ХЪЕСАТЫ АСТАНЫ РАЙГУЫРДЫЛ  СÆХХÆСТ 105 АЗЫ

Хъесаты Астан райгуырд 1914 азы 11-æм сентябры горæт Дигорæйы зæхкусæг бинонты ‘хсæн. 1933 азы службæ кæнын райдыдта æфсæддон-денджызон флоты. 1937 азы каст фæцис М.Фрунзейы Номыл æфсæддон-денджызон ахуыргæнæндон. 1940 азы та – С.Кировы номыл донбындзог ленк кæныны Сырхтырысаджын ахуыргæнæн къорды командон курсы уæлдæр специалон курсытæ. Службæ кодта Сауденджызон флоты. 1941 азы марты мæйы Хъесайы фырт нысан æрцыд донбындзог нау М-117 – «Малютка»-йы командирæй. Ацы бынаты кусгæйæ, Хъесаты Астаны æрæййæфта Стыр Фыдыбæстæйон хæст дæр. Уый хайад иста горæттæ-хъайтартæ Одессæ æмæ Севастополы хъайтарон хъахъхъæнынады.

250 боны æмæ æххсæвы аххæссыд Севастополы хъахъхъæнынад. Уырдыгæй Хъесайы фырты «Малютка» цыд хæстон балцыты Сау денджызы, знаджы наутæ, торпедон цæфтæ кæнгæйæ, æмæ афтæмæй стыр хъайтардзинæдтæ æв-дисгæйæ. 1942 азы апрелы «М-117» Хъесаты Астаны командæкæнынады бын, «Констанца Одесса»-йы курсы уæв-гæйæ, сæмбæлд немыцаг транспортыл удæгас тыхтимæ, хæстон æрмæджытæ æмæ хæстон техникæимæ, кæцы цыд Севастополмæ. Уæндон æмæ æнæнхъæлæджы атакæйæ «М-117» дыууæ торпедойæ ныццавта фашистон науы, ацыд доны бынмæ æмæ йæхи бааууон кодта.

1942 азы майы мæйы Хъесайы фырты нау бацахста Севастополмæ æввахс Балаклавскы бухтæйы къулдуары хæстон позицитæ æмæ сæмбæлд уым фашистты конвойыл. Фыццаг торпедойæ ныццавта знаджы транспорт, кæцыйы хъахъхъæд-той 20 катеры. Немыцаг наутæ сæхи аппæрстой Хъесайы фырты донбындзог науы фæстæ æмæ йыл æрæппæрстой 105 бомбæйы, фæлæ Астаны фæлтæрддзинады фæрцы бомбæтæй иу дæр нæ бахаудта «Малютка»-мæ æмæ æнæфыдбылызæй æрбаздæхт Севастополмæ. 1943 азы 11 маймæ «М-117» сарæзта авд хæстон балцы, фæдæлдон кодта знаджы фондз транспорты æмæ дыууæ хæд-дзæугæ сыфцæй ласгæ науы (баржæйы). Хæсты рæстæджы Хъесайы фырт сарæзта цыппæрдæс хæстон балцы, ауагъта дæс торпедойон атакæйы, 17 торпедойы рауадзгæйæ.

1943 азы немыцаг-фашистон оккупанттæй ссæрибар кодтой йæ райгуырæн Дигорайы æмæ æппæт Ирыстоны. Астанæн лæвæрд æрцыд цыбырæмгъуыдон улæфт æмæ ацыд йæ райгуырæн бæстæмæ, цыран ыл сæмбæлдысты стыр цинимæ. Фæлæ йæ уарзон цардæмбал Валяйыл нæ сæмбæлд. Уый уыд партизанты къорды æмæ бахауд фашистты къухмæ. Валя бафæрæзта знæгты хъизæ-мæрттæн, æмæ ницахæм сусæгдзинæдтæ нæ раргом кодта. Уæд æй фашисттæ арвыстой го-рæт Прохладныйы концлагермæ æмæ уый фæстæ та Германмæ. Астан æрбаздæхт фронтмæ æмæ ногæй дæрæн кодта фашистты.

1943 азы Хъесаты Астан йæ «Малютка»-имæ хайад иста Новороссийск ссæрибар кæныныл тохты, Кавказы сæрыл уæлахизхæссæг тохты. Йæ алы хæстон балц дæр фæуд кодта знаджы наутæ скуынæг кæнынæй. Уый ссис торпедон хæсты снайпер, Сауденджызон флоты донбындзог науты хуыз-дæр командиртæй сæ иу. Йæ хæстон сгуыхтдзинæдты тыххæй йын фыста фронтон газет. 1944 азы 31-æм майы Хъесаты Астанæн лæвæрд æрцыд Советон Цæдисы хъайтары ном, Ленины орден æмæ йын «Сыгъзæрин Стъалы»-йы майдан ратгæйæ.

1944 азы июлы мæйы «М-117» хорзæхджын æрцыд Сырх Тырысайы орденæй. 1944 азы уый хайад иста Севастополь, Хъырым, Одессæ, Украинæ, Румын, Болгарийы ссæрибар кæныны сæрыл тохты. Хъырым ссæрибар кæныны фæстæ 1945 азы февралы мæйæ Хъесайы фырт уыд Сочийы рейдты хъахъхъæныны командир, уыцы иурæстæджы ма уыд Сочийы хистæр денджызон сæргълæууæг. Уым сæмбæлд Уæлахизы боныл дæр.

Хæсты фæстæ йæм Севастополмæ æрцыд йæ цардæмбал Валя. Тыххæйты йæ къæхтыл лæууыд, афтæмæй йæ рынчынæй ссæрибар кодтой советон æфсæдтæ. Хæсты фæстæ Хъесайы фырт йе службæ адарддæр кодта Æфсæддон-денджызон флоты. 1953 азы каст фæцис К. Ворошиловы номыл Æфсæддон-денджызон академи. 1953 азы ноябрæй 1958 азы декабры онг уыд 2-æм уæлдæр æфсæддон-денджызон ахуыргæнæндоны кафедрæйы хистæр. 1958 азы январæй 1970 азы июны онг куыста Севастополы уæлдæр æфсæддон-денджызон инженерон ахуыргæнæндоны кафедрæйы хистæрæй.

Хъесаты Астан йæ цардæй ахицæн 1977 азы 15-æм январы. Ныгæд æрцыд Севастополы Коммунарты уæлмæрды. Йæ портрет конд у Фрунзейы номыл æфсæддон-денджызон ахуыргæнæндоны «хъайтарты къæлидоры». Йæ номыл уынгтæ ис Дзæджыхъæуы, Дигорайы, Севастополы. Ирыстон сæрыстыр у йæ кадджын фыртæй. Фыст ыл æрцыд хъайтарон зарæг.

Æрмæг бацæттæ кодта

ЧЕРТХЪОТЫ Жаннæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.