хæсты пырхæнтæ, нæ бæстæ æндидзынгæнгæйæ. Чизоны æмæ не ‘ппæт фæндтæ сæххæст кæнын нæ къухы нæ бафтыд президентон æмгъуыды дæргъы, фæлæ цы ивддзинæдтæ æрцыд, уыдон сты цæстуынгæ.

Сарæзтæуыд ахсджиаг къахдзæфтæ социалон-экономикон рæзты, экономикæйы реалон секторы къабазы. Махæн бантыст паддзахады ахсджиагдæр институттæ сфидар кæнын. Уыцы нымæцы æфсад, мидхъуыддæгты æмæ паддзахадон æдасдзинады органтæ, паддзахадон управленийы æмæ паддзахадон хицауады системæ. Не ‘нтыстытæн ахъаз уыд Уæрæсейы Федерациимæ æмархайд сфидар кæныны æмæ рæзты, Æмцæдисад æмæ интеграцийы бадзырдыл къух æрфыссыны æмæ йæ цæрæццаг скæныны хъуыддаг.

Ивгъуыд азты дæргъы Республикæ бæлвырд размæ ацыд йæ хицауиуæгад сфидар кæныны фæндагыл. Мах æппæт хъарутæ дæр аздæхтам æмбæстагон разыдзинад, барвæтк æмæ сабырдзинад æрфидар кæнынмæ, цæмæй паддзахады æрфидар уа закъондзинад. Æрæджыйы æвзæрстыты кæй равдыстам, закъоныл уыцы æнувыддзинад, Конституцийæн аргъ кæнынад, ирд æвдисæн у æмбæстагон æхсæнады æмбарынады цас æрфидар ис æмбæстагон æнкъарынад æмæ нæ паддзахадæн аргъ кæнынад. Йæхи рады, уый у ирд æвдисæн Аланийы сæндидзыдгонд хицауиуæгады цæрдхъомдзинадæн.

Сымахимæ иумæ, махæн нæ бон у сæрыстыр уæм, цалдæр æнусы фæстæ нæ Райгуырæн бæстæйæн йæ рагон ном кæй раздæхтам. Аланийæн йæ историон ном кæй раздæхтæуыд, уый æвдисы адæм историйæн, сæ фыдæлты номæн кæй аргъ кæнынц, нæ ивгъуыды, нæ абоны æмæ нæ фидæны фæлтæрты æхсæн бастдзинад кæй ис. Уыимæ иумæ, Аланийы сæндидзыдгонд ном у фидар эмоционалон хъару дæттæг, адæмы цардаразæн хъомыс æгасгæнæг. Мах хъуамæ бафтауæм уыцы диссаджы сæрыстыр номæн йæ кад æмæ намысыл!

Æрæджыйы æвзæрстыты адæм хъæлæс лæвæрдтой алчи йæхи кандидаты тыххæй, фæлæ кæмæн цы политикон æмбарынад уыд, уый куы нæ нымайæм, уæд æвзарджыты æнгом кæны нæ Райгуырæн бæстæйы хæрзиуæгмæ тырнынад, национ æргъадтæм æмхицдзинад, адæмы интерестыл æнувыддзинад. Æвзæрстытæ систы ног саразинæгты банымайæн уысм. Хъæуы ферох кæнын раздæры ныхмæдзыдтæ æмæ иумæ размæ цæуын.

Бæстæйы сæргълæууæджы бартæй мæхи сæрибар кæнгæйæ, æз зæрдиаг бузынг зæгъын, фондз азы размæ мыл бæстæйæн разамынад кæныны сæраппонд се ‘ууæнк чи бафтыдтой, мæ уыцы æвзарджытæн. Бузныг дæн, æппæт ацы азты дæргъы мемæ иумæ республикæйы хæрзиуæгæн чи куыста, йе службæйон æмæ æмбæстагон хæс намысджынæй чи æххæст кодта, æппæт уыдонæн.

Республикæйæн разамынад кæнын хизы сæвзæрст Президентмæ. Республикæйы сæргъ лæууын стыр кад у æмæ стыр бæрндзинад. Бибылты Анатоли Ильяйы фырт у размæтырнæг политик æмæ фæлтæрд разамонæг. Уый райста æвзарджыты фылдæр хъæлæстæ. Мæ цæст ын уарзы, цæмæй аккагæй ахæсса президентон бæрндзинады уаргъ, мæ цæст ын уарзы æнтыстытæ Паддзахад Аланийы Президенты бæрзонд бæрнон бынаты архайгæйæ, бæстæйы пайдадайæн, нæ адæмы хæрзиуæгæн. Мæ цæст уарзы Аланийы адæмæн ног æнтыс-тытæ, сабырдзинад æмæ хæрзиуджытæ!”

Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав йæ раныхасы банысан кодта, зæгъгæ, мах не ‘фсымæрты хъысмæтмæ куыдфæндыйы цæстæй нæ кæсæм. Уымæн æмæ, зæгъгæ, не ‘фсымæртæ бирæ амæттæгты аргъæй, хъæбатыр æмæ хъайтарæй бахъахъхъæдтой сæ хæдуагæвæрды бар æмæ æнтыстджынæй аразынц сæ хæдбар паддзахад.

Бузныджы ныхæстæ уый загъта бæстæйы раздæры Президент Тыбылты Леонидæн, фондз азы дæргъы йæ æнтыстджын куысты тыххæй.

«Президент уæвгæйæ, дæхи равдыстай, æрмæст бæстæйы æцæг патриотæй нæ, фæлæ  зондджын, курдиатджын æмæ хæдзардзин къухдариуæггæнæгæй. Ныфс мæ ис, æмæ Хуссар Ирыстоны адæм кæдфæндыдæр бузныгимæ хъуыды æмæ аргъ кæндзысты дæуæн», – банысан кодта уый.

Бибылты Анатолийæн та Битарты Вячеславы цæст бауарзта, цæмæй æппæт хæрзиуæгон хъуыддæгтæ адарддæр кæна, кæцытæн бындур æрæвæрдтой бæстæйы раздæры сæргълæуджытæ. Ноджыдæр ын арфæ ракодта æмæ йын загъта ныфсджынæй нæ республикæйы социалон-экономикон æмæ культурон арæзтады ног æнтыстыты  фæндиæгтæ.

Хуссар Ирыстоны адæм, зæгъгæ, дæуæй æвæрынц стыр ныфс, æмæ мах дæр, кæдфæндыдæр, райгондæй цæттæ стæм æппæтварсон æфсымæрон æххуыс бакæнынмæ. Махæн иу нысан ис – фидар, хæрзвадат æмæ дидинæфтаугæ Ирыстон-Алани саразын.

Луганскы Адæмон Республикæйы сæргълæууæг Игорь Плотницкий йæ арфæйы ныхасы банысан кодта, зæгъгæ, æвзæрстыты уæлахиз у адæмы кад æмæ æууæнчы нысан, бæстæйы раз де сгуыхтдзинæдты банымад.

«Бæстæйы уæвынад æмæ хъысмæтскъуыддзаггæнæн азты ды, дæ тыхтыл æнауæрдгæ-йæ, лæууыдтæ дæ адæмы фарсмæ, цæмæй Аланийы зæх-мæ æрцыдаид сабырад æмæ стабилондзинад.

Символикон у, дæ куысты райдиан кæй æрхауд фыдæлты æнусон традицитæ сног кæныны рæстæгмæ. Сæрыстыр кæмæй стут, уыцы историон ном Алани раздахыны фидар уынаффæйæ бæрæг у, уæ фидæны фæлтæрты хъысмæт баст кæй у равзаргæ стратегиимæ, æрмæст политикон, экономикон æмæ социалон фадгуыты нæ, фæлæ духовон хъуыддаджы дæр», – банысан кодта Игорь Плотницкий.

Зæрдыл æрлæууын кодта Луганскы адæммæ уæззау уавæрты æххуысмæ кæй фæзындысты не ‘мбæстæгтæ æмæ уыимæ иумæ, Хуссар Ирыстон кæй банымадта Луганскы паддзахадон хæдбардзинад. Уый, зæгъгæ, сыгъзæрин дамгъæтæй фыст æрцыд Луганскы адæмы историйы.

Нæ бæстæтæн, зæгъгæ, ис æмхуызон хъысмæт. Ныфс бавæрдта, дарддæры хæларадон ахастытæ кæй фæахъаз уыдзысты иумиаг тыхтæй нырыккон уавæрты æмбæлон дзуаппытæ скæнынæн, куыд Хуссар Ирыстоны, афтæ Луганскы дæр.

Йæ ныхасы кæрон Бибылты Анатолийæн ноджы дæр йæ цæст бауарзта, æппæт зæрдæ-йæ банысангонд плæнттæ реализаци кæнын размæцыд паддзахад саразыны хъуыддаджы. Адæмæн та  – сабырад, хæларад æмæ хæрзиуджытæ.

Уæрæсейы Федерацийы Федералон Советы уæнг Тъотъоонты Александр банысан кодта, зæгъгæ, стыр кадыл нымайы, Ирыстоны ахæм цытджын мадзалы хайад кæй исы, уый. Арфæ ма ракодта, куыд йæхи номæй, афтæ йæ коллегæты æмæ Федерацийы Советы Сæрдар Валентина Матвиенкойы номæй дæр, Хуссар Ирыстоны ног Президент кæй равзæрстой, уый тыххæй.

Уый йæ раныхасы сæрмагонд арфæйы ныхæстæ загъта Хуссар Ирыстон – Паддзахад Аланийы ног сæвзæрст Президент Бибылты Анатолийæн: «Мæн фидарæй уырны, ацы бæрзонд бынаты дæ архайд кæй ахъаз кæндзæнис дарддæры фидар социалон-экономикон рæзтæн æмæ кæй кусдзынæ Хуссар Ирыстоны цæрджыты цард бæрзонд æмвæзадмæ скæныныл, афтæ ма мæ ныфс ис, кæй архайдзынæ Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн хæлардзинад фидар кæныныл.

Мæ зæрдæ дын зæгъы  æнæниздзи-над æмæ стыр æнтыстытæ дæ бæрнджын архайды».  Уый ма банысан кодта, зæгъгæ Хуссар Ирыстон раздæхта, сæрыстыр кæмæй у, уыцы ном – Алани, уый руаджы ноджыдæр йæ фидæн уыдзæн рæсугъд дæр”.

Республикæ Абхазы премьер-министр цытджын мадзалы бакаст Абхазы президент Рауль Хаджимбайы арфæйы фыстæг.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламентон комитеты сæрдар Гæбæраты Юри банысан кодта, зæгъгæ, арфæ кæнæм Бибылты Анатолийæн ,республикæйы иууыл бæрнондæр бынатмæ кæй бахызт, уый тыххæй.

«Чи зоны уый тыххæй, æмæ йын фадат кæй радтам Ирыстонæн лæггад кæй хъæуы, уый фæдыл. Дунескæнæгæн фæндон уæт, райгонд æмæ дзы зæрдæрухс цы уæм», – дзырдта Юри.

Дарддæр уый ма банысан кодта, зæгъгæ, нæ ныфс ис, йæ зæрдæйы Фыдыбæстæмæ цы уарзондзинад хæссы, уый йæ кæй разæнгард кæндзæн бирæ хорздзинæдтæ аразынмæ.

Аланийы чырыстон адæмы номæй мадзалы арфæйы ныхæстимæ рацыд Фыд Яков.

Цытджын инаугурацийы арфæйы ныхас ракодта ног сæвзæрст Президент Бибылты Анатоли.

– Зынаргъ æфсымæртæ æмæ хотæ! Цытджын уазджытæ, нæ хæлæрттæ!

Фыццаджыдæр мын бар раттут, цæмæй уын зæгъон бузныг, ацы стыр æууæнк мыл кæй бафтыдтат, уый тыххæй. Бузынг, нæ Ирыстонмæ, нæ Аланимæ æвæлмас ахаст чи не ‘вдисы, æппæт уыдонæн! Фидарæй мæ уырны, иумæ махæн нæ бон кæй суыдзæн нæ паддзахад хуыздæр скæнын, нæ адæмы та – амондджындæр.

Абон инаугурацийы цытджын мадзал цы бынаты уагъдæуы, уый æнæхъуаджы æвзæрст не ‘рцыд! Мæн фæндыд ард бахæрын, сæрмагондæй, Хуссар Ирыстоны адæмы раз, цæмæй немæ иумæ уой нæ цæгаттаг æфсымæртæ æмæ хотæ, Уæрæсейы Федерацийæ нæ хæлæрттæ. Уыдон фæрцы махæн нæ зæххыл ис фарн æмæ сабырдзинад, уыдонимæ иумæ мах рацыдыстæм вазыгджын фæндæгтыл, уыдонæн Ирыстоны адæм сты хæстæг æмæ хиуæттæ.

Мах не ‘ппæтдæр иумæ араздзыстæм æппæтдæр РÆСТДЗИНАДЫ СÆРАППОНД ÆМÆ АДÆМЫ ХÆРЗИУÆГÆН!

Хуыцау, Уастырджы, зæдтæ æмæ дзуæрттæ нын æххуысгæнæг уæнт!

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ инаугурацийы цытджын церемонийы хайад кæй райстой бæстæйы фыццаг æмæ дыккаг Президенттæ: Цыбырты Людвиг æмæ Кокойты Эдуард дæр. Стыр къухæмдзæгъдимæ æрæмбырдуæвджытæ сæмбæлдысты, мадзаламонæг сын сæ нæмттæ куы фехъусын кодта, уæд.

Инаугурацийы церемони адарддæр æфсæддон парадæй. Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрады æфсæддон дæлхæйттæ цытджын маршæй рацыдысты стадионы. Уый нысан кæны Гарзджын тыхты Уæлдæр Сæйрагкомандæгæнæджы æххæстбартæ лæвæрд кæй æрцыдысты, Президенты бынатмæ бахизæг Бибылты Анатолимæ.

Дарддæр мадзалмæ æрæмбырдуæвæг адæмæн фадат уыд хиирхæфсæн бæрæгбонон мадзалмæ бакæсынæн, цыран хайад райстой нæ республикæйы кафт æмæ зарды ансамбль «Симд», уæрæсейаг зарæггæнджыты къорд «Блестящие» æмæ æндæр сфæлдыстадон коллективтæ.

Къæбулты М.,

Туаты Л.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.