Гуырдзиаг-ирон ныхмæлæуды рæстæджы цыбыр æмгъуыдмæ иууыл фылдæр адæм кæм фæмард, уыдонæй иу уыд, 1991 азы 28 апрелы Ленингоры районы Гдулеты хъæумæ æввахс хъæды æрдузы цы стыр трагеди æрцыд, уый. Райсом, 28-æм апрелы ацы æвирхъау трагедийыл æххæст кæны 32 азы. Кæд бирæ рæстæг рацыд, 32 азы 32 боны куынæ сты мыййаг, уæддæр уыцы уалдзыгон уæззау боны æнамонд хабæрттæ цъинагайрæгты зæрдыл лæууынц, раст цыма знон уыдысты, афтæ. Уыцы бон гуырдзиаг лæгмарты къухæй иу уысммæ фæмард сты авд æнæаххос ирон нæлгоймаджы æмæ дзы цалдæрæй та фесты цæфтæ. Цыбыртæй уын уæ зæрдыл æрлæууын кæндзыстæм, трагеди куыд æрцыд, уый тыххæй.

1991 азы 28-æм апрелы бершуеттаг гуырдзиаг тыхæйисджыты къорд балæбурдтой Гуыдиты хъæумæ, ныппырх кодтой хæсты инвалид Гуыдиты Ладийы хæдзар, йæхи та йын фехстой хæцæнгарзæй, фæлæ куыддæрты йæ къæхты фæрцы аирвæзт мæлæтæй. Уырдыгæй фыдгæнджытæ сæ фæндаг ракодтой Цъинагары хъæуы сæрвæттыл, цæмæй цæрджыты фос атардтаиккой. Фехстой фыййæуттæй сæ иуы. Хабар фехъусгæйæ, Гдулет æмæ Цъинагары хъæубæсты цæрджытæ рафæдис кодтой, цалдæрæй бабадтысты уæзласæн машинæйы гуыффæйы æмæ цалдæрæй та – тракторы лафеты æмæ атагъд кодтой сæрвæтмæ. Фæдисæттæй авд нæлгоймаджы рацыдысты сæ фæстаг фæндагыл. Гуырдзиаг лæгсырдтæ уый базонгæйæ, сæ размæ къутæрты æрæмбæхстысты æмæ куыддæр фæдисы рацæуæг адæмы машинæтæ æрбаввахс сты, афтæ сыл хъæдæй машинæйы гуыффæмæ нæмыг нызгъæлстой. Фæмард сты авд бынтон æнæаххос ирон адæймаджы – Чертхъоты Славик æмæ Бибылты Гиви уыдысты Гдулеты хъæуæй, Хуыбылты Отар, Зауыр, Дудайты Тенгиз (шофыр), Мæргъиты Тотыр (Отар) æмæ Хуыбылты Таймураз та – Цъинагарæй.

 

Йæ дзуарыбоны бæгæны баззад æрдæгфыхæй

Фæмардуæвджытæй иу – цъинагайраг Мæргъиты Тотырæн йæ фырт Джемал дæр никуы ферох кæндзæн ацы трагедийы тыххæй. Уый нын афтæ радзырдта: «Ацы æвирхъау трагеди куы æрцыд, уæд æз æфсады рæнхъыты ме ‘мбæстагон хæс бафидыны тыххæй службæ кодтон Архангельскы. Ацы трагедийы тыххæй фехъуыстон, фæлæ дзы мæ фыд дæр кæй фæмард, уый тыххæй мын райдианы ничи ницы дзырдта сæ фыстæджыты. Фæлæ зæрдæ æнкъараг у æмæ йæ хатыдтæн, цыдæр стыр бæллæх кæй æрцыд нæ хæдзарыл, уый. Фæлæ мæм æнамонд хабары тыххæй уæддæр фæстагмæ ныффыстой. Æфсадæй куы æрыздæхтæн æмæ мæ фыд мæ размæ куынæ рауад, хæдзары йæ куынæуал æрæййæфтон, уæд куыддæр фæдæн. Цы уавæры уыдтæн, ууыл дзурын уæлдай у. Ныййарæджы фесафын тынг зын у, уымæй дæр гуырдзиаг тыхæйисджыты къухæй кæй фæмард, уый мын уæлдай зындæр уыд. 6-æм майы Цъинагары хъæуы дзуарыбон кæй вæййы, уымæ гæсгæ мæ фыд Тотыр уыцы бон фыхта бæгæны. Гуырдзиаг абырджыты тыххæй хабар куыддæр фе-хъуыста, афтæ йæ бæгæны æрдæгфыхæй ныууагъта, къæпийы хъæдыл хъама бафи-дар кодта æмæ атындзыдта сæрвæтмæ… Афтæмæй æнустæм ацыд йæ хæдзарæй. Мæ фыды мадæн уыд 8 сывæллоны – 5 лæппуйы æмæ æртæ чызджы. Лæппутæй сæ иу æбæрæгæй фесæфт Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы, æртæ та дзы цæрынхъуæгтæй аивгъуыдтой се ‘нусон бæстæм. Йæ лæппутæй ма сæрæгас уыд мæ фыд. Йæ трагикон амæлæты фæстæ мæ нана дæр бирæ нал ацард йæ хъæбулы мæрдæй æмæ сæ уый дæр баййæфта».

