1991 азы тугæйдзаг Цыппурсæй ныр кæд 30 азы рацыд, уæддæр хуссарирыстойнаг адæмæй никуы ферох уыдзæн, уыцы трагикон бон. Гуырдзыстоны фашистон къухдариуæгад æмæхсæвæджы Цхинвалмæ сусæгæй æрбакодта йæ милици, национ гвардийы дæлхæйтты, афтæ ма милицийы формæ кæуыл скодтой, уыцы гуырдзиаг боевикты æмæ Хуссар Ирыстон бацахсыны тыххæй уый размæ сæрмагондæй амнисти кæмæн расидтысты, уыцы ахæстты æмæ наркоманты. Уыдон уыдысты 6 мин адæймаджы бæрц, хæстон техникæимæ, кæцытæ райдыдтой ирæтты марын æмæ сын хъизæмæрттæ æвзарын кæнын.

Республикæйы уыдысты Советон Цæдисы Мидхъуыддæгты министрады батальон æмæ специалон дæлхай инæлæрттæ Малюшкин æмæ   Вороновы командæкæнынадæй. Ног азмæ æввахс уавæр фæкарздæр, арæхдæр райдыдтой æхсын, транспорт уромын æмæ цæрджытæн хъизæмар кæнын. Малюшкин æмæ Вороновы дæлхæйттæ кæд сæхи нейтралонæй æвдыстой, уæддæр адæмы цыдæр ныфс уыд, Цхинвалы кæй уæвынад кодтой, уымæй. Уæд чи ахъуыды кодтаид, 1991 азы 5 январæй 6 январмæ æхсæвы уыдон сусæгæй сæ постытæ сисдзысты, ууыл. Афтæмæй уыдон Цхинвалмæ æрба-уагътой гуырдзиаг «милиционерты». Кæй зæгъын æй хъæуы, инæлар Малюшкин ахæм уынаффæ йæхæдæг нæ райстаид, фæлæ уый хæсджын уыд, цæмæй бафæдзæхстаид Хуссар Ирыстоны къухдариуæгады. Афтæ куы сарæзтаид, уæд ын абоны онг дæр цхинвайлæгтæ арфæ кæниккой, Востриковæн куыд арфæ кæнынц, афтæ. Фæлæ уырыссаг инæлары хуссарирыстойнæгтæ абоны онг дæр хъуыды кæнынц, куыд гадзрахатæй рацæуæг, афтæ.

Райгуырæн бæстæ хъахъхъæдтой хуссар-ирыстойнаг мингай адæймæгтæ. Уыдоны нымæцы уыдысты Къуыдаргомы лæппутæ дæр, кæцытæ хицæн кодтой сæ хъæбатырдзинадæй, цыфæнды рæстæджы дæр цæттæ уыдысты Цхинвал хъахъхъæнджытæм æххуысмæ фæзынынмæ. Гуырдзиаг фашизмы ныхмæ активондæр тохгæнджытæй сæ иу у Къуайсайы цæрæг Зассеты Владимир. Уый нын радзырдта йæ мысинæгтæ, уыцы уæззау рæстæджыты тыххæй.  «Цхинвалы оккупацийы  æмæ хæстон архайдтыты райдианы тыххæй базыдтой Къуайсайы дæр. 7-æм январы фæсивæд æрæмбырд сты штабы, мæн тагъдыл арвыстой Цæгат Ирыстонмæ хæцæнгарз самал кæныны тыххæй. 8-æм январы изæры базыдтон, Хуыгаты Резо Къуайсамæ кæй арвыста, цæмæй Къуыдаргомы бархионтæ тагъдыл æрцæуой Цхинвалмæ. 9-æм январы къуайсайæгтæ Зары фæндагыл æрцыдысты Цхинвалмæ. Се ‘рцыды тыххæй уайтагъд базыдтой горæты æмæ нæм дыккаг бон цæуын райдыдтой бархионты къордты лидертæй иуæй-иутæ æмæ дæргъвæтин рæстæджы Къуайсайы чи куыста, уыцы цхинвайлæгтæ. Уыдон уыдысты Тедеты Атарбег, Джыгкайты Славик, Плиты Феликс, Джиоты Владик (Душман), Джиоты Шамиль, Плиты Батрадз, Хуыгаты Ботаз, Зассеты Вова (Карлос) æмæ Челехсаты Хъазбег.

Къуайсайаг бархионты фылдæр хай уыцы æхсæв слæууыдысты постыты. Иууыл иумæ уыдыстæм 83 адæймаджы. Нырма уал æрбынат кодтам Хъайтарты уынджы арæзтадон управленийы бæстыхайы æмæ нæ уый фæстæ та ракодтой скъола-интернаты бæстыхаймæ. Уырдæм цæугæйæ нæ фæрсты цыдысты 30 сывæллоны бæрц  æмæ хъæр кодтой, «Къуайсайæгтæ нæм æрцыдысты», зæгъгæ. Мах горæт не ссæрибар кодтам, фæлæ стыр моралон-психологон æххуыс кæй бакодтам, уый дызæрдыггаг нæу. Алы бон дæр нæм цыдысты горæты цæрджытæ, хастой нын хъарм уæлæдарæс æмæ хæлц.

