Æртæ фæрскы æмæ сæ нысаниуæг

Нæ горæты афтæ бирæ магазинтæ нæй, фыдызгъæл (дзидза) кæм уæй кæнынц. Уый хыгъд нæм бирæ ис, уыцы магазинты æртæ фæрскы чи фæагуры, ахæмтæ. Уæлдайдæр, стырбонты – Джиуæргуыбайы, Бæлдæрæнты æмæ афтæ дарддæр. Табу – сæхицæн! Табу уыцы адæмæн, нæ фыдæлты бæрзонд кад дæлæмæ чи нæ уадзы, нæ бæрæгбонты рæсугъдæй чи нысан кæны, нæ дзуæрттæн æгъдаумæ гæсгæ чи кувы, зæрдиагæй сын чи табу кæны, аргъ сын чи кæны. Махæн æмбал нæй… Бирæ хатт нæ фырмæстæй нæхи дæр фелгъитæм, бæстæ хъуыр-хъуыры бын фæкæнæм, фæлæ уæддæр æмæ уæддæр, æмбал кæмæн нæй, ахæм адæм стæм. Куыд фæзæгъынц, бæхы уаргъ, дам, афтæ ма акæлæд…

О, фæлæ хаттæй-хатт кæнæ нæ фембарæм, нæ фæзонæм, афтæмæй дæлæмæ кæнæм, фыдæлтæй нын цы рæсугъд традицитæ баззад, уыдоны. Зæгъæм, æртæ фæрскы (хонынц ма йæ мурзæг фæрск кæнæ кусарты кæразимаг хай дæр) нысаниуæджы тыххæй. Нæ горæты базары, фыдызгъæл кæм уæй кæнынц, уыцы магазинты дзидзауæйгæнджытæн сæ сæйраг куыст вæййы кусарты фæрсчытæ æртыгæйттæй лыг кæнын. Æмæ куыднæ – æлхæнджытæ алы хатт дæр фæагурынц æртæ фæрскы. Уыдонæн та, дзидзауæйгæнджытæн,  цы уæлдай у, кæцы фарсæй, кæцы æртæ фæрскы, йе ‘хца бакусæд, уый йедтæмæ?..

Æмæ иууылдæр къуырмайы, фсон скодтам – дæ фынгыл æртæ фæрскы уæд, æмæ цахæмфæнды уæд… Цæмæн кæнæм, кæдмæ кæндзыстæм афтæ?..

О, фыдæлтæй фæстæмæ нæм æртæ фæрскы нысаниуæг кадджын у. Фæлæ кæдфæнды æмæ кæцæйфæнды ралыггæнгæйæ не сты æмæ ма сайæм Хуыцауы дæр, нæ дзуæртты дæр æмæ нæхи дæр. Æртæ фæрскы нысан кæнынц: кусарт дзуар, зæд кæнæ бардуагы номыл куы акæнай, уæд ын хъуамæ йæ риуы гуыдыры рахис фарс фыццаг, дыккаг æмæ æртыккаг фæрскы иумæ, кæрæдзийæ сæ æнæфæхицæнгæнгæйæ ралыг кæнай æмæ сæ йæ номыл скувыны охыл физонæг скæнай. Кусарт, сæрмагондæй, кæмæ кувыс, уый номыл хъуамæ акæнай, уый йедтæмæ дзидзауæйгæнæг Громы кæнæ Цъинагары йæхицæн æхца бакусыны тыххæй цы стур балхæдта, уымæн йе ‘ртæ фæрскы дæ дзуармæ, дæ зæдыхаймæ цы бар дарынц?.. Науæд скувынæн рахицæн кæнынц æрмæстдæр кусартæн йæ рахис фарсы фыццаг æртæ фæрскы… Махмæ та, зæгъæм, Джиуæргуыбаты  алы хæдзары дæр фынгыл вæййы æртæ фæрскы… Æмæ уыдон иууылдæр, куыд æмбæлы, ахæм «æртæ фæрскы» куы уаикккой, уæд уыцы бон нæ горæты уал кусарты хъуамæ æрцыдаид æргæвст… Иу кусартæн ис æрмæстдæр иу кувинаг æртæ фæрскы, иннæтæ тыхæгъдау тыхарæзт хъуыддæгтæ сты.

Тыр æмæ тыры бардуаг

Бæлвырддæр зæгъгæйæ, ацы бардуаг хуыйны Нæлы дзуар (хонынц ма йæ Фыры дзуар дæр’ Тыр нысан кæны лæппу-саби, ома, нæлбындар. Нæлы дзуар нымад цæуы, лæппутæ чи гуырын кæны, ахæм бардуагыл. Ирон хæдзары бинонтæн-иу афтæ арфæ кодтой: «Нæлы дзуары хорзæх дæ уæд, дæ хæдзар цæвæгджынтæй, хъæддзаутæ æмæ хæстхъомтæй байдзаг уæд!».  Афтæ арфæ кодтой уы-мæн, æмæ нæлгоймаг хæдзары бындурыл нымад у ирон адæммæ. Фæд-фæдыл чызджытæ кæ-мæн райгуыры, ахæм фыд йæхи фæдзæхсы Нæлы дзуарыл. Чызг-иу кæмæн райгуырд, ахæмæн-иу дзырдтой: «Йæ къах дын дзыккайы тылд фæуæд!». Уый та нысан кодта, Кæхцгæнæнты-иу лæппу цы чызджы фæстæ райгуырд, уымæн-иу йæ къах фырбуцæн дзыккайы къусы атылдтой.

Арвы дуар

Рагзамантæй фæстæмæ ирон адæм        амондджын, æппæтæй æххæст адæймагæй дзырдтой, зæгъгæ, уый арвы дуар гомæй федта. Фæлæ Ирыстоны æндæр æмæ æндæр хъæуты ацы ныхасæн лæвæрдтой æмæ дæттынц æндæргъуызон æмбарынад дæр, зæ-гъæм, йæ цардæй, йæ зынтæй æгæр чи сфæлмæцы, уый фæзæгъы: «Омæ цы ‘рсырдтон, цы фæрæдыдтæн, арвы дуар гомæй федтон?..» .

Фæлæ уæддæр ацы æмбарынад, сæйраджыдæр, баст у хорздзинæдтимæ.

Адæмы уырнынадмæ гæсгæ арвæн ис дуар æмæ байгом вæййы афæдз иу хатт, æрмæстдæр иу уысмы бæрц. Чи йæ ауына, уый фендзæн бирæ уæларвон диссæгтæ æмæ сусæгдзинæдтæ. Цалынмæ уыцы дуар фæстæмæ ахгæна, уæдмæ Хуыцауæй цы ракурай, уый æрцæудзæн.

Ныхы дзуар

Ныхы дзуар у бинонты, æмкъайады бардуаг. Чызджытæ дзы сусæг-æргомæй фæкурынц хорз мойаг, зæрдæйы фæндиаг амонд, йæ чындзы ацыд амондджын куыд фæуа, хорз къах цы ахæсса йæ фыды хæдзарæй. Чындздзон чызгмæ-иу исчи куы фæмæсты, уæд-иу æй иууыл карздæрæн афтæ ралгъыста: «Фыдныхы дзуар ахæсс!». Ома, фыдамонд ахæсс, дæ къайадæй фæсмонгонд фæу.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.