ХАЙАД РАЙСТА ЦЫТДЖЫН МАДЗÆЛТТЫ

Владимир Путин хайад райста, Уæрæсейыл саргъауыны боныл 1030 азы кæй сæххæст, уый сæраппонд цытджын мадзæлтты. Уый æрбацыд Аргъуанон (Соборный) фæзуатмæ æмæ стæй Мæскуыйаг æмæ æппæт Уæрæсейы патриарх Кирилл æмæ Александрийаг æмæ æппæт Африкæйы патриарх Феодор II-мæ ацыд Владимиры цырты цурмæ. Бæрæгбонон мадзæлтты хайад райстой мингай уырнонтæ, уыцы нымæцы алы бæстæты чырыстон аргъуанты сæргълæуджытæ.

БАНЫСАН КОДТОЙ ÆФСÆДДОН-ДЕНДЖЫЗОН ФЛОТЫ БОН

Уæрæсейы июлы фæстаг хуыцаубоны нысан фæцæуы Æфсæддон-денджызон флоты бон. Фыццаг хатт сæйраг æфсæддон-денджызон парад уагъд æрцыд Санкт-Петербурджы 2017 азы, кæцы ныр нысан цæудзæн æрвылаз дæр. Бæрæгбоны цытæн УФ-йы Президент Владимир Путин цытджын химæрайсты рæстæджы банысан кодта, зæгъгæ, бæстæйы Æфсæддон-денджызон флот дарддæр фидардæр кæндзæн æмæ рæздзæн. Президенты ныхæстæм гæсгæ, флоты эффективондзинад у бæстæйы хъахъхъæнынады ахсджиагдæр хай. Путин хайад райста бæрæгбоны цытæн Санкт-Петербурджы цытджын мадзæлтты. Дмитри Медведев та уыд Севастополы. Парадты хайад райстой дæсгай æфсæддон наутæ æмæ субмаринтæ, афтæ ма æфсæддон-денджызон авиацийы тæхæг аппараттæ æмæ æндæр техникæ.

РАХАСТОЙ СЫН МÆЛÆТЫ ТÆРХОН

Египеты тæрхондон мæлæты тæрхон рахаста «Братья-мусульмане»-йы змæлды 75 хайадисæгæн, уыцы нымæцы змæлды къухдариуæггæнджытæн дæр. Къорды уæнгты аххосджынтыл банымадтой 2013 азы демонстрациты æмæ змæстыты тыххæй хъуыддаджы фæдыл. Ныр Каиры тæрхондоны уынаффæ арвитдзысты уæлдæр муфтимæ сфидар кæнынмæ. 8-æм сентябрмæ тæрхон рахæсдзысты ноджы 660 адæймагмæ ахасты. Уыдоны фæаххосджын кæндзысты фыдракæндты æнæхъæн къорды. «Братья-мусульмане» æмæ сæ кандидат Египеты хицауадмæ æрцыдысты 2012 азы, Хосни Мубаракы куы раппæрстой, уый фæстæ. Фæлæ 2013 азы, июлы æфсæддонтæ ныртæккæйы президент Абдель Фаттах ас-Сисийы сæргълæудæй хицауадæй раппæрстой Мурсийы. Барадхъахъхъæнæг органты кусджытыл атакæты серийы æмæ ралæудтыты тыххæй тæрхондон бар нал радта «Братья-мусульмане»-йы цахæмфæнды архайдæн дæр æмæ парти та расидт æрцыд террористоныл.

ХОРЗЫЛ ÆЙ БАНЫМАДТОЙ

УФ-йы Федерацийы Совет сратификаци кодта Фæсбайкалы крайы сыгъзæринæрзæтгуырæн бынат Китайимæ иумæ бакусыны тыххæй сразыдзинад. Ацы сразыдзинадмæ гæсгæ компани China National Gold Group (Гонконг) компанийæн йæ бон суыдзæн æхгæд акционерон æхсæнад «Рудник “Западная – Ключи”-йы акциты 60 процентæй 70проценты онг балхæнын. Документы хынцыд æрцыд, зæгъгæ,  уæрæсейаг ифтонгады хай, кæцыйæ спайда кæндзысты сыгъзæрингуырæн бынат бакусыны рæстæджы 40 процентæй къаддæр, æмæ уæрæсейаг кусджыты нымæц та  50 процентæй къаддæр ма хъуамæ уа. Сыгъзæрингуырæн бынаты рæзты планмæ гæсгæ хынцыд æрцыд китайаг инвестициты 500 милуан доллары. План цæуы азы мидæг 12 милуан тоннæйы æрзæт къахын  æмæ 6 тоннæйы сыгъзæрин бакусын.

