1992 азы  æндыгъд æмæ тугуарæн бонтæй кæд 29 азы рацыд, уæддæр уыцы рæстæджы ам, Хуссар Ирыстоны чи уыдысты æмæ мæлæты тасдзинад сæхиуыл чи бавзæрстой, уыдонæй нæ рох кæнынц æмæ сæ никуы дæр ферох кæндзысты. Æхстытæ-иу бирæ хатт æнæхъæн суткæты дæргъы дæр не ‘рсабыр сты æмæ афтæмæй мардысты, куыд хæстон лæппутæ, афтæ сабыр цæрджытæ дæр. Гъе, уæд дæр фæмард æмæ фæцæфтæ сты тынг бирæ адæймæгтæ.

1992 азы 7-æм июны Мидхъуыддæгты министрады Сæрмагонд нысаниуæджы къорды æртыккаг взвод хъахъхъæдта ТЭК-ы районы æрбахизæн. Взводы сконды уыд 17 адæймаджы: йæ командир –  Гуыбаты Зураб, Дзабиты Геннади, Санахъоты Гришик, Сиукъаты Таймураз, Сабанты Виктор, Харебаты Владимир, Козаты Æхсар, Цхуырбаты Владимир, Туаты Алан, Плиты Виталик, Козаты Алан, Мæргъиты Уырызмæг, Джиоты Мудрик, Хуыбиаты Тото, Тъотъоты Гамлет, Мулдарты Александр æмæ Багаты Рудольф. Взводы лæппутæй иууыл кæстæр – Санахъоты Гришикыл цыд æрмæстдæр æвддæс азы æмæ иууыл хистæрыл та  цыд æртын  азы.

Уыцы бон уавæр уыд стабилон æндыгъд. Горæты хъуыстысты  знæгты позициты ‘рдæм нæ лæппуты дзуаппон æхстытæ. Ахæм уавæрыл сахуыр сты, куыд хæстон лæппутæ, афтæ горæты цæрджытæ дæр. Уыдаид боны 11 сахатмæ æввахс, афтæ взводы лæппутæ хъуамæ сихор бакодтаиккой. Куыддæр æрбадтысты, афтæ райхъуыст тыхджын срæмыгъд æмæ знæгтæ се ‘мбæхсæнтæй взводы позициты райдыдтой æхсын егъаукалиброн хæцæнгæрзтæй. Уыцы бон æхстытæ нæ басабыр сты суанг изæрмæ, лæппутæн горæтимæ цы бастдзинад уыд, уый уайтагъд фесæфт. Знаджы тыхджын æхстытæн взвод дзуаппон æхст кодта автоматтæй.

Кæй зæгъын æй хъæуы, æхстытæ горæты цæр-джытæ дæр хъуыстой æмæ катайы бахаудысты. ТЭК-ы район рыг æмæ фæздæджы бын фæцис, алы рæтты дзы сармадзаны нæмгуытæ кæй пырх кодтой, уый фæстиуæгæн. Горæты цæрджытæ уыдысты паникæйы æмæ хъуыды кодтой, ахæм æхстыты фæстиуæгæн ма лæппутæй исчи сæрæгасай аирвæзт, ууыл. Цæрджытæй бирæтæ сæ сывæллæтты ластой æдас рæттæм. Уæззау уавæры бахауæг æртыккаг взводмæ кæд бирæты фæндыд æххуысмæ фæзынын, уæддæр алкæйы бон не сси ахæм æхстыты бын уырдæм ссæуын. Æрмæст сæм куыддæрты ссыдысты дыууæйæ – Санахъоты Саша æмæ Болататы Геннади. Взводы лæппутæй сæ иу – Дзабиты Геннади, службæ кодта Афганистаны æмæ хорз зыдта хæстон хъуыддæгтæ, фæлæ уый фæмард фыццаг. 12 сахатыл минæ спырх йæ цуры æмæ йыл йе схъис сæмбæлд. Йæ туджы мæцгæйæ ма йæ Цхуырбаты Вова æмæ Туаты Алан Вовайы зæронд «Москвич»-ыл куыддæрты æрластой рынчындонмæ, фæлæ йын дохтыртæ дæр ницыуал баххуыс кодтой, афтæмæй йе ‘взонг цард аскъуыдис. Вова æмæ Алан фæстæмæ ахæм æхстыты бын сыздæхтысты сæ тыхст æмбæлттæм.

Йæ ‘мбæлтты ныхæстæм гæсгæ взводы коман-дир Гуыбаты Зураб уыд тынг хъæбатыр æмæ ныфсхаст. Арæх-иу рахызт знæгтæм æргомæй æмæ-иу сæ афтæмæй æхста. Раст афтæмæй сæмбæлд знаджы нæмыг йæ сæрыл æмæ дæ балгъитæг дæр афтæ фæуæд. Зураб уый размæ цард Красноярскы, ахуыр кодта юридикон факультеты, уыдис ын цардæмбал æмæ иу чызг. Фæлæ йæ Райгуырæн бæстæ тыхст уавæры куы бахаудта, уæд Уæрæсейы зæххыл ныууагъта йæ ифтонг цард æмæ æрыздæхт йæ уарзон Цхинвалмæ, цыран ссардта йæ мæлæт дæр. Лæппутæ, сæ командиры фесафгæйæ, æнхъæлмæ кастысты горæтæй æххуысмæ æмæ афтæмæй изæрмæ аккаг ныхкъуырд дæттой знагæн, фæлæ сæ хæстон æрмæджытæ фесты. Знаг дзуаппон æхстытæ куынæуал хъуыста, уæд бамбæрста, нæмыг сæм кæй нал баззад, уый. Уæд знаг фæзынд цыппар БМП-ыл, кæцытæй дыууæ æрбацыд Гуры ‘рдыгæй æмæ дыууæ та – Присы ‘рдыгæй. Сæ фæстæ та цыдысты танкæтæ.

Багаты Рудольфы ныхæстæм гæсгæ знаджы сармадзаны нæмгуытæ æмбæлдысты, взводы лæппутæ кæм æмбæхстысты, ууыл – ТЭК-ы профилакторийы къултыл æмæ сæ хуынчъытæ кодтой. «Удæгасæй аирвæзыны ныфс нæ нал уыдис, æрмæст ма æнхъæлмæ кастыстæм исты диссаджы хабар æрцæуынмæ. Æз ме ‘мбæлттæн загътон, зæгъын, кæд удæгасæй аирвæзæм, уæд мах цæрæнбонты хъуамæ уæм æфсымæртæ», – æнкъардæй æрымысыд Рудольф уыцы боны æрцæугæ æвирхъау цаутæ.

Уæдмæ, æцæгæйдæр, æрцыд диссаг: гуырдзигæтæ сæ БМП-тæй иуы кæд фенхъæлдтой ирæтты æмæ йæ алырдыгæй æхсын райдыдтой. Уæд лæппутæ аскъуыддзаг кодтой сæ акъоппытæй ралидзын æмæ алырдæм дыгæйттæ æмæ æртыгæйттæй апырх сты. Фæлæ алидзын алкæйы бон не ссис. Посты баззадысты Харебаты Вова, Санахъоты Гришик æмæ Сабанты Виктор. Сиукъаты Таймураз æмæ Харебаты Вова бамбæхстысты профилакторийы артгæнæны æмæ се ‘мбæлттæ куыд алыгъдысты, уый нæ федтой. Æнæхъæн æхсæв баззадысты уым æмæ сæ райсомæй  æнæнхъæлæджы ссардта, чи фæдзæгъæл, иу ахæм гуырдзиаг. Цалдæр секунды, кæрæдзимæ кæсгæйæ, аззадысты, стæй гуырдзиаг фæхъæр кодта, зæгъгæ, баххуыс мын кæнут, мæнæ ирæттæ. Уæд Сиукъаты Таймуразы бахъуыд йæ фехсыны сæр, уыцы уавæрæй  спайда кодтой æмæ алыгъдысты. Гуырдзиæгтæ сæ куы фæхатыдысты, уæд сæ фæстейæ БМП-йыл расырдтой, фæлæ уыдон уæлмæрды æрæмбæхстысты. Æрмæстдæр  горæты æркаст Сиукъаты Таймураз йæ къахмæ æмæ федта, йæ дзабыр тугæй кæй байдзаг, фыртыхстæй нæ фæхатыд, кæй фæцæф, уый.

Сабанты Виктор æртæ боны баззад йе ‘мбæхсæны æнæ дон, æнæ хæлц æмæ нæмгуытæй. Уырдыгæй рахизгæйæ, бауадзыг æмæ йæ афтæмæй æрдæгмардæй гуырдзиæгтæ амынæты акодтой. Знæгтæ йын фæкодтой алы фыдмитæ, йæ къæхты ныхтæ йын раскъуыдтой æмæ йæ афтæмæй гуырдзиаг амынæтыл баивтой. Сырдон æгъдауæй амардтой Санахъоты Гришикы. Йе ‘взонг буарыл ахæм бынат нал баззад, уый æхст æмæ фыднад цыран нæ уыд, фæлæ уæддæр Ирыстоны хъайтар худинаджы мæлæт йæ сæрмæ не схаста æмæ фæстаг сулæфты онг дæр хъæр кодта: «Æз ирон дæн!», зæгъгæ.

Ахæм мæлæт æнхъæлмæ каст иннæ лæппутæм дæр, куынæ раирвæзтаиккой, уæд. Знаг ТЭК-ы кæй байста, уымæй горæты цæрджытæн уыд уæззау фæстиуджытæ. Цхинвалы комкоммæ æхсын райдыдтой минæхсæнтæ æмæ егъаукалиброн хæцæнгæрзтæй. Сабыр цæрджыты ‘хсæн уыд бирæ уды зиæнттæ, лигъдæтты нымæц бонæй-бон фылдæр кодта æмæ сæ нымæц ахызт 10 мин адæймагæй фылдæрмæ. Фæцæфтæ сты дæсгай адæймæгтæ.

Мæлæты дзæмбытæй кæцы лæппутæ раирвæзтысты, уыдон уый фæстæ дæр лæууыдысты постыты æмæ афтæмæй тох кодтой Ирыстоны сæрибардзинад æмæ хæдбардзинадыл, хайад истой 2004-2008 азты хæстыты дæр. Ацы лæппутæй ма бирæтæ цалдæргай азты дæргъы бакуыстой Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды, фæлæ абон сты пенсийы. Мулдарты Александр та цæрынмæ ацыд Санкт-Петербургмæ, æркодта цардæмбал æмæ сын ис дыууæ чызджы.

2013 азы 14-æм июны 1992 азы Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды фæмардуæвæг лæппуты номыл баконд æрцыд Обелиск. Обелискы официалонæй бакæныны церемонимæ æрбацыдысты, мæлæты дзæмбытæй чи раирвæзтысты, уыцы лæппутæ дæр æмæ сæрныллæгæй «рухсаг ут» загътой се ‘дзард æмгæрттæн. Афтæ у æмæ уыдзæн нырæй фæстæмæ дæр, цæмæй сын сæ хъайтардзинæдтимæ зонгæ кæной Ирыстоны суинаг фæлтæртæ. Афтæ куынæ уа, уæд фидæны фæлтæртæ нæ зондзысты, сæ райгуырæн Ирыстоны зæххыл нæ цæрæнбонты цыфыддæр знæгтæ туджы зæйтæ цалдæр хатты кæй рауагътой, уый. Уадз, уыдон зонæт Ирыстонæн знаг æмæ хæлар чи у, уый…

ДЖИОТЫ Екатерина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.