20 январы къуайсайæгтæ тохвæлладæй ацыдысты горæтæй. Цасдæр рæстæджы фæстæ гуырдзиаг милиционертæ бамбæрстой, горæты оккупаци уромын сæ бон дарддæр кæй нæ бауыдзæн, уый. 27 январы гуырдзиаг бандитон къордтæ ацыдысты горæтæй æмæ райдыдтой позицион хæст, Цхинвал алырдыгæй æхсгæйæ. «Январы кæрон, гæрзифтонгдæрæй, немæ 200 хиа-разгæ РГД гранаттæ æмæ дыууæ голладжы рæмудзæн æрмæг рахæсгæйæ, мах дыккаг хатт æрцыдыстæм Цхинвалмæ. Уæд та уыдыстæм 54 бархионы. «Текстилы» районы лæппуты къорд нын радтой ног туристон автобус ЛАЗ. Уый уыд Цхинвалы автоколоннæйы æмæ ууыл ластой хæстонты постытæм».

Уæззау уавæр сæвзæрд Знауыры районы  Уелит æмæ Оконайы хъæуты дæр. Гуырдзиаг фашисттæ дыууæ танкыл мæстæй мардтой цæрджыты. «Нæ хæстонтæй сæ иу Коцты Юри (Чолар) уыд знауыраг, йæ хиуæттæ иууылдæр цардысты уым. Уый куы базыдта, æххуысмæ сæм 12 къуайсайаг лæппуйы, æмæ иу уыйбæрц та Пухаты Алиханы къордæй рацæуынц, уæд йæ цинæн кæрон нал уыд. Æрбынат кодтам Уелиты астæуккаг скъолайы бæстыхайы. Æрбацæуæн фæндагыл сæвæрдтам рæмудзæн æрмæг æмæ æнхъæлмæ кастыстæм æнæ-хонгæ «уазджытæм». Бирæ æнхъæлмæ кæсын нæ нæ бахъуыд, фæзынд иу танк, рæмудзæн æрмæг чи хъуамæ спырх кодтаид, уый телтыл фыртыхстæй æмгъуыдæй раздæр ныххæцыд æмæ танк не спырх. Уый хыгъд нын срæмыгъды фæстæ уайтагъд танк æхсын райдыдта нæ позицитæ. Уæдмæ фæзынд дыккаг танк дæр æмæ уый дæр райдыдта æхсын. Уæд нæм нæма уыд гранатæхсæнтæ, не ‘рцæттæ кодтам Молотовы коктейлтæ дæр, фæлæ сын уæддæр аккаг ныхкъуырд радтам. Гуырдзиаг танктæ дæр аздæхтысты æмæ уыцы бонæй фæс-тæмæ никуыуал æрбацыдысты.

15 февралы та мах ацыдыстæм Цхинвалæй. Æртыккаг хатт горæтмæ æрцыдыстæм 1992 азы зымæджы, хъыгагæн, уæд нæ рæнхъытæ фæкъаддæр сты, уыдыстæм ма 22 бархионæй. Цхинвал зын базонæн уыд иу азы фæстæ, афтид уынгтæ, горæты ма баззад тынг цъус цæрджытæ. Фыццаг рады бацыдыстæм хъахъхъæнынады штабмæ, кæцы уыд скъола-интернаты мидæггаг бæстыхайы, штабы хистæр уыд Тедеты Улифан. Куыд æрвылхатт, афтæ та ныл уæд дæр сæмбæлдысты цинимæ, нæ фенд æхсызгон уыд Улифанæн дæр. Бахæс нын кодтой Никозы здæхты Цхинвалы бахъахъ-хъæнын. Уыцы рæстæджы ма Цхинвалы, æвæццæгæн, баззадаид æдæппæтæй 200 хæстоны бæрц, уыдон уыдысты иууыл хъæбатырдæр лæппутæ æмæ сæ нæ хъæуы рох кæнын, уымæн æмæ уыдон бахъахъхъæдтой Цхинвал, цалынмæ 1992 азы июлы Фидауынгæнæг тыхтæ не ‘рбацыдысты, уæдмæ. Æрбынат кодтам Гафезы уынджы 17 корпусы 3-аг уæладзыджы. Уыцы бон 5 сахаты онг уыд сабыр, фæлæ уый фæстæ горæт æхсын райдыдтой алыгъуызон егъаукалиброн хæцæнгæрзтæй. Æхстытæ не ‘рсабыр сты суанг райсоммæ, æнæхъæн æхсæв мах дæр лæууыдыстæм æрдæгарæзт фондзуæладзыгон корпусы, кæцы ис горæты кæ-рон. Боныгон-иу иу чысыл афынæй кодтам æмæ та-иу æхсæвы слæууыдыстæм нæ постыты. Ахæм тыхджын æхстыты бын фес-тæм æнæхъæн дыууæ къуырийы дæргъы.