Мæргъиты Тотырыл  цыдис 41 азы. Йе ‘мхъæуккæгтæ куыд дзурынц, афтæмæй уыд хæларзæрдæ адæймаг. Уый йæ арæхстджын къухтæй бирæтæн балæггад кодта. Рæхстис систæ амайынмæ, сæрдæн куыстытæм æмæ афтæ дарддæр. Цæсгомджын куыст кодта совхозы быдырты дæр…

Джемал кусы Ленингоры районы администрацийы спорты хайады футболы тренерæй. Йæ цардæмбал Ирмæимæ сын ис æртæ сывæллоны – дыууæ лæппу æмæ иу чызг. Ис сын хъæбулы хъæбул дæр. Цард дарддæр кæны Мæргъиты хæдзары.  Уый та нысан кæны, Тотыр йе стыр фарн мæрдтæм йемæ кæй нæ ахаста, фæлæ йæ кæй  ныууагъта йæ бинонтæн, уый.

Фæмардуæвæг лæппутæй сæ иууыл кæстæр Бибылты Гивийыл цыд æрмæстдæр 23 азы, нæ йын бантыст æмкъай æркæнын дæр. Чертхъоты Славик та йæ ныййарджытæн уыд иунæг лæппу æмæ йе ‘ртæ хойæн та – иунæг æфсымæр. Авд зынгхуыстæй сæ иу дæр нæ бахæццæ зæрыбонмæ, сæ хистæрыл та цыд æрмæстдæр 62 азы. Иу уысммæ хъæубæстæ фæцух сты авд ныфсы нæлгоймагæй, авд зиууонæй, цыма уа уымæй стырдæр трагеди ацы комбæстæн. Цъинагары æмæ Зары трагедитæ æнгæстæ сты, кæд Зары трагедийы уды зиæнттæ фылдæр æрцыд, уæддæр. Дыууæ трагедийы дæр уынгæджы адæймæгтыл нæмгуытæ ихуарæгау машинæты гуыффæтæм кодтой æлгъаг знаджы къухæй. Дыууæ трагедийы дæр тыхст адæймæгтæн алидзын, искуы æрæмбæхсыны  фадат дæр нæ уыд. Уас сæ тæригъæд сæ фæдыл æфтыд фæуæд, ацы æнæаххос адæймæгтæ кæй къухæй рафтыдысты, уыдонæн.

Сæ рухс нæмттæ рох не сты

Авд зынгхуыстæн Цъинагары совхозы къанторæйы размæ æвæрд æрцыд иумиаг цырт, авдæн дæр дзы сæ нывтæ бакæнгæйæ æмæ æрвылаз дæр 28-æм апрелы ардæм æрбамбырд вæййынц ацы комы адæм æмæ иу уысм æмырæй алæугæйæ, ссарынц сæ зынгхуыст æмхъæуккæгты рухс нæмттæ. Цъинагары астæуккаг скъолайы ахуырдзаутæ сæ директор Гуссойты Ласкойы сæргълæудæй та бацæттæ кæнынц мысæн мадзал æмæ цырты раз бакæсынц æмдзæвгæтæ.

Авдæй нал æрыздæхтысты сæ уарзон ныййарджытæм, бинонтæм. Фæлæ сæ фæстæ ныууагътой стыр тыхтæ – рæстдзинад, лæгдзинад, æгæрон тых – Ирыстон, æмæ сын уый æнустæм мысдзæн  сæ рухс ном!».

Цæй æмæ сæ нæмттæ ирон адæмæй макуы уæт рох. Ныр дæр сын сæркъулæй æрæмысæм сæ рухс нæмттæ Ирыстоны зынгхуыст хъæбултæн.

Ноджыдæр рухсаг ут!

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.