ЙÆ ЦАРДÆЙ АХИЦÆН ЗЫНГÆ ФЫССÆГ

85-аздзыдæй йæ цардæй ахицæн советон æмæ уæрæсейаг фыссæг Владимир Войнович. Уый амард зæрдæнизæй. Райгуырд Душанбейы журналисты бинонты ‘хсæн. 1960 азы  уыд адæймаджы барты фæдыл активон хайадисæг, уый тыххæй 1980 азы æрвыст æрцыд Советон Цæдисæй. Æрмæстдæр дæс азы фæстæ сæндидзын кодтой Войновичæн советон æмбæстагдзинад æмæ уымæн йæ бон ссис фæстæмæ бæстæмæ æрбаздæхын. 2000 азы хорзæхджын æрцыд УФ-йы Паддзахадон премийæ йæ роман «Монументальная пропаганда»-йы тыххæй. 2002 азы та райста Д.Сахаровы преми «За гражданское мужество писателя» тыххæй. Войновичы иууыл зынгæдæр уацмыс ссис Иван Чонкины тыххæй трилоги «Жизнь и необычайные приключения солдата Ивана Чонкина», кæцыйы ныффыста 1969-1975 азты. Романы дыууæ хатты равдыстой экраныл – 2002 азы фильмы хуызы æмæ 1994 азы та – сериалы хуызы. Йæ зынгæ уацмысты ‘хсæн ма сты «Москва 2042», «Шапка», кæцымæ гæсгæ ист æрцыд фильм «Два товарища», Солженицыны тыххæй чиныг «Портрет на фоне мифа». Уымæй дарддæр ма уый у 40 зарæгæй фылдæры автор.

ХОРЗЫЛ ÆЙ БАНЫМАДТА

Сабаты, 28-æм июлы уалдзыгон сессийы фæстаг рабадты Федерацийы Совет хорзыл банымадта коррупцийы ныхмæ закъæтты пакет, кæцыты æрбавдыста УФ-йы Президент Владимир Путин. Сæрмагондæй, хынцыд цæуы, зæгъгæ, чиновникы хæрдзты фæдыл контроль кæныны рæстæджы уый  йæ куыстæй куы ацæуа, уæд æрмæджытæ æрвыст цæуынц прокуратурæйы органтæм. Уымæй дарддæр ма, фидар цæуы дисциплинарон бæрндзинадмæ æркæныны фæхуымæтæгдæр фæтк.

ФÆЦИС УАЛДЗЫГОН СЕССИ

Сабаты, 28-æм июлы фæцис Федерацийы Советы уалдзыгон сесси, сенаторты иу хай цæуы улæфты. Уæлдæр палатæ пленарон куыстмæ æрæвналдзæн сентябры. Валентина Матвиенко зæрдыл æрлæууын кодта, зæгъгæ, Уæлдæр палатæ сессийы райста 343 федералон закъоны.

БАРТХЪИРÆН СÆМ КОДТА

Америкæйаг хицауады куыст урæд æрцæудзæн, демократтæ арæнты æдасдзинады фæдыл, уыцы нымæцы Мексикæимæ арæныл къул саразыны фæдыл куынæ схъæлæс кæной, уæд. Уый тыххæй Твиттеры ныффыста АИШ-ы президент Дональд Трамп. Урс  хæдзары хицау радон хатт скритикæ кодта АИШ-ы миграцион политикæйы. Трампы ныхæстæм гæсгæ, Америкæмæ хъуамæ цæуой æрмæстдæр зынгæ адæймæгтæ. Мексикæйæгтæн сæхи хардзæй Мексикæимæ арæныл къулы арæзтад уыд Трампы æвзæрстыты агъоммæйы  сæйрагдæр ныфсбавæрдтытæй сæ иу. Фæлæ Мексикæ не сразы къулы арæзтады тыххæй бафидыныл.

ÆНАМОНД ЦАУ

Индийы Махараштрайы штаты Райгады зылды хæххон фæндагæй коммæ ахауд автобус, кæцыйы фæстиуæгæн фæмард сты 30 адæймаджы, уыцы нымæцы студенттæ дæр.

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.