Иу изæр æз æмæ Тедеты Роланд нæхиуыл скодтам хъарм уæлæдарæс æмæ нæ фæндаг акодтам, нæ позици кæм уыд, уыцы бирæуæладзыгон корпусмæ. Йæ ныхмæ цы фондзуæладзыгон хæдзар уыд, уырдыгæй рахызтысты дыууæ æвзонг  лæппуйы æмæ тыххæйтты хастой АГС (фистæг æфсады ныхмæ гранатæхсæн). Уыдоны хъуыд дыууæ корпусы ‘хсæнты 30 метры бæрц гом бынаты ацæуын, кæцыйы знæгтæ  кодтой тыхджын æхст.  10 метры бæрц куы рацыдысты, уæд лæппутæ фæтыхстысты, цы сарæзтаиккой уымæн ницыуал зыдтой. Мæ карабин Роландмæ авæрдтон, балыгъдтæн лæппутæм, систон АГС æмæ не ‘ртæ дæр балыгъдыстæм хæдзармæ. Алы рудзынджы цур дæр лæууыдысты кæм 2-3 къуйсайаджы æмæ кæм та – бынæттон лæппутæ. Æрдæгæхсæвмæ æввахс нæм тæхæгау æрбакодта Тедеты Владимир (Вла), немæ сбыцæу, кæй не ‘хстам, уый тыххæй. Йæхæдæг рудзынгæй æхсын райдыдта Никозы ‘рдæм. Махæй ацы хъæуы ‘хсæн уыдаид 3 километры бæрц. Æз Влайæн куы бамбарын кодтон, зæгъын, дæ нæмгуытæ быдыры кæронмæ дæр нæ бахæццæ уыдзысты, уæд мæстыйæ æрбадт нæ цуры. Куы мæ бафарста, уæдæ ма ам нæхи цæмæн сийын кæнæм, зæгъгæ, уæд ын загътон, зæгъын, цæмæй горæт штурмæй исын куы райдайой, уæд æнæхонгæ уазджытыл аккагæй сæмбæлæм. Иу бон куы уыд, уæд фембæлдыстæм ТЭК сисыны фæдыл къордты цалдæр лидеримæ. ТЭК алкæмæн дæр уыд, хурхы стæг куыд ныффиар уа, афтæ.  Йæ сисыны тыххæй цалдæр бафæлвæрдæй ницы рауад, æнтыст нæ уыд. Мах уыдыстæм æрмæстдæр 11 адæймаджы. Уыцы 11 хæстонæй 7 уыдысты ТЭК сисыны æвварс, фæлæ сын куы бамбарын кодтон, зæгъын, махмæ цы хæцæнгæрзтæ ис, уыдонæй ницы бакæндзыстæм, уæд мемæ сразы сты.

Æртæ къуырийы фæстæ та мах бахъуыд Цхинвалæй ацæуын. Фæндагыл аскъуыддзаг кодтам 12 хæстонæй Тамарашены хъæуы сæрмæ гуырдзиаг позицитæм æввахс æрхизын. Къордæн дзуапп лæвæрдта Тедеты Атарбег, кæцыйы сконды уыдысты Хуыгаты Савели, Зассеты Маирбег, Хуыгаты Муслим, Гæджиты Валери, Теблойты Олег, Чехойты Инал, Цхуырбаты Темо æндæр къорды 4 хæстонимæ. Семæ рахастой 12 ракетæйы зæххуæлдæф (НУРС) хиаразгæ уадзæн ифтонгадимæ, АГС, пулемет æмæ æндæр хæцæнгæрзтæ. Къорды иннæ хай та нæ дыууæрдыгæй хъахъхъæдта. Фыццаг ракетæ фехста Зассеты Маирбег, фæлæ ракетæ зæххы ныфидар, иу хорз уыд æмæ не спырх. Уый фæстæ æнтыстджынæй фехстам 7-8 хатты, кæцытæ бахаудтой гуырдзиæгты позицимæ. Уыдон дæр нæ райдыдтой æхсын алы рæттæй. Нæ хæстон æрмæджытæ куы фесты, уæд тагъдыл ацыдыстæм æмæ нæ фæндаг адарддæр кодтам Зары фæндагыл. Фæлæ уæдмæ Тамарашены спиллон калдтой цалдæр хæдзары, хъуыстысты сæ тыхст хъæртæ. Æнафоны мах бахæццæ стæм Къуайсаймæ. Афтæ Къуыдаргомы лæппутæ дæр сæ хайбавæрд бахастой Ирыстоны сæрибардзинады сæрыл тохмæ», – йæ ныхас фæцис Зассеты Вало.

Зассейы фырты мысинæгтæм хъусгæйæ, та цæстыты раз, кинонывтау, слæууыдысты гуырдзиаг-ирон ныхмæлæуды цаутæ. Зæрдыл та æрлæууыд къуайсайаг лæппутæ Цхинвалмæ æххуысмæ куы фæзындысты, уæд цæрджыты зæрдæты стыр ныфс кæй бацыд æмæ куыд цин кодтой, уыцы хабæрттæ… 

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.