Уæлахизы бон у Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты лæгдзинад æмæ сгуыхтдзинады бон, намыс æмæ хорз миниуджыты символы бон. Стыр Фыдыбæстæйон хæст уыд тугуарæн æмæ цардхалæг хæст. Хæсты хъайтарон азфысты фæрстæм сæ аккаг хайбавæрд бахастой не ‘мзæххонтæ, скифтæ æмæ аланты фæдонтæ. 120 минæй фылдæр ироны тох кодтой Фыдыбæстæйон хæсты быдыры, хъыгагæн, уыдонæй бирæтæ нал æрыздæхтысты уырдыгæй сæрæгасæй. 60 минæй фылдæр хорзæхджын æрцыдысты ордентæ æмæ майдантæй. 34 ирон хæстонæн та лæвæрд æрцыд бæрзонд хорзæх – Советон Цæдисы хъайтары ном.

Уыцы зындгонд хъайтартæй сæ иу – Хъоцыты Къостайы номыл Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизыл 75 азы сæххæсты цытæн 9 майы нæ горæты 2-æм астæуккаг скъолайы кæрты байгом цырт.

Мадзалмæ æрбацыдысты бæстæйы бæрнон кусджытæ Президент Бибылты Анатолийы сæргълæудæй, Ветеранты советы минæвæрттæ, скъолайы раздæры рауагъдонтæ. Скъолайы кæрты бæстæйы къухдариуæгадыл сæмбæлдысты ирон æгъдаумæ гæсгæ – æртæ уæлибых æмæ дзаггарзимæ.

– Зынаргъ Сталиниры цæрджытæ, нæ фыдæлты сгуыхтдзинад цæрæнбонтæм баззайдзæн нæ зæрдæты æмæ йæ фæрнæй хæсдзыстæм фæлтæрæй фæлтæрмæ. Абон мах сæрыстырдзинадæй сæрыстыр уыдзысты нæ фидæны фæлтæртæ дæр, –  дзырдта Президент.

Бæстæйы сæргълæууæг йæ ныхасы банысан кодта, Фыдыбæстæйы абоны æмæ зноны хъахъхъæнджытæ æнгом баст кæй сты. Нæ цытджын ветерантæ цы хъæбатытырдзинад æмæ сæрыстырдзинадæй уыдысты хайджын, уыдон рахастой ныры фæлтæр æмæ йæ равдыстой хуссарирыстойнаг фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы. Равдыстой, фашизмы ныхмæ тохгæнæг Сырх Æфсады хъæбатырдзинад. Æрмæстдæр уыцы удыхъæд абон махæн фадат дæтты дарддæр нæ рæзгæ фæлтæры уыцы удуæлдайдзинад æмæ патриотизмы æнкъарæнтыл хъомыл кæнынæн. 

«Мах сæрыстыр стæм уымæй, кæй нæ дих кæнæм хъайтарты нацимæ гæсгæ, сæрыстыр стæм уымæй дæр, кæй сæндидзын кодтам Советон Цæдисы хъайтар Беруашвилийы цырт. Сæрыстыр стæм ноджы уымæй, æмæ нæ республикæйы алы къуымты кæй ис цыртытæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветерантæн. Уыдон æмбæлон уагыл сты æмæ сæм æмбæлон ахаст ис махæрдыгæй. Уый у нæ адæмы бузныджы нысан ветерантæн, æмæ æнустæм дарддæр кæн-дзæн»,- дзырдта бæстæйы сæргълæууæг.

Бузныг загъта, хъайтар Хъоцыты Къостайы номыл цырт аразыны æмæ гом кæныны æхсызгон хъуыддагмæ йæ æгæрон хайбавæрд чи бахаста, уыдонæн. Ацы ахуыргæнæн уагдоны цы ахуыргæнинæгтæ ахуыр кæнынц, уыдонæн ацы хæрзиуæгон хъуыддаг уыдзæн хорз дæнцæгæн. Æмæ æрмæст ацы хъайтары биографи нæ ахуыр кæндзысты, фæлæ  Фыдыбæстæйон хæсты  хъæбатырты биографитæ дæр.

Президент ма дзырдта, зæгъгæ, хъыгагæн, ихсийынц ветеранты рæнхъытæ. 9 майы агъоммæ цы ветерантæн арфæ кодтам, сæрмагонд чысыл æфсæддон парадтæ кæй номыл уагъд цыдысты, уыдонæй уæлахизы боныл нал сæмбæлдысты дыууæйæ – Кокойты Григори æмæ Джергаты Уасил.

Бæстæйы сæргълæууæг бахатыд мадзалы хайадисджытæм, уыдоны рухс номы цытæн, æмырæй алæугæйæ, иннæ ветеранты рухс нæмттæ дæр ссарыны тыххæй.

Æфсæддон зарæг «Вечер на рейде» мадзалы рæстæджы сæххæст кодтой Ольга Михайлиди æмæ скъолайы рауагъдон Дзабиты Алена.

Дыккæгæм гвардион скъолайы директор Ольга Михайлиди дзырдта, ацы скъола Советон Цæдисы хъайтар Хъоцыты Къостайы ном кæй хæссы 1957 азæй фæстæмæ. Къостайы хо Лидæ ацы скъолайы нырма ахуыр кодта æмæ дзы уый фæстæ та ахуыргæнæгæй куыста.

Мадзалы хайад райстой Хъоцыты Къостайы хиуæттæ. Ольга Михайлиди йæхæдæг дæр у ацы бинонты иу хай. Ном дæр хæссы Къостайы мады, йæ æнайы хо Ольгæйы ном.

Дарддæр уый æрæмбырдуæвджыты ба-зонгæ кодта, астæуккаг скъола цы хъайтары ном хæссы, уый сæнусон кæныны цытæн цы куыст конд цыд, уый тыххæй.

«Ацы уæззау рæстæг махæн ахсджиаг уыд 9 майы Уæлахизы бон банысан кæнын. Уынаффæ рахастам Хъоцыты Къостайы цырт скъолайы кæрты сæвæрыны тыххæй. Ацы цырт дæр уыд Хъайтарты Аллейæйы, фæлæ гуырдзиаг фашистты къухæй æф-хæрд баййæфта 1990 азы. Уый фæстæ бирæ рæстæг æвæрд уыд Нывгæнджыты цæдисы бæстыхайы. Йæ реставрацийыл ба-куыста нывгæнæг Цхуырбаты Тамерлан»,- дзырдта директор.

Бузныг загъта, ацы цырт æмбæлон уагмæ æркæныны хъуыддаджы йæ фарсмæ чи балæууыд, уыдонæн: Генералон прокуроры хæдивæг Битеты Сергейæн, горæты администрацийы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады къухдариуæггæнæг Хъотайты Ала-нæн, йе ‘мкусæг, скъолайы рауагъдон Козаты Аланæн, депутат Уырыгаты Иналæн, Паддзахадон хъахъхъæнынады службæйы сæргълæууæг Бибылты Ацæмæзæн, Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Мидхъуыддæгты министрады иумиаг Информацион-координацион центры къухдариуæггæнæг Болататы Аланæн, ныййарджытæй Давид Миндиашвилийæн.

Ольга Михайлиди æмæ Хъоцыты Къостайы хойы лæппу Чилæхсаты Алан цытджын уавæрты байгом кодтой, хæсты быдыры стыр хъæбатырдзинæдтæ чи ‘вдыста, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты уыцы хъайтар Хъоцыты Къостайы цырт.

Хъоцыты мыггаджы номæй мадзалы раныхас кодта Хъоцыты Альвери. Уый загъта, зæгъгæ, ирæттæ Фыдыбæстæйон хæсты тох кодтой куыд зæххыл, уæлдæфы, доны, афтæ доны бын дæр. 34 хъайтарæй 8 уыдысты хæдтæхæгскъæрджытæ, 24 фистæгæфсады хъайтартæ æмæ 2 та – денджызон флоты хъайтартæ. Хъоцыты Къоста уыд денджызон флоты хъайтар æмæ цæгатирыстойнаг Хъесайы фырт та тох кодта денджызы бын. Хæсты рæстæджы немыцаг æфсад хæдтæхæгскъæрæг Цоциты Васяйæ куыд тарстысты: «Ахтунг, ахтунг, Чочиев в воздухе!», афтæ Хъоцыты лæппуйы тыххæй та денджызон флот фæдзæхстой, зæгъгæ, «Осторожно, вблизи Кочиев». Афтæ хæсты фæстæ азты мыхуыр цыдысты Хъоцыты лæппуйы хъæбатырдзинæдтæ.

Советон Цæдисы хъайтар Хъоцыты Къостайы ном хæссынц хъайтар горæттæ Севастополы, Сталиниры æмæ Дзауы поселочы уынгтæй сæ иутæ. Цыртытæ æвæрд ын ис Севастополы денджызон науты музейы, нæ горæты Хъæбатырты Аллейæйы æмæ йæ райгуырæн хъæу Тъонтъобеты. Цыппæрæм цырт та йын æвæрд æрцыд 2-æм скъолайы кæрты. Уый тыххæй бузныг загъта йæ организатортæн, скъолайы директор Ольга Михайлидийы номæй, кæй кад кæнынц ветеранты хъæбатырдзинад æмæ сгуыхтдзинæдтæн. Уыцы хъуыддæгтыл кæй цалх кæнынц æмæ хъомыл кæнынц рæзгæ фæлтæры дæр.

Мадзалы хайадисджытæ Президент Бибылты Анатолийы сæргълæудæй хъайтары кадæн  дидинджытæ сæвæрдтой цырты раз.

Цытджын мадзалы æмæ Стыр Уæлахизыл 75 азы сæххæсты цытæн скъолайы къухдариуæгад уыцы бон сорганизаци кодта быдырон къæбиц æмæ мадзалы хайадисджыты ахуыдтой уырдæм.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.