Хуссар Ирыстоны дарддæр æххæст цæуы хисæрмагонд хæдзæртты æмбæрзтыты раивыны куыст, кæцытæ бахъыгдард сты 2008 азы августы гуырдзыйы агрессийы рæстæджы.

Банысан кæнын хъæуы уый æмæ æмбæрзтытæ раивыны фæдыл куыстытæ кæй райдыдтой 2017 азы æмæ уæдæй фæстæмæ парти «Иууон Ирыстон»-ы æххуысæй ивд æрцыд 150 æмбæрзтæй фылдæр.

Пырх æмæ бахъыгдард æмбæрзтытæй ма цы хай баззад, уыдон сцалцæг кæндзысты 2019 азы.

Ныртæккæ дæр ахæм куыстытæ æххæст цæуынц цалдæр раны. Хуыбылты Валерийы 165-æм хæдзары, цыран цæры Пухаты Нателæ, фесты уыцы куыстытæ.

Пухайы чызг куыд радзырдта, афтæмæй йæ хæдзары æмбæрзт раивыны тыххæй фыццаг куырдиат уый бахаста 2004 азы, фæлæ аивгъуыйгæ 14 азы дæргъы æххуыс нæ уыд.

«Горæт æхсын куы райдыдтой, уыцы бон мæ лæппуимæ алыгъдыстæм Уæлвæткон уавæрты министрады ныккæндмæ. Хъыгагæн, мæ цардæмбалæн нæ бантыст ралидзын æмæ уæззау цæф фæцис.  Мах æппæтдæр сарæзтам, цæмæй йын йæ уавæр фæхуыздæр кæнæм, йæ цардыл тох кодтам, фæлæ ма фæцард æрмæстдæр 2010 азы онг. Уыцы æхстыты рæстæджы нæ хæдзар тынг бахъыгдард ис. Рудзгуытæ, балкон, къултæ æмæ æмбæрзт ныппырх сты. Абон дæр хæдзары къултыл фенæн ис снарядты схъисты фæдттæ», – загъта Пухаты чызг.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, уыдон сæхи тыхтæй хæдзары мидæгæй бацалцæджытæ кодтой, фæлæ æмбæрзт раивын сæ бон нал бацис, уымæ гæсгæ бахатыдысты РХИ-йы Президент Бибылты Анатолимæ.

«Бибылты Анатоли Президенты бынатмæ куы бацыд, уымæй цалдæр мæйы фæстæ æз ныффыстон куырдиат мæ хæдзары æмбæрзт раивыны тыххæй. Æмæ кæд 2004 азæй мæ куырдиатмæ йæ хъус ничи дардта, уæд æм ныр та президент æвæстиатæй æркаст, æмæ дзы уый тыххæй дæн стыр бузныг. Нæ хæдзары æмбæрзт нын Ног азы размæ раивтой, æмæ мах æппæт проблемæтæй дæр фервæзтыстæм. Кусджыты бригадæ бакуыста тагъд æмæ гъæдджынæй. Бузныг алкæмæндæр, ацы куысты хайад чи райста, уыдоны нымæцы Сиукъаты Олегæн æмæ партийы сæрдар Тадтаты Аланæн», – банысан кодта Пухаты Нателæ.

Горæт Цхинвалы æндæр цæрæг Коцты Ельзæ, кæцы цæры Хуыбылты Валерийы уынджы 137-æм хæдзары, 2017 азы ныффыста куырдиат паддзахады сæргълæууæгмæ. Ныр æмбæрзт раивыны куыстытæ сты фæуын хъус.

«Мах уый размæ бирæ инстанцитæм бахатыдыстæм, цæмæй нын нæ хæдзары æмбæрзт раивтаиккой, фæлæ æххуыс никæцæй уыд. Ног куырдиат æз ныффыстон Бибылты Анатоли, парти «Иууон Ирыстон»-ы сæрдар Тадтаты Алан æмæ Парламенты спикер Гасситы Петрмæ. Ацы хатт мæ куырдиатмæ йæ хъус æрдардта президент æмæ нæм æрбарвыстой кусджыты бригадæ. Махæн ис стыр хæдзар, дих у дыууæ бинонтыл, бакæнын дзы хъæуы бирæ куыстытæ æмæ ныр кæронмæ тагъд бахæццæ уыдзысты», – загъта Коцты чызг.

Уый бузныджы ныхæстæ загъта, йæ бинонтæн ын чи æххуыс кæны, æппæт уыдонæн.

Парти «Иууон Ирыстон»-ы Центрон комитеты минæвар Сиукъаты Олег куыд банысан кодта, афтæмæй 2018 азы декабры цы æмбæрзтытæ раивын план кодтой, уыдон ныр фæуд кæнынц. Æдæппæтæй ивгъуыд мæйы сцалцæг кодтой 11 хæдзары.

«Хæдзары æмбæрзтытæ ивд æрцыдысты Гогебашивлийы 1, Хуыбылты Валерийы 155, 137 (А, Б), Плиты Ароны 12, Зары 1, Дзукъайы фырты 12, Чкаловы 21 уынгты. Сатихъары хъæуы иу хæдзар  æмæ Тельманы уынджы 5-æм хæдзарæн та хицæн æрцыдысты арæзтадон æрмæджытæ», – банысан кодта Сиукъайы фырт.

«Ацы бонты мах ахиздзыстæм январы номхыгъдмæ. Къамис ма ногæй æрзилдзæн уыцы хæдзæрттыл æмæ бынаты аскъуыддзаг кæндзæн, арæзтадон æрмæджытæй кæмæн хъæуы æххуыс кæнын, уымæн æмæ чидæртæ сæхæдæг аскъуыддзаг кæнынц се ‘мбæрзтытæ раивын. Аннæтæн та сæ бон нæ вæййы ацы фарст аскъуыддзаг кæнын, æмæ сын рахицæн кæнæм кусджыты бригадæ дæр», – загъта Сиукъайы фырт.

Парти «Иууон Ирыстон»-ы Центрон комитеты минæвар куыд банысан кодта, афтæмæй хæдзары æмбæрзтытæ раивыны куыстытæ дарддæр цæудзысты.

«Ахæм æххуыс æххæст цæуы республикæйы президент Бибылты Анатолимæ æмбæстæгты куырдиæтты бындурыл. Уый сæ йæ рады арвиты парти «Иууон Ирыстон»-мæ æркæсын æмæ сæ равзарынмæ. Мах æмбæрзтыты раивынмæ фæхуыдтам æхсæз бригадæйы, кусджытæ сты республикæйы цæрджытæ», – загъта Сиукъаты Олег.

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Парламенты информацион-аналитикон службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.