ТЭК-ы районы цыртдзæвæнмæ ссыдысты Мидхъуыддæгты министрады къухдариуæгад Гуыцмæзты Аланы сæргълæудæй, Гæззаты Вадимы номыл милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды кусджытæ æмæ ветерантæ. Уыдон дидинджытæ æмæ веноктæ сæвæрдтой фæмардуæвæг хъайтарты номыл цыртдзæвæны раз. Сæ хæстон æмбæлттæн скад кæнынмæ æрвылаз дæр ссæуынц æмæ сын сæ сæртæй ныллæг акувынц, æрымысынц уæды уæззау рæстæджыты æвирхъау цаутæ. Æрыгон фæлтæрæн та радзурынц ацы зынгхуыст лæппуты хъайтардзинæдты хабæрттæ.

1992 азы гуырдзиаг лæгмарты ныхмæ хъазуатон тохты сæ удтæ Ирыстоны сæр-вæлтау радтой æхсæз зынгхуыст хæстоны. Фашисттæ ТЭК-ы районæй ныббырсынмæ хъавыдысты Цхинвалмæ. Æнæмсæр тохы Ирыстоны хъайтартæ фидар фæлæууыдысты æмæ знаджы не ‘рбауагътой мидæмæ. Фæлæ дзы, хъыгагæн, æрцыд уды зиæнттæ дæр. Фæ-ардуæвджытæ иууылдæр уыдысты æрыгæттæ – Гæбæраты Станислав, Гуыбаты Зураб, Дзабиты Геннади, Кожухов Юри, Михайленко Александр æмæ Санахъоты Григори. Хæстон архæйдтыты ма алыгъуызон цæфтæ фесты ноджы цалдæр лæппуйы.

Ацы хъайтарты нæмттæ рох хъуамæ макуы уой æмæ сын се ‘хсардзинады хабæрттæ та дæттæм кæстæр фæлтæртæм. Сæ нæмттæ ныридæгæн хæссынц нæ республикæйы скъолатæ æмæ уынгтæ.

ДЖИОТЫ Алыксандр